Ӕмбисӕндтӕ 10:1—32
10 Соломоны ӕмбисӕндтӕ+.
Зондджын фырт йӕ фыдӕн у зӕрдӕрухсы хос+, ӕнӕзонд фырт та йӕ мадӕн – масты хос+.
2 Фыдгӕнӕгӕн йӕ хӕзнатӕ нӕ баххуыс кӕндзысты+, рӕстдзинад та адӕймаджы мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн+.
3 Йегъовӕ рӕстгӕнӕджы ӕххормагӕй нӕ ныууадздзӕн+, фыдгӕнджыты фӕндон та нӕ сӕххӕст кӕндзӕн+.
4 Кусынмӕ зивӕг чи кӕны, уый уыдзӕн мӕгуыр+, куыстуарзаг та йӕ къухты фыдӕбонӕй схъӕздыг уыдзӕн+.
5 Ӕмбаргӕ фырт сӕрдыгон тыллӕг фефснайы, худинаггӕнӕг фырт та тыллӕгӕфснайӕн афон адджын фынӕй фӕкӕны+.
6 Рӕстгӕнӕг хайджын уыдзӕн хорздзинӕдтӕй+, фыдгӕнджытӕ та сӕ ныхӕстӕй ӕмбӕхсынц сӕ фыдвӕндтӕ+.
7 Рӕстгӕнӕгӕн йӕ ном дӕр арфӕйаг у+, фыдгӕнджытӕн та сӕ кой дӕр фесӕфдзӕн+.
8 Зӕрдӕйӕ зондджын чи у, уый фӕдзӕхстытӕм байхъусдзӕн+, ӕнӕзонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый та къӕхты бын ныккӕндзысты+.
9 Рӕстӕй чи цӕры*, уый цӕудзӕн ӕдас фӕндагыл+, йӕ фӕндӕгтӕ чи ныззылын кӕна, уый та йӕхи рахъӕр кӕндзӕн+.
10 Йӕ цӕст чи ӕрныкъулы, уый иннӕйы зӕрдӕ скъахдзӕн+, ӕнӕзонд ныхӕстӕ чи кӕны, уый та къӕхты бын ныккӕндзысты+.
11 Рӕстгӕнӕджы ныхас у царды суадон+, фыдгӕнджытӕ та сӕ ныхӕстӕй ӕмбӕхсынц сӕ фыдвӕндтӕ+.
12 Фыдзӕрдӕдзинад расайы загъд+, уарзондзинад та хатыр кӕны ӕппӕт рӕдыдтытӕ дӕр+.
13 Ӕмбаргӕ адӕймаджы дзыхӕй цӕуы зондджын ныхас+, уис та хъӕуы ӕнӕзонды* рагъӕн+.
14 Зондджынтӕ зонындзинӕдтӕ сӕ зӕрдӕйы хӕзнайау нывӕрынц+, ӕнӕзонды та йӕ дзых сӕфтмӕ кӕны+.
15 Хъӕздыгӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сты йӕ фидар горӕт+. Мӕгуырты та сӕ мӕгуырдзинад сӕфтмӕ кӕны+.
16 Рӕстгӕнӕджы йӕ хъуыддӕгтӕ кӕнынц цардмӕ+, фыдгӕнӕджы та йӕ фӕллӕйттӕ кӕнынц тӕригъӕдмӕ+.
17 Зондамындмӕ чи хъусы, уый иннӕты кӕны царды фӕндагыл*+, уайдзӕф чи ницӕмӕ дары, уый та иннӕты раст фӕндагӕй фӕхауӕггаг кӕны+.
18 Искӕмӕй йе сӕфт чи уыны, фӕлӕ йӕ чи ’мбӕхсы, уымӕн йӕ ныхӕстӕ сты мӕнг+, ӕмӕ иннӕты фыдкой чи кӕны, уый у ӕнӕзонд+.
19 Бирӕ чи дзуры, уымӕн ӕнӕфӕрӕдийгӕ нӕй+, йе ’взаджы рохтыл чи хӕцы, уый та у ӕмбаргӕ адӕймаг+.
20 Рӕстгӕнӕджы ныхас у ӕппӕты хуыздӕр ӕвзист+, фыдгӕнӕджы зӕрдӕ та аслам у+.
21 Рӕстгӕнӕджы ӕвзаг фыййауы хуызӕн хизы бирӕты+, ӕнӕзӕндтӕ та мӕлынц се ’нӕзонддзинады тыххӕй*+.
22 Йегъовӕйы арфӕдзинад адӕймаджы кӕны хъӕздыг+ ӕмӕ йемӕ маст нӕ хӕссы+.
23 Ӕнӕзондӕн хӕлд митӕ ирхӕфсӕнӕй уӕлдай не сты+, арфуынӕг адӕймаг та у зондджын+.
24 Фыдгӕнӕг цӕмӕй тӕрсы, уый йыл ӕрцӕудзӕн+, рӕстгӕнджытӕн та сӕ бӕллиц сӕххӕст уыдзӕн+.
25 Зилгӕдымгӕ куыд асыффытт кӕны, афтӕ ӕрбайсӕфы фыдгӕнӕг дӕр+, рӕстгӕнӕг та фидар бындурау лӕууы ӕнустӕм+.
26 Туаг сӕн дӕндӕгтӕн куыд у, фӕздӕг та – цӕстытӕн, афтӕ у зивӕггӕнаг, искуыдӕм ӕй чи ’рвиты, уыдонӕн+.
27 Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕн йӕ царды бонтыл бафтдзӕн+, фыдгӕнджытӕн та сӕ цард фӕцыбыр уыдзӕн+.
28 Рӕстгӕнджытӕн сӕ ныфс у цины хос+, фыдгӕнджытӕ та фӕфыдӕнхъӕл уыдзысты+.
29 Йегъовӕйы фӕндаг ӕнӕфау адӕймагӕн у фидар мӕсыг+, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны та кӕны сӕфтмӕ+.
30 Рӕстгӕнӕг ӕнустӕм нӕ фӕцуддзӕн+, фыдгӕнджытӕ та зӕххыл нӕ баззайдзысты+.
31 Рӕстгӕнӕджы дзыхӕй цӕуы зонд+, фыдӕвзаг та фесӕфдзӕн+.
32 Рӕстгӕнӕг йӕ дзыхы ныхасы фӕрцы ссардзӕн Хуыцауы хорзӕх*+, фыдгӕнӕгӕн та йӕ дзых нӕ бӕззы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «зӕрдӕ кӕмӕн нӕй, уый».
^ Кӕнӕ «уый ис царды фӕндагыл».
^ Комк. «зӕрдӕ сын кӕй нӕй, уый тыххӕй».
^ Хауы адӕмы хорзӕхмӕ дӕр.