Хъуыддӕгтӕ 26:1—32

26  Агриппӕ+ Павелӕн загъта: «Дӕ бон у дӕ сӕрыл дзурын». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта+ ӕмӕ дзурын райдыдта+:  «Паддзах Агриппӕ, дзуттӕгтӕ мӕ цӕмӕй аххосджын кӕнынц+, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй абон мӕ сӕрыл дӕ разы кӕй дзурдзынӕн, уый тыххӕй ӕз мӕхи амондджын хонын,  уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ+ ӕмӕ, цӕуыл быцӕу кӕнынц, уыдӕттӕ иууылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, байхъус мӕм.  Ӕз ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ Иерусалимы куыд цардтӕн+, уый дзуттӕгтӕ,  рагӕй мӕ чи зоны, уыдон иууылдӕр, хорз зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн дӕр ныллӕууын, ӕз кӕй уыдтӕн фарисей+ ӕмӕ нӕ дины тӕккӕ карздӕр къорды* ахуырӕдтӕм гӕсгӕ кӕй цардтӕн+.  Ӕмӕ ныр ӕз тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта+, ууыл мӕ ныфс кӕй дарын+, уый тыххӕй.  Афтӕмӕй та, уыцы ныхас кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр ӕмӕ уый тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц+. Дзуттӕгтӕ мӕ гъе уыцы ныфсы тыххӕй аххосджын кӕнынц+, паддзах.  Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый уӕ цӕуылнӕ уырны?+  Раст зӕгъгӕйӕ, ӕз дӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ тых, мӕ бонӕй кӕй хъуамӕ тох кӕнон назаретаг Йесойы ныхмӕ*. 10  Уӕвгӕ, афтӕ кӕнгӕ дӕр кодтон, Иерусалимы куы уыдтӕн, уӕд. Сауджынты хистӕртӕй бар райсгӕйӕ+, сыгъдӕджытӕй бирӕты ахӕстоны бакодтон+. Ӕмӕ-иу сын мӕлӕты тӕрхон куы хастой, уӕд-иу ӕз дӕр сӕ амарыныл схъӕлӕс кодтон. 11  Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕмбырдгӕнӕнты+, цӕмӕй сӕ дин ныууагътаиккой. Мӕ маст сӕм афтӕ тынг фыхти, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн ӕндӕр горӕтты дӕр. 12  Иуахӕмы уыцы хъуыддаджы фӕдыл араст дӕн Дамаскмӕ+, сауджынты хистӕртӕ мын радтой ӕппӕт бартӕ дӕр. 13  Ӕмӕ ӕмбисбон, о паддзах, ӕз фӕндагыл федтон хуры рухсӕй ирддӕр рухс – уыцы рухсӕй мӕн ӕмӕ ме ’мбӕлтты алыварс ныррухс+. 14  Иууылдӕр зӕххыл ӕрхаудтам, ӕмӕ ӕз фехъуыстон хъӕлӕс, дзырдта мӕм дзуттагау: „Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл? Зын дын у цыргъ хъилы* ныхмӕ бырсын!“+ 15  Уӕд ӕй ӕз бафарстон: „Чи дӕ, мӕ буц хицау?“ Уый мын загъта: „Ӕз дӕн Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый+. 16  Фӕлӕ ныр уӕлӕмӕ сыст+. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон лӕггадгӕнӕг ӕмӕ ӕвдисӕн+, цӕмӕй хъусын кӕнай, цы федтай ӕмӕ ма дын цы равдисдзынӕн мӕхи тыххӕй, ӕппӕт уыдӕттӕ. 17  Ӕз дӕ ирвӕзын кӕндзынӕн дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй дӕр – ӕз дӕ уыдонмӕ ӕрвитын+, 18  цӕмӕй сын сӕ цӕстытӕ байгом кӕнай+ ӕмӕ сӕ ракӕнай талынгӕй+ рухсмӕ+, Сайтаны уацарӕй+ – Хуыцаумӕ, ӕмӕ цӕмӕй, мӕныл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой+ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ+ иумӕ бынтӕ райсой“+. 19  Гъемӕ, паддзах Агриппӕ, ӕз бакодтон, уӕларвӕй чи уыд, уыцы цӕстылуайӕны цы фехъуыстон, уымӕ гӕсгӕ+. 20  Ӕмӕ уыцы хабар хъусын кодтон фыццаг Дамаскы+, уый фӕстӕ Иерусалимы+ ӕмӕ ӕгас Иудейӕйы, стӕй иннӕ адӕмтӕн+, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной, Хуыцаумӕ раздӕхой ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый хъуыддагӕй равдисой+. 21  Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй ӕрцахстой дзуттӕгтӕ кувӕндоны ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ+. 22  Фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта+, ӕмӕ уый фӕрцы абоны онг дӕр хъусын кӕнын хорз хабар хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Хъусын та кӕнын, Пехуымпартӕ+ ӕмӕ Моисей+ фидӕны хабӕртты тыххӕй цы дзырдтой, ӕрмӕстдӕр уый, 23  ома, Чырысти кӕй хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид+, мӕрдтӕй фыццаг кӕй хъуамӕ райгас уыдаид+ ӕмӕ дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн+ дӕр кӕй хъуамӕ хъусын кодтаид ӕмӕ сын рухс кӕй хъуамӕ хастаид»+. 24  Павел уыдӕттӕ куыд дзырдта, афтӕ Фест хъӕрӕй загъта: «Сӕрра дӕ+, Павел! Фырахуырӕй дӕ сӕрызонд фӕцыд!» 25  Фӕлӕ йын Павел загъта: «Нӕ, цытджын Фест, ӕз ӕрра не сдӕн. Ӕз дзурын, ӕцӕг цы у, уый, стӕй уыцы ныхӕсты ӕнӕзондӕй ницы ис. 26  Ӕз ацы хабӕртты тыххӕй паддзахӕн сӕрибарӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг дӕр хорз зоны. Мӕн фидарӕй уырны, паддзахӕй ацы хабӕрттӕй иу дӕр кӕй нӕ басусӕг, уымӕн ӕмӕ уый кӕмдӕр сусӕгӕй не ’рцыд+. 27  Паддзах Агриппӕ, Пехуымпартыл ӕууӕндыс? Зонын ӕй, кӕй сыл ӕууӕндыс»+. 28  Уӕд Агриппӕ Павелӕн загъта: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕнӕй дӕр чырыстон сараздзынӕ». 29  Павел та загъта: «Хуыцауӕй курын, цӕмӕй, бирӕ бахъӕуа ӕви гыццыл, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон се ’ппӕт дӕр суой мӕн хуызӕн, ӕрмӕст ӕнӕ ацы рӕхыстӕй». 30  Ӕмӕ уӕд паддзах сыстад, сыстадысты бӕстӕйы хицау ӕмӕ Вереникӕ, стӕй, семӕ чи бадти, уыдон дӕр. 31  Ӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг ахӕмӕй ницы сарӕзта, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахӕссой+ кӕнӕ йӕ ахӕстоны бакӕной». 32  Агриппӕ та Фестӕн загъта: «Ацы адӕймаг Ромы паддзахы тӕрхон куы не ’рдомдтаид+, уӕд ӕй уыдаид рауадзӕн».

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сектӕйы».
Комк. «Йесойы номы ныхмӕ».
Ома, фос кӕмӕй тардтой, ахӕм даргъ хъил.