Хъуыддӕгтӕ 24:1—27
24 Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд хистӕр сауджын Анани+ цалдӕр хистӕр лӕгимӕ ӕмӕ дзырдарӕхст лӕг Тертуллимӕ, ӕмӕ Павелы тыххӕй сӕ хъаст+ бӕстӕйы хицаумӕ+ бахастой.
2 Тертуллӕн дзурыны бар куы радтой, уӕд райдыдта Павелы аххосджын кӕнын ӕмӕ загъта:
«Цытджын+ Феликс, дӕ фӕрцы фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй цӕрӕм+, ӕмӕ дӕ зондджын разамынды руаджы ацы адӕмы ’хсӕн ивындзинӕдтӕ цӕуы,
3 ӕмӕ дӕ уыдӕтты тыххӕй кӕддӕриддӕр ӕмӕ кӕмдӕриддӕр тынг бузныг стӕм.
4 Фӕлӕ дӕ цӕмӕй бирӕ ма батыхсын кӕнон, уый тыххӕй дын лӕгъстӕ кӕнын: дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл нӕм байхъус.
5 Мах ӕй базыдтам, ацы лӕг хӕцгӕ низӕй уӕлдай кӕй нӕу+, ӕгас дунейы дзуттӕгты кӕй змӕнты+ ӕмӕ кӕй у назаретӕгты+ сектӕйы хистӕр.
6 Уый ма хъавыд кувӕндонӕй+ фӕхынджылӕг кӕнынмӕ дӕр, фӕлӕ йӕ мах ӕрцахстам.
7 * – –
8 Куы йӕ ’рфӕрсай, уӕд ӕй базондзынӕ, мах цы дзурӕм, уыдӕттӕ ӕцӕг кӕй сты».
9 Уӕд дзуттӕгтӕ дӕр йӕ ныхмӕ дзурын байдыдтой, ӕцӕгдӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.
10 Ӕмӕ Павел, бӕстӕйы хицау йӕ сӕр куы батылдта, дзур, зӕгъгӕ, уӕд загъта:
«Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы кӕй уыдтӕ тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕхи сӕрыл ӕхсызгонӕй дзурдзынӕн+.
11 Дӕхи бон дӕр ӕй у базонын, ӕз Иерусалиммӕ кувынмӕ+ куы ссыдтӕн, уӕдӕй дыууадӕс бонӕй фылдӕр кӕй нӕ рацыди,
12 ӕмӕ мӕ нӕдӕр кувӕндоны+ искӕимӕ быцӕугӕнгӕйӕ федтой, нӕдӕр адӕмы+ змӕнтгӕйӕ, ӕмбырдгӕнӕнты уа ӕви горӕты.
13 Ӕмӕ мӕ ныртӕккӕ цӕмӕй аххосджын кӕнынц, уый дӕр сӕ бон ницӕмӕй у сбӕлвырд кӕнын+.
14 Фӕлӕ дын уый ӕргом зӕгъдзынӕн, ӕмӕ адон „сектӕ“ кӕй хонынц, уыцы фӕндагыл лӕуд кӕй дӕн, ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кӕнын мӕ фыдӕлты+ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕууӕндын, Закъон+ цы дзуры ӕмӕ Пехуымпарты чингуыты цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.
15 Ӕмӕ ӕз мӕ ныфс дарын+ Хуыцауыл, адон сӕхӕдӕг дӕр сӕ ныфс куыд дарынц, афтӕ, кӕй райгас уыдзысты+ рӕстгӕнджытӕ+ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ+ дӕр.
16 Уымӕ гӕсгӕ ӕз ӕдзухдӕр архайын, цӕмӕй Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ адӕмы раз дӕр мӕ цӕсгом сыгъдӕг уа+.
17 Иерусалиммӕ ӕз бирӕ азты фӕстӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй мӕ адӕмӕн ӕхцайӕ баххуыс кодтаин ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастаин+.
18 Ӕмӕ мӕ кувӕндоны баййӕфтой, Закъонмӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд+. Ӕмӕ дзы бирӕ адӕм дӕр нӕ уыди, стӕй змӕнтгӕ дӕр ничи кодта. Уыди дзы ӕрмӕст цалдӕр дзуттаджы Азийӕ,
19 ӕмӕ сӕм кӕд мӕ ныхмӕ исты ис, уӕд хъуамӕ дӕ разы лӕууиккой ӕмӕ мӕ аххосджын кӕниккой+.
20 Кӕнӕ, ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, Сӕйраг тӕрхондоны раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цавӕр аххос ссардтой.
21 Кӕд ӕрмӕст уый у мӕ аххос, ӕмӕ тӕрхондоны афтӕ загътон: „Абон мын уӕ разы тӕрхон кӕнынц, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый мӕ кӕй уырны, уый тыххӕй!“»+.
22 Фӕлӕ Феликс+, ацы Фӕндаджы+ тыххӕй бирӕ кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ сын сӕ хъуыддаг фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвта ӕмӕ загъта: «Куыддӕр ӕфсады сӕргълӕууӕг Лисий+ ӕрцӕуа, афтӕ уын уӕ хъуыддаг аскъуыддзаг кӕндзынӕн».
23 Ӕмӕ ӕфсӕддон хицауӕн бардзырд радта, цӕмӕй Павелы ахстӕй дара, фӕлӕ йын гыццыл сӕрибардзинад дӕтта, стӕй йӕм йе ’мбӕлтты дӕр уадза, цӕмӕй йын лӕггад кӕной+.
24 Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс+ ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ,– Друзиллӕ уыди дзуттаг+. Ӕмӕ Павелы ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл* ӕууӕндыны тыххӕй йын цы дзырдта, уымӕ+.
25 Фӕлӕ Павел рӕстӕй цӕрыны+, хиуыл хӕцыны+ ӕмӕ ӕрцӕуинаг тӕрхоны+ тыххӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ Феликс старст ӕмӕ загъта: «Ныр уал ацу. Рӕстӕг мын куы фӕзына, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».
26 Стӕй ма Феликсы ныфс уыд, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕн+. Ӕмӕ-иу Павелы ноджы арӕхдӕр ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ-иу йемӕ ныхас кодта+.
27 Фӕлӕ рацыд дыууӕ азы, ӕмӕ Феликсы раивта Порций Фест. Феликсы та дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕнын кӕй фӕндыд+, уымӕ гӕсгӕ Павелы ахӕстоны ныууагъта.