Тӕрхонгӕнджыты 6:1—40
6 Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ райдыдтой, Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый кӕнын+. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ авд азмӕ мадиамӕгты къухмӕ радта+.
2 Ӕмӕ мадиамӕгты къух Израилыл тых кодта+. Мадиамӕгты тыххӕй Израилы фырттӕ сӕхицӕн хӕхты ӕрцӕттӕ кодтой уӕрмытӕ, стӕй лӕгӕттӕ ӕмӕ, зын бацӕуӕн кӕдӕм уыд, ахӕм бынӕттӕ+.
3 Израилӕгтӕ-иу исты куы байтыдтой+, уӕд-иу мадиамӕгтӕ, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрӕг адӕм+ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу сӕм бабырстой.
4 Се ’фсӕдтӕ-иу сӕ зӕххытыл ӕрбынат кодтой ӕмӕ-иу сын суанг Газӕйы онг сӕ быдырты тыллӕг фесӕфтой. Ӕмӕ-иу Израилы нӕдӕр хӕринаг ныууагътой, нӕдӕр фыстӕ, нӕдӕр галтӕ, нӕдӕр хӕрджытӕ+.
5 Ӕд фос ӕмӕ-иу ӕд цатыртӕ ’рбацыдысты. Уыдысты-иу мӕтыхау+ бирӕ, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ-иу сӕ теуатӕн дӕр банымайӕн нӕ уыд+. Сӕ зӕххытӕм-иу сын бабырстой ӕмӕ-иу дзы ницыуал ныууагътой+.
6 Ӕмӕ мадиамӕгты тыххӕй израилӕгтӕ бынтон смӕгуыр сты. Ӕмӕ Израилы фырттӕ Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназын райдыдтой+.
7 Израилы фырттӕ мадиамӕгты тыххӕй Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ кӕй дзынӕзтой+,
8 уымӕ гӕсгӕ сӕм Йегъовӕ рарвыста иу лӕджы, пехуымпары+, ӕмӕ сын загъта: «Израилы Хуыцау Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: „Ӕз уӕ ракодтон Египетӕй+, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уырдыгӕй*+.
9 Фервӕзын уӕ кодтон Египеты къухӕй ӕмӕ уӕ чидӕриддӕр ӕфхӕрдта, уыдоны къухӕй. Уе знӕгты уын уӕ разӕй фӕсырдтон ӕмӕ уын сӕ зӕхх радтон+.
10 Стӕй ма уын афтӕ дӕр загътон: „Ӕз дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ+. Ма тӕрсут, кӕй зӕххыл цӕрут+, уыцы аморейты хуыцӕуттӕй“+. Фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат“»+.
11 Уый фӕстӕ Йегъовӕйы зӕд ӕрцыд+ ӕмӕ Офрӕйы Авиезеры+ байзӕддаг Иоасы стыр бӕласы бын ӕрбадт. Иоасы фырт Гедеон+ та уыцы рӕстӕг сӕндуцӕны мӕнӕу хоста, цӕмӕй йӕ мадиамӕгтӕй тагъддӕр бамбӕхстаид.
12 Уӕд ӕм Йегъовӕйы зӕд фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Йегъовӕ демӕ ис+, мӕнӕ хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын лӕг!»
13 Уӕд ын Гедеон загъта: «Ныххатыр мын кӕн, мӕ буц хицау, фӕлӕ кӕд Йегъовӕ немӕ ис, уӕд ныл ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕрцыдысты?+ Кӕм сты йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ?+ Нӕ фыдӕлтӕ нын афтӕ нӕ дзырдтой+, Йегъовӕ нӕ Египетӕй ракодта, зӕгъгӕ?+ Ныр нӕ Йегъовӕ ныууагъта+, ӕмӕ нӕ мадиамӕгты къухмӕ радта».
14 Уӕд ӕм Йегъовӕ разылд ӕмӕ йын загъта: «Ацу, ныртӕккӕ дӕм цы хъару ис, уыцы хъаруимӕ+, ӕмӕ ӕнӕмӕнгӕй фервӕзын кӕндзынӕ Израил мадиамӕгты къухӕй+. Ӕз дӕ не ’рвитын, ӕви?»+
15 Гедеон ын дзуапп радта: «Ныххатыр мын кӕн, Йегъовӕ. Фӕлӕ куыд хъуамӕ фервӕзын кӕнон ӕз Израил?+ Акӕс-ма, Манассийы мыггаджы ’хсӕн мӕ хӕдзарвӕндаг* зынгӕ дӕр куы нӕ кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр мӕ фыды хӕдзары куы ничи дӕн»+.
16 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз уыдзынӕн демӕ+, ӕмӕ мадиамӕгты+ ныццӕгъддзынӕ, цыма дӕ ныхмӕ иу адӕймаг рацыд, афтӕ».
17 Уӕд ын Гедеон загъта: «Кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон+, уӕд мын исты нысан ратт, цӕмӕй йӕ зонон, ды кӕй дзурыс мемӕ+.
18 Дӕ хорзӕхӕй, ма ацу ардыгӕй, цалынмӕ дӕм мӕ лӕваримӕ не ’рбаздӕхон+ ӕмӕ дын ӕй дӕ разы не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»+. Уый йын загъта: «Хорз, цалынмӕ не ’рбаздӕхай, уӕдмӕ ӕз ам баддзынӕн».
19 Гедеон ацыд ӕмӕ иу сӕныкк ацӕттӕ кодта+, иу ефӕ* ссадӕй та донгонд дзултӕ акодта+. Дзидза чыргъӕды нывӕрдта, бас та аджы ныккодта ӕмӕ йӕм сӕ стыр бӕласы бынмӕ ӕрбахаста ӕмӕ йын сӕ йӕ разы ӕрӕвӕрдта.
20 Ӕцӕг Хуыцауы зӕд ын загъта: «Дзидза ӕмӕ донгонд дзултӕ райс ӕмӕ сӕ уӕртӕ уыцы стыр дурыл ӕрӕвӕр+, стӕй дурыл бас рауадз». Ӕмӕ уый дӕр афтӕ бакодта.
21 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйы зӕд, йӕ къухы цы лӕдзӕг уыди, уый кӕронӕй дзидза ӕмӕ донгонд дзултыл андзӕвыд, ӕмӕ дурӕй арт рацыд ӕмӕ дзидза ӕмӕ донгонд дзултӕ аныхъуырдта+. Йегъовӕйы зӕд та фӕцыдӕр ис.
22 Уӕд Гедеон бамбӕрста, уый Йегъовӕйы зӕд кӕй уыди+.
Ӕмӕ загъта: «Сӕфын, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ! Лӕгӕй-лӕгмӕ федтон Йегъовӕйы зӕды!»+
23 Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Фарнӕй хайджын у+. Ма тӕрс+. Нӕ амӕлдзынӕ»+.
24 Уӕд Гедеон уым Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн скодта+, ӕмӕ абоны онг дӕр хуыйны+ Йегъовӕ-Шалом*. Уыцы нывондхӕссӕн ныр дӕр ма ис Офрӕйы+, Авиезеры байзӕддӕгты зӕххыл.
25 Уыцы ӕхсӕв Йегъовӕ Гедеонӕн загъта: «Ракӕн дӕ фыды галы, авдаздзыд галы* ӕмӕ ацу, ӕмӕ Ваалы нывондхӕссӕн, дӕ фыды чи у, уыцы нывондхӕссӕн, ныппырх кӕн+, йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз ис, уый та афӕлдах+.
26 Ӕмӕ ацы фидаргонд бынаты сӕрмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондхӕссӕн самай, дуртӕ рӕгъ-рӕгъ ӕвӕр, афтӕмӕй. Стӕй райс уыцы галы* ӕмӕ йӕ судзинаг нывондӕн ӕрхӕсс. Сугӕн та дын ацӕудзӕн, кӕй афӕлдахай, уыцы кувӕн цӕджындз».
27 Гедеон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕй дӕс адӕймаджы йемӕ ракодта ӕмӕ йын Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сарӕзта+. Ӕрмӕст, йӕ фыды хӕдзаронтӕй ӕмӕ горӕты цӕрджытӕй кӕй тарст, уый тыххӕй уыцы хъуыддаг боныгон нӕ бакодта, фӕлӕ ӕхсӕвы+.
28 Райсомӕй раджы горӕты цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ Ваалы нывондхӕссӕн – пырх, йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз+ уыди, уый та – фӕлдӕхт, ӕмӕ уым цы нывондхӕссӕн арӕзт ӕрцыд, ууыл та чидӕр галы* нывондӕн ӕрхаста.
29 Ӕмӕ кӕрӕдзи фӕрсын райдыдтой: «Чи бакодта адӕттӕ?» Ӕмӕ фӕрсын ӕмӕ агурыныл фесты. Ӕппынфӕстаг загътой: «Иоасы фырт Гедеон уыди!»
30 Уӕд горӕты цӕрджытӕ Иоасӕн загътой: «Дӕ фырты ардӕм ракӕн. Ваалы нывондхӕссӕн кӕй ныппырх кодта ӕмӕ йӕ фарсмӕ цы кувӕн цӕджындз уыди, уый кӕй афӕлдӕхта, уый тыххӕй хъуамӕ амӕла!»+
31 Иоас+ уый куы фехъуыста, уӕд, йӕ ныхмӕ чи сӕмбырд, уыдонӕн загъта+: «Ваалы сӕрыл сымах хъуамӕ дзурат? Сымах ирвӕзын кӕнинаг фӕци? Йӕ сӕрыл чидӕриддӕр дзуры, уыдон тӕккӕ ацы райсом хъуамӕ мард ӕрцӕуой+. Кӕд Хуыцау у+, уӕд йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл+, уымӕн ӕмӕ йын чидӕр йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта».
32 Ӕмӕ уыцы бон Гедеоны схуыдта Йероваал*+ ӕмӕ загъта: «Уадз ӕмӕ Ваал йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл, уымӕн ӕмӕ йын чидӕр йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта»+.
33 Мадиамӕгтӕ+, амаликӕгтӕ+ ӕмӕ Скӕсӕны цӕрӕг адӕм+ се ’ппӕт дӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты+, цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ Изреелы+ дӕлвӕзы ӕрбынат кодтой.
34 Уӕд Гедеоныл Йегъовӕйы тых*+ ӕрцыд, ӕмӕ сыкъайӕ ныууасыд+ ӕмӕ Авиезеры+ байзӕддӕгтӕм фӕсидт, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой.
35 Ӕгас Манассийы мыггагмӕ фидиуджытӕ+ арвыста, ӕмӕ уыдонмӕ дӕр фӕсидтысты, цӕмӕй йӕ фӕдыл рацӕуой. Стӕй ма фидиуджытӕ арвыста Асир, Завулон ӕмӕ Неффалиммӕ дӕр, ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты.
36 Ӕмӕ уӕд Гедеон ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Кӕд ӕцӕгдӕр мӕн уылты ирвӕзын кӕныс Израил, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ+,
37 уӕд мӕнӕ найгӕнӕн мусы къуымбил байтаудзынӕн, ӕмӕ кӕд ӕртӕх ӕрмӕстдӕр къуымбилыл уа, зӕхх та хус уа, уӕд ӕй зондзынӕн, Израил мӕн уылты кӕй фервӕзын кӕндзынӕ, зӕрдӕ мын куыд бавӕрдтай, афтӕ».
38 Ӕмӕ раст афтӕ ӕрцыд. Иннӕ бон Гедеон райсомӕй раджы куы сыстад ӕмӕ къуымбил куы ныллӕмӕрста, уӕд дзы уыйбӕрц дон рацыд, ӕмӕ дзы стыр къус байдзаг уыдаид.
39 Фӕлӕ та Гедеон ӕцӕг Хуыцауӕн загъта: «Ма мӕм смӕсты у, фӕлӕ ма иу хатт зӕгъон. Курын дӕ, бар мын ратт, ӕмӕ ма ноджыдӕр иу фӕлварӕн скӕнон къуымбилыл. Ныр та ӕрмӕстдӕр къуымбил уӕд хус, йӕ алыварс зӕххыл та уӕд ӕртӕх».
40 Гъемӕ Хуыцау уыцы ӕхсӕв раст афтӕ сарӕзта: къуымбил уыди хус, йӕ алыварс зӕххыл та уыд ӕртӕх.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цагъарты хӕдзарӕй».
^ Комк. «мӕ мин».
^ Иу ефӕ у 22 л.
^ Нысан кӕны «Йегъовӕ у фарн».
^ Комк. «дыккаг уӕныджы».
^ Комк. «дыккаг уӕныджы».
^ Комк. «дыккаг уӕныджы».
^ Нысан кӕны «Ваал йӕхӕдӕг дзурӕд йӕхи сӕрыл йӕ разы».
^ Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.