Тӕрхонгӕнджыты 20:1—48

20  Уӕд Израилы фырттӕ иууылдӕр+, Данӕй+ суанг Вирсавийы+ онг, стӕй Галаады зӕххӕй+ дӕр, рацыдысты ӕмӕ Массифӕйы+ Йегъовӕйы раз иумӕ ӕрӕмбырд сты+.  Адӕмы хистӕртӕ, Израилы ӕппӕт мыггӕгты хистӕртӕ иууылдӕр, ӕцӕг Хуыцауы+ адӕмы ӕмбырды сӕ бынӕтты ӕрлӕууыдысты. Уыдысты цыппарсӕдӕ мин фистӕг хӕстоны+.  Вениамины фырттӕ фехъуыстой, Израилы фырттӕ Массифӕмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый+. Уӕд Израилы фырттӕ загътой: «Дзурут. Куыд ӕрцыд ахӕм ӕвирхъау хабар?»+  Цы сылгоймаджы амардтой, уымӕн йӕ лӕг, ома левит+, загъта: «Хабар афтӕ уыди, ӕмӕ ӕз мӕ номылусимӕ+ ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн Гивӕмӕ+, Вениамины мыггаджы горӕтмӕ.  Гивӕйы цӕрджытӕ мӕ ныхмӕ сыстадысты ӕмӕ ӕхсӕвы, кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты. Мӕхи мын хъавыдысты марынмӕ, фӕлӕ мын стӕй мӕ номылусӕн тыхми бакодтой+, ӕмӕ амард+.  Гъемӕ ӕз дӕр мӕ номылусы рахастон, ныууӕнгтӕ йӕ кодтон ӕмӕ уыцы хӕйттӕ Израилы зӕххы алы рӕттӕм арвыстон+, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕм хӕлд хъуыддӕгтыл бафтыдысты+ ӕмӕ Израилы ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми бакодтой+.  Уӕдӕ ныр, Израилы фырттӕ, уе ’ппӕт дӕр зӕгъут уӕ ныхас, зӕгъут, куыд кӕнгӕ нын у»+.  Ӕмӕ адӕм иууылдӕр+ сыстадысты ӕмӕ ӕмхуызонӕй загътой: «Иу дӕр нӕ йӕ цатырмӕ нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ нӕ иу дӕр йӕ хӕдзармӕ нӕ аздӕхдзӕн+.  Мӕнӕ цы бакӕнӕм Гивӕйӕн: хӕлттӕ+ сӕппарӕм ӕмӕ семӕ схӕцӕм. 10  Израилы ӕппӕт мыггӕгтӕй дӕр сӕдӕ адӕймагӕй равзардзыстӕм дӕс, минӕй – сӕдӕ, дӕс минӕй – иу мин, цӕмӕй адӕммӕ хӕринагӕй фӕкӕсой, ӕмӕ уыдон та ацӕуой ӕмӕ Вениамины Гивӕйы ныхмӕ схӕцой, Израилы цы ӕнӕзонд ӕмӕ худинаджы ми бакодтой+, уый тыххӕй». 11  Гъемӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иумӕ рацыдысты уыцы горӕты ныхмӕ. 12  Ӕмӕ Израилы мыггӕгтӕ Вениамины+ мыггаджы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр арвыстой ахӕм ныхас: «Уый цавӕр ӕвирхъау хабар ӕрцыд уе ’хсӕн?+ 13  Раттут нын+, Гивӕйы+ чи ис, уыцы ӕнаккаг адӕмы+, цӕмӕй сӕ амарӕм+ ӕмӕ Израилӕй ӕвзӕрдзинад фесафӕм»+. Фӕлӕ Вениамины фыртты нӕ фӕндыд се ’фсымӕртӕм, Израилы фырттӕм, байхъусын+. 14  Уӕд Вениамины фырттӕ алы горӕттӕй рацыдысты ӕмӕ Гивӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы фырттимӕ схӕцыдаиккой. 15  Гъемӕ уыцы бон Вениамины горӕттӕй дыууын ӕхсӕз мин хӕстонмӕ фӕсидтысты+. Уымӕй уӕлдай ма Гивӕйы цӕрджытӕй та фӕсидтысты авдсӕдӕ хуыздӕр хӕстонмӕ. 16  Ӕппӕт уыцы адӕмӕй авдсӕдӕ хӕстоны архайдтой рахиз къухӕй нӕ, фӕлӕ галиуӕй+. Уыдонӕй алчидӕр тынг дӕсны уыди дур ӕхсынмӕ+: йӕ дурӕхсӕнӕй-иу сӕрыхъуынмӕ куы ныхъхъавыдаид, уӕд дӕр-иу ӕй акъахтаид. 17  Израилӕгтӕй та, ӕнӕ Вениамины фырттӕй, ӕрӕмбырд цыппарсӕдӕ мин хӕстоны+. Се ’ппӕт дӕр уыдысты тохы лӕгтӕ. 18  Гъемӕ сыстадысты, Вефилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой+. Израилы фырттӕ загътой: «Вениамины фырттимӕ схӕцынмӕ разӕй чи ацӕудзӕн?»+ Йегъовӕ сын загъта: «Иудӕйы мыггаг ацӕудзӕн разӕй»+. 19  Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ райсомӕй сыстадысты ӕмӕ Гивӕйы раз ӕрбынат кодтой. 20  Израилӕгтӕ рацыдысты Вениамины фырттимӕ схӕцынмӕ ӕмӕ Гивӕйы раз сӕ ныхмӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. 21  Гъемӕ Вениамины фырттӕ Гивӕйӕ+ рацыдысты ӕмӕ уыцы бон израилӕгтӕй ныццагътой дыууын дыууӕ мины+. 22  Фӕлӕ Израилы адӕм хъӕбатырдзинад равдыстой ӕмӕ та гӕрзифтонгӕй рацыдысты, фыццаг бон кӕм лӕууыдысты, уырдӕм. 23  Стӕй Израилы фырттӕ ацыдысты ӕмӕ суанг изӕрмӕ куыдтой+ Йегъовӕйы раз ӕмӕ Йегъовӕйы фарстой: «Ацӕуӕм ма ӕмӕ ма схӕцӕм не ’фсымӕр Вениамины фырттимӕ?»+ Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, схӕцут семӕ». 24  Гъемӕ дыккаг бон Израилы фырттӕ хӕстӕг бацыдысты Вениамины фырттӕм+. 25  Дыккаг бон Вениамины фырттӕ дӕр Гивӕйӕ сӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ Израилы фырттӕй ноджыдӕр ӕстдӕс мин хӕстоны ныццагътой+. 26  Уӕд Израилы фырттӕ+ се ’ппӕт дӕр, адӕм иууылдӕр, ӕрцыдысты Вефилмӕ. Ӕмӕ уыцы бон суанг изӕрмӕ Йегъовӕйы раз бадтысты, куыдтой+ ӕмӕ ком дардтой+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн судзинаг нывӕндтӕ+ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ+ ӕрхастой. 27  Уый фӕстӕ Израилы фырттӕ бафарстой Йегъовӕйы+, уымӕн ӕмӕ уыцы заман ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырын+ уым уыди. 28  Уыцы бонты бадзырды чырыны раз лӕууыд Финеес+, Ааронӕн+ йӕ фырт Елеазары фырт. Ӕмӕ Финеес загъта: «Ацӕуон ма ме ’фсымӕр Вениамины фырттимӕ хӕцынмӕ, ӕви мауал ацӕуон?»+ Йегъовӕ йын загъта: «Ацу, уымӕн ӕмӕ дын сӕ райсом ӕз дӕ къухмӕ ратдзынӕн»+. 29  Уӕд израилӕгтӕ Гивӕйы алыварс адӕмы бабадын кодтой+. 30  Ӕртыккаг бон Израилы фырттӕ рацыдысты Вениамины фыртты ныхмӕ ӕмӕ та, уый размӕ куыд уыд, афтӕ гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты Гивӕйы раз+. 31  Вениамины фырттӕ сӕ размӕ куы рацыдысты, уӕд сӕ горӕтӕй расайдтой+. Уыдон та, уый размӕ куыд уыд, афтӕ адӕмы цӕгъдын райдыдтой ӕмӕ сӕ кӕйдӕрты мӕлӕтдзаг цӕфтӕ фӕкодтой быдыры фӕндӕгтыл,– уыцы фӕндӕгтӕй иу кӕны Вефилмӕ+, иннӕ та Гивӕмӕ+. Ӕмӕ израилӕгтӕй ӕртын адӕймаджы бӕрц амардтой+. 32  Ӕмӕ Вениамины фырттӕ загътой: «Амӕй размӕ куыд уыд, афтӕ та ныр дӕр сӕ бон нӕу нӕ ныхмӕ фӕлӕууын»+. Израилы фырттӕ та загътой: «Лидзынмӕ фӕуӕм+, ӕмӕ сӕ горӕтӕй фӕндӕгтӕм расайӕм». 33  Уӕд израилӕгтӕ иууылдӕр рацыдысты ӕмӕ Ваал-Фамары гӕрзифтонгӕй ӕрлӕууыдысты. Гивӕйы алыварс чи бабадт+, уыцы израилӕгтӕ дӕр сӕ бынӕттӕй рагӕппытӕ кодтой ӕмӕ сӕ ных горӕтмӕ сарӕзтой+. 34  Ӕмӕ израилӕгтӕй дӕс мин лӕджы, хуыздӕр хӕстонтӕ, бацыдысты Гивӕйы размӕ. Гъемӕ карз тох бацайдагъ. Вениамины фырттӕ та нӕ зыдтой, бӕллӕх+ сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. 35  Йегъовӕ Вениамины+ фыртты басаста израилӕгты раз, ӕмӕ уыцы бон Израилы фырттӕ Вениамины фырттӕй ныццагътой дыууын фондз мин сӕдӕ хӕстоны+. 36  Фӕлӕ израилӕгтӕ, Гивӕйы алыварс кӕй бабадын кодтой, уыдоны ныфсӕй Вениамины фыртты раз фӕстӕмӕ куы алӕууыдысты+, уӕд Вениамины фырттӕ загътой, уӕлахиз та сыл кӕнӕм, зӕгъгӕ. 37  Горӕты алыварс чи бабадт+, уыдон та уайтагъд Гивӕмӕ бабырстой+. Стӕй апырх сты ӕмӕ горӕты цӕрджыты карды комӕй фӕцагътой+. 38  Ныр, горӕты алыварс чи бабадт, уыдонимӕ та иннӕ израилӕгтӕ дзырд уыдысты, зӕгъгӕ, горӕтӕй хӕрдмӕ фӕздӕг куы ссӕуа, уӕд нын уый сымахӕй уыдзӕн нысан+. 39  Тохы рӕстӕджы Израилы фырттӕ фӕстӕмӕ куы фездӕхтысты, уӕд дзы Вениамины фырттӕ амардтой ӕртын адӕймаджы бӕрц, мӕлӕтдзаг цӕфтӕ сӕ фӕкодтой+. Ӕмӕ загътой: «Дзырд дӕр ыл нӕй, уӕлахиз та сыл кӕнӕм»+. 40  Уӕдмӕ фӕзынд нысан+: горӕтӕй хӕрдмӕ къуыбылӕйттӕй фӕздӕг цыди+. Ӕмӕ Вениамины фырттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты, ӕмӕ уӕртӕ ӕнӕхъӕн горӕтӕн йӕ фӕздӕг арвмӕ кӕлы+. 41  Уӕд сӕм израилӕгтӕ фӕстӕмӕ фӕзылдысты+, ӕмӕ Вениамины фырттӕ уый куы федтой, ӕмӕ сӕ бӕллӕх баййӕфта+, уӕд ма цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой+. 42  Гъемӕ израилӕгты разӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм фӕзылдысты, фӕлӕ сӕ уыдон фӕстейӕ сырдтой ӕмӕ сӕ уӕгъд нӕ уагътой. Горӕтӕй чи рацыд, уыдон дӕр сӕ ӕййӕфтой ӕмӕ сӕ цагътой. 43  Алырдыгӕй ӕртыхстысты Вениамины фырттыл+, ӕмӕ сӕ фӕстейӕ сырдтой, ӕрулӕфын дӕр сӕ нӕ уагътой+. Ӕмӕ сӕ Гивӕйы+ тӕккӕ раз, скӕсӕнырдыгӕй, ныддӕрӕн кодтой. 44  Вениамины фырттӕй ӕдӕппӕтӕй фӕцагъды ӕстдӕс мины, се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр хӕстонтӕ+. 45  Вениамины фырттӕ фӕзылдысты ӕмӕ лидзӕг фесты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ+. Цы иугӕйттӕ ма сӕ баззад, уыдоны дӕр израилӕгтӕ цӕгъдгӕ* цыдысты ӕмӕ дзы фӕндӕгтыл фондз мин адӕймаджы фӕцагътой+. Сӕ фӕд-фӕд цыдысты суанг Гидомы онг ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр дыууӕ мины фӕцагътой. 46  Вениамины фырттӕй уыцы бон ӕдӕппӕтӕй фӕмард дыууын фондз мин лӕджы+, се ’ппӕт дӕр – хъӕбатыр хӕстонтӕ. 47  Фӕлӕ сӕ ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ, ӕмӕ уым Риммоны къӕдзӕхыл+ уыдысты цыппар мӕйы. 48  Израилӕгтӕ та раздӕхтысты Вениамины фырттимӕ хӕцынмӕ ӕмӕ ма горӕты чидӕриддӕр уыди, адӕмӕй, фосӕй, уыдоны се ’ппӕты дӕр карды комӕй фӕцагътой+. Уымӕй уӕлдай, сӕ фӕндагыл цыдӕриддӕр горӕттӕ уыд, уыдон дӕр арты хай бакодтой+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уидзгӕ».