Софони 1:1—18
1 Софони уыд Хусийы фырт, Хуси – Гедалийы фырт, Гедали – Амарийы фырт, Амари та – Езекийы фырт. Ӕмӕ, Амоны+ фырт Иоси+ Иудӕйы паддзах куы уыд, уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Софонийӕн загъта:
2 «Зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр ис – фесафдзынӕн сӕ»,– зӕгъы Йегъовӕ+.
3 «Ныццӕгъддзынӕн адӕмы дӕр ӕмӕ сырдты дӕр+. Ныццӕгъддзынӕн уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты+, стӕй, цӕлхдур цы у, уыдӕттӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр+. Зӕххы цъарыл адӕм нал ныууадздзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.–
4 Ӕз Иудӕмӕ ӕмӕ Иерусалимы цӕрджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр мӕ къух сисдзынӕн+ ӕмӕ ма дзы Ваалӕн кувджытӕй чидӕриддӕр баззад, уыдоны фесафдзынӕн+, фесафдзынӕн ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн кувӕг дзуарылӕгты ном ӕмӕ сауджынты ном+,
5 стӕй йӕ хӕдзары сӕр, арвыл цы ис, уыдӕттӕн* чи табу кӕны+, йӕ зонгуытыл ӕрхаугӕйӕ+ Йегъовӕйӕн чи сомы кӕны+ ӕмӕ ма Малхамӕй дӕр чи сомы кӕны, уыдоны+,
6 ӕмӕ, Йегъовӕйы коммӕ чи нал кӕсы+, Йегъовӕйы чи нӕ агуры ӕмӕ йемӕ чи нӕ уынаффӕ кӕны, уыдоны дӕр»+.
7 Ныссабыр ут Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы раз+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы бон хӕстӕг у+. Йегъовӕ нывонд ӕрцӕттӕ кодта+, кӕй ӕрхуыдта, уыдоны ссыгъдӕг кодта+.
8 «Йегъовӕ нывонд цы бон хӕсса, уыцы бон афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ ӕз кънйӕзтӕн, паддзахы фырттӕн+ ӕмӕ, ӕцӕгӕлон адӕмы дарӕсы чи цӕуы, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн+.
9 Уыцы бон ӕркӕсдзынӕн, паддзахбадӕнмӕ хӕстӕг чидӕриддӕр у, стӕй, сӕ хицӕутты хӕдзӕрттӕ фыдхъуыддӕгтӕй ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи дзаг кӕны, уыдоны хъуыддӕгтӕм дӕр+.
10 Уыцы бон,– зӕгъы Йегъовӕ,– Кӕсӕгты кулдуарӕй+ хъуысдзӕн хъарӕг, горӕты ног хайӕ цӕудзӕн ӕрдиаг+, къуыбыртӕй та – ӕнахуыр гыбар-гыбур+.
11 Ӕрдиаг кӕнут+, Махтешы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ базаргӕнӕг адӕмӕй иу дӕр нал баззад+, ӕвзист чидӕриддӕр барста, уыдон фӕцагъды сты.
12 Уыцы рӕстӕг ӕз Иерусалимыл цырӕгътимӕ ӕрзилдзынӕн+ ӕмӕ, йӕ бынтӕ кӕмӕн ныббӕзджын сты, ахӕм сӕнӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн+. Уыдон сӕхицӕн дзурынц: „Йегъовӕ хорзӕй дӕр ницы сараздзӕн ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр“+.
13 Сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ сын фӕхӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты+. Хӕдзӕрттӕ араздзысты, фӕлӕ дзы цӕргӕ нӕ кӕндзысты+, сӕнӕфсирдӕттӕ садздзысты, фӕлӕ сын сӕ сӕн нӕ нуаздзысты+.
14 Йегъовӕйы стыр бон+ хӕстӕг у+. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны+. Йегъовӕйы бон фӕдисы хъӕр кӕны+. Уӕд, ӕппӕты тыхджындӕр чи у, уый дӕр ӕрдиаг кӕндзӕн+.
15 Уыцы бон у Хуыцауы судзгӕ масты бон, бӕллӕх ӕмӕ тухиты бон+, тыхдымгӕ ӕмӕ сӕфты бон, талынг ӕмӕ тар бон+, хъуынтъыз ӕмӕ саудалынг бон.
16 Уыцы бон хъуысдзӕн сыкъайы уасын ӕмӕ фӕдисы хъӕр+ фидаргонд горӕтты ныхмӕ ӕмӕ тигътыл амад бӕрзонд мӕсгуыты ныхмӕ+.
17 Ӕз адӕмыл бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ куырмытау рацу-бацу кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы раз тӕригъӕд ракодтой+. Сӕ туг зӕххы рыгау уыдзӕн къӕхты бын+, сӕ хуылфыдзаумӕттӕ фаджысау алы рӕтты калд уыдзысты+.
18 Йегъовӕйы судзгӕ масты бон сӕ нӕдӕр се ’взист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сызгъӕрин+. Йӕ судзгӕ маст аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх дӕр+, уымӕн ӕмӕ уый ныццӕгъддзӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны, бындзагъд сӕ фӕкӕндзӕн»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «уӕларвон ӕфсадӕн».