Ромӕгтӕм 4:1—25
4 Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд цы зӕгъӕн ис нӕ фыдӕл+ Авраамы тыххӕй?
2 Авраам йӕ хъуыддӕгты+ тыххӕй куы ’рцыдаид рӕстгӕнӕгыл нымад, уӕд ын уыдаид йӕхицӕй ӕппӕлыны ӕфсон, ӕрмӕст Хуыцауы раз нӕ.
3 Фыстад дӕр куыд дзуры? «Авраам ӕууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+.
4 Чи кусы+, уымӕн йӕ мызд лӕварыл*+ нымад нӕ вӕййы – цы йӕм ӕмбӕлы, уый* йын раттынц+.
5 Йӕ хъуыддӕгтӕй ныфсджын чи нӕу, фӕлӕ, ӕнӕхуыцау адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл чи банымайы, ууыл чи ’ууӕнды+, уый та рӕстгӕнӕгыл нымад цӕуы йӕ уырнындзинады фӕрцы+.
6 Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕм кӕмӕн нӕ кӕсы ӕмӕ афтӕмӕй рӕстгӕнӕгыл кӕй нымайы, уыцы адӕймаджы амондджын хоны Давид дӕр:
7 «Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста+ ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта+.
8 Амондджын у уыцы адӕймаг, Йегъовӕ йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп кӕмӕй не ’рдома»+.
9 Ӕмӕ уӕд уыцы амондӕй, сунӕтгонд чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон сты хайджын, ӕви, сунӕтгонд чи нӕу, уыдон дӕр?+ Мах афтӕ зӕгъӕм, зӕгъгӕ, Авраам йӕ уырнындзинады тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл+.
10 Фӕлӕ кӕд ӕрцыд нымад рӕстгӕнӕгыл? Сунӕтгонд куы уыди, уӕд, ӕви, сунӕтгонд куы нӕма уыд, уӕд?+ Сунӕтгонд куы уыди, уӕд нӕ, фӕлӕ сунӕтгонд куы нӕма уыди, уӕд.
11 Уый фӕстӕ йын Хуыцау загъта, сунӕт скӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕй йын уый уыдаид нысан+. Ӕмӕ йын уый уыд бӕлвырдгӕнӕн*, сунӕтгонд куы нӕма уыди, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕн, цӕмӕй, сунӕтгонд чи нӕу, фӕлӕ уырнындзинад+ кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уа сӕ фыд+, ӕмӕ уыдон дӕр рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуой.
12 Стӕй сӕ фыд уа, сунӕтгонд чи у, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕн дӕр – сунӕты ӕгъдауыл хӕст чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ нӕ фыдӕл+ Аврааммӕ, цалынмӕ сунӕт не скодта, уӕдмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн дӕр.
13 Хуыцау Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта+, дуне* уый кӕй бауыдзӕн, уымӕй, уӕд уый, закъон кӕй ӕххӕст кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыд, фӕлӕ, йӕ уырнындзинады тыххӕй рӕстгӕнӕгыл нымад кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ+.
14 Кӕд дуне, закъоныл чи хӕцы, уыдоны бауыдзӕн, уӕд уырнындзинад дзӕгъӕлы у ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕн тых нал ис+.
15 Ӕцӕгӕй та Закъон кӕны Хуыцауы мастмӕ+, фӕлӕ, закъон кӕм нӕй, уым та нӕй фыдракӕнд дӕр+.
16 Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд ын Хуыцау уымӕй зӕрдӕ бавӕрдта+ йӕ уырнындзинады тыххӕй. Уый уыди Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ+ гӕсгӕ, ӕмӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй ӕнӕмӕнгӕй хай ис йӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр+ – Закъоныл чи хӕцы, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ Авраамы хуызӕн уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн дӕр. Уый у не ’ппӕты фыд+ дӕр.
17 Фыст дӕр афтӕ у: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыд»+. Авраам ӕууӕндыд Хуыцауыл, мӕрдты чи ӕгас кӕны+ ӕмӕ, цы нӕй, уымӕй дӕр, цыма ис, афтӕ чи дзуры, ууыл, ӕмӕ йын уый зӕрдӕ бавӕрдта+.
18 Авраамы ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта+, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн+, кӕд ӕм афтӕ каст, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уӕддӕр. Уырнгӕ та йӕ кодта, загъд ын цы уыд, уымӕ гӕсгӕ, «уыйбӕрц уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр»+, зӕгъгӕ.
19 Авраамӕн йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ, фӕлӕ уӕддӕр хъуыды кодта, зӕгъгӕ мыл ныр сӕдӕ азы бӕрц цӕуы+, ӕмӕ мардӕй уӕлдай нал дӕн+, стӕй йӕ зыдта, Саррӕ дӕр уыцы кары кӕй нал ис, цӕмӕй ма йын зӕнӕг рацӕуа*+.
20 Фӕлӕ йын иугӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта+, уӕд ӕй уырныдта, ӕмӕ нӕ фӕдызӕрдыг+ – йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых+, ӕмӕ уымӕй Хуыцауы скадджын кодта.
21 Авраамы фидарӕй уырныдта, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый йӕ бон сӕххӕст кӕнын дӕр кӕй у+.
22 Ӕмӕ «уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+.
23 Фӕлӕ ацы ныхӕстӕ, «уый тыххӕй нымад ӕрцыд»+, зӕгъгӕ, Авраамӕн ӕрмӕст йӕхи тыххӕй не ’рцыдысты фыст+,
24 фӕлӕ мах тыххӕй дӕр, рӕстгӕнджытыл нымад чи хъуамӕ ’рцӕуа, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мах ӕууӕндӕм, нӕ Хицау Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, ууыл+.
25 Йесо мӕлӕтмӕ лӕвӕрд ӕрцыд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй+ ӕмӕ мӕрдтӕй райгас, цӕмӕй мах рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «стыр хорзӕхыл».
^ Комк. «йӕ хӕс».
^ Комк. «мыхуыр».
^ Кӕнӕ «ног дуне».
^ Комк. «Саррӕйӕн йӕ зӕнӕгдон мард у».