Рацыд 6:1—30

6  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый+: мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ уӕд ауадздзӕн, мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ»+.  Хуыцау дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ+.  Аврааммӕ+, Исахъмӕ+ ӕмӕ-иу Иаковмӕ+ фӕзындтӕн куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау+, фӕлӕ сын, мӕ ном Йегъовӕ+ цы нысан кӕны, уый нӕ раргом кодтон*+.  Ӕз семӕ сарӕзтон бадзырд, Ханааны зӕхх сын кӕй ратдзынӕн, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы зӕхх+.  Ӕз фехъуыстон Израилы фыртты дзыназын+, уымӕн ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой, ӕмӕ мӕ рох нӕу мӕ бадзырд+.  Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй+, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн+.  Сымах суыдзыстут мӕ адӕм+ ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау+. Ӕмӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, Египеты цагъарадӕй уӕ чи сӕрибар кӕны, уый+.  Ӕмӕ уӕ бакӕндзынӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ кӕй тыххӕй расомы кодтон+, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзынӕн+. Ӕз дӕн Йегъовӕ“»+.  Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта Израилы фырттӕн, фӕлӕ сӕ ныфс кӕй асаст ӕмӕ тыхкуыстӕй сӕ бон кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ байхъуыстой+. 10  Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11  «Ацу ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн+, зӕгъ, цӕмӕй Израилы фыртты йӕ бӕстӕйӕ ауадза»+. 12  Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Израилы фырттӕ мӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд+ мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?+ Мӕ бон дзӕбӕх дзурын дӕр куы нӕу*»+. 13  Фӕлӕ Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ сын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ зӕгъой Израилы фырттӕн ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн, ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕной+. 14  Мӕнӕ адон сты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Израилы хистӕр фырт Рувимы+ фырттӕ уыдысты Ханох, Фаллу, Есром ӕмӕ Харми+. Адон сты Рувимы байзӕддӕгтӕ+. 15  Симеоны фырттӕ уыдысты Йемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул – уый йын уыд ханаайнаг сылгоймагӕй+. Адон сты Симеоны байзӕддӕгтӕ+. 16  Адон сты Левийы+ фырттӕ: Гирсон, Кааф ӕмӕ Мерари+, адонӕй рацыдысты сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ+. Леви фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы. 17  Гирсоны фырттӕ уыдысты Ливни ӕмӕ Шимей+, адонӕй рацыдысты сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕ+. 18  Каафы фырттӕ уыдысты Амрам, Ицгар, Хеврон ӕмӕ Узиил+. Кааф фӕцард сӕдӕ ӕртын ӕртӕ азы. 19  Мерарийы фырттӕ уыдысты Махли ӕмӕ Муши+. Адон сты Левийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ+. 20  Амрам ракуырдта Иохаведӕйы, йӕ фыды хойы+. Ӕмӕ йын Иохаведӕ ныййардта Аароны ӕмӕ Моисейы+. Амрам фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы. 21  Ицгары фырттӕ уыдысты Корей+, Нефег ӕмӕ Зихри. 22  Узиилы фырттӕ уыдысты Мисаил, Елцафан ӕмӕ Сифри+. 23  Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елизаветӕйы, Наассоны+ хойы. Ӕмӕ йын Елизаветӕ ныййардта Надавы, Авиуды, Елеазары ӕмӕ Ифамары+. 24  Корейы фырттӕ уыдысты Асир, Елхъан ӕмӕ Авиасаф+. Адон сты Корейы байзӕддӕгтӕ+. 25  Аароны фырт+ Елеазар ракуырдта Футиилы чызджытӕй иуы. Ӕмӕ йын уый ныййардта Финеесы+. Адон сты, Левийӕ чи рацыд, уыцы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ+. 26  Уыцы Аарон ӕмӕ Моисейӕн загъта Йегъовӕ+: «Ракӕнут Израилы фыртты Египетӕй – ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд ракӕнынц, афтӕ»+. 27  Уыдон ныхас кодтой фараонимӕ, Египеты паддзахимӕ, цӕмӕй Израилы фыртты Египетӕй ракӕной+. Уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон. 28  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисеимӕ Египеты зӕххыл куы ныхас кодта+, 29  уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ+. Цы дын дзурын, уыдон иууылдӕр зӕгъ фараонӕн, Египеты паддзахӕн». 30  Ӕмӕ уӕд Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Мӕ бон дзӕбӕх дзурын дӕр куы нӕу, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн?»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «фӕлӕ сын мӕхи мӕ ном Йегъовӕйӕ нӕ раргом кодтон».
Комк. «Мӕ былтӕ сунӕтгонд не сты».