Рацыд 32:1—35
32 Моисей хохӕй+ бирӕ рӕстӕг куы нӕ цыд, уӕд адӕм Аароныл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа+, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм»+.
2 Ӕмӕ сын уӕд Аарон загъта: «Уӕ устыты, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъустӕй сызгъӕрин хъусцӕджытӕ+ рафтаут ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут».
3 Ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ хъустӕй сӕ сызгъӕрин хъусцӕджытӕ рафтыдтой ӕмӕ сӕ Ааронмӕ ӕрбахастой.
4 Аарон сын сӕ сызгъӕрин райста, сартӕй йыл бакуыста+ ӕмӕ дзы скодта род+. Ӕмӕ адӕм дзурын райдыдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!»+
5 Аарон уый куы федта, уӕд уыцы роды раз скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Райсом уыдзӕн бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл».
6 Гъемӕ дыккаг бон адӕм райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ ӕрхастой судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фарны нывӕндтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбадтысты хӕрыныл ӕмӕ нуазыныл. Стӕй сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой+.
7 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацу, ныххиз дӕлӕмӕ. Египетӕй кӕй ракодтай, уыцы адӕм сӕфты фӕндагыл ныллӕууыдысты+.
8 Куыд тагъд адзӕгъӕл сты, цы фӕндагыл сын бафӕдзӕхстон цӕуын, уымӕй!+ Сӕхицӕн сызгъӕрин род скодтой ӕмӕ йын кувынц, хӕссынц ын нывӕндтӕ ӕмӕ дзурынц: „Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта!“»+
9 Ӕмӕ ма Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй+.
10 Гъемӕ мӕ бауадз, цӕмӕй сӕм мӕ маст ссудза ӕмӕ сӕ фесафон+ ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон стыр адӕм»+.
11 Уӕд Моисей йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын*+ байдыдта: «Нӕ, Йегъовӕ, куыд хъуамӕ ссудза дӕ маст+ дӕ адӕммӕ, Египетӕй де стыр тыхӕй ӕмӕ дӕ фидар къухӕй кӕй ракодтай, уыдонмӕ?
12 Египетӕгтӕ+ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ зӕгъой: „Ардыгӕй сӕ уый тыххӕй акодта, цӕмӕй сӕ хӕхты ’хсӕн фӕцӕгъда ӕмӕ зӕххы цъарыл сӕ кой дӕр мауал уа“?+ Бауром де стыр маст+ ӕмӕ, дӕ адӕмӕн цы бакӕнынмӕ хъавыдтӕ, уый ма бакӕн*+.
13 Ӕрхъуыды кӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Израилы. Дӕхицӕй сын куы расомы кодтай+ ӕмӕ сын афтӕ куы загътай: „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ уын сбирӕ кӕндзынӕн уӕ байзӕддӕгты+, ӕмӕ, цы зӕххӕй загътон, уый иууылдӕр ратдзынӕн уӕ байзӕддӕгтӕн+, цӕмӕй уыдоны уа ӕнустӕм“»+.
14 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы загъта, афтӕ сын бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уый нал бакодта+.
15 Уый фӕстӕ Моисей хохӕй ӕрхызт+. Йӕ къухы уыди бадзырды* дыууӕ къӕйдуры+. Къӕйдуртыл дыууӕрдыгӕй дӕр уыди фыстытӕ – фыст сыл уыди иуырдыгӕй дӕр ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр.
16 Уыцы къӕйдуртӕ скодта Хуыцау, ӕмӕ сыл цы фыстытӕ уыди, уыдон дӕр сыл скъахта Хуыцау+.
17 Уӕдмӕ Йесо айхъуыста адӕмы хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Цатыртӕ кӕм сты, уырдыгӕй хъуысы тохы+ хъӕр».
18 Фӕлӕ йын Моисей загъта:«Уый уӕлахиздзауты зарын нӕу+.Ӕмӕ, састы бынаты чи баззад, уыдоны хъарӕг дӕр нӕу.Мӕнмӕ бынтон ӕндӕр зарӕг хъуысы».
19 Гъемӕ Моисей, цатыртӕ кӕм уыдысты, уырдӕм куы ’рбаввахс ӕмӕ роды+ куы федта, стӕй адӕм куыд кафынц, уый, уӕд йӕ маст ссыгъд, ӕмӕ къӕйдуртӕ хохрӕбын зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты+.
20 Стӕй, цы род скодтой, уый арты басыгъта, ныммур ӕй кодта+, цӕугӕдоны+ йӕ ныккалдта ӕмӕ дзы Израилы фырттӕн бануазын кодта+.
21 Уый фӕстӕ Моисей Ааронӕн загъта: «Цы дын бакодтой ацы адӕм, ахӕм стыр тӕригъӕды сӕ куыд бафтыдтай?»
22 Аарон ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ма мӕм мӕсты кӕн. Ацы адӕмы дӕхӕдӕг дӕр хорз куы зоныс. Зоныс ӕй, ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй сты+.
23 Уыдон мын загътой: „Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа+, уымӕн ӕмӕ нӕ Египетӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ’рцыди, уый нӕ зонӕм“.
24 Ӕмӕ сын ӕз дӕр загътон: „Сызгъӕринтӕ уӕ кӕмӕ ис? Рафтаут сӕ ӕмӕ мӕм сӕ ӕрбахӕссут“. Гъемӕ уыцы сызгъӕринтӕ арты баппӕрстон, ӕмӕ дзы мӕнӕ ацы род рауад».
25 Моисей федта, адӕмӕн бауромӕн кӕй нал ис, уый, уымӕн ӕмӕ сӕ Аарон сӕхи бар ауагъта+, ӕмӕ сӕхи се знӕгты раз фӕхудинаг кодтой+.
26 Ӕмӕ уӕд Моисей, адӕмы цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уырдӕм бацӕуӕны раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы фарс чи у? Мӕ разы ӕрлӕууӕд!»+ Ӕмӕ Левийы фырттӕ се ’ппӕт дӕр йӕ разы ӕрӕмбырд сты.
27 Ӕмӕ сын уӕд загъта: «Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Алчидӕр уӕ йӕ хъама йӕ фарсыл ӕрцауындзӕд. Ӕмӕ иу бахизӕнӕй иннӕмӕ цатыртыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзилут, ӕмӕ уӕ алчидӕр амарӕд йе ’фсымӕры, йӕ хионы ӕмӕ йе ’мбалы“»+.
28 Ӕмӕ Левийы+ фырттӕ, Моисей сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой, ӕмӕ уыцы бон адӕмӕй фӕцагъды ӕртӕ мин лӕджы.
29 Моисей сын афтӕ загъта: «Абон Йегъовӕйы хъуыддаг аразгӕйӕ фидар ут+, уымӕн ӕмӕ уӕ алчидӕр цӕуы йӕ фырты ӕмӕ йе ’фсымӕры ныхмӕ+, ӕмӕ уӕ Хуыцау абон йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн»+.
30 Дыккаг бон Моисей адӕмӕн загъта: «Сымах стыр тӕригъӕд ракодтат+, ӕмӕ ныр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ссӕуон. Ныллӕгъстӕ йын кӕнон, ӕмӕ уын кӕд уӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнид»+.
31 Ӕмӕ Моисей фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ ссыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы адӕм стыр тӕригъӕд ракодтой – сӕхицӕн скодтой сызгъӕрин хуыцау!+
32 Бӕргӕ, куы сын ныххатыр кӕнис+. Кӕд нӕ, уӕд та дӕ курын, мӕ ном мын сыхал+ дӕ чиныгӕй+, кӕй фыссыс, уыцы чиныгӕй».
33 Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном+.
34 Ныр ацу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй+. Сӕ бафхӕрыны бон куы ’рцӕуа, уӕд та сӕ сӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕнӕмӕнг бафхӕрдзынӕн»+.
35 Ӕмӕ Йегъовӕ адӕмы бафхӕрдта, Ааронӕн кӕй саразын кодтой, уыцы роды тыххӕй+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «цӕсгом фӕлмӕн кӕнын».
^ Комк. «фӕфӕсмон кӕн, дӕ адӕмӕн цы фыд ракӕнын сфӕнд кодтай, ууыл».
^ Комк. «Ӕвдисӕнады».