Рацыд 23:1—33
23 Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн+. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу+.
2 Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу+. Искӕй хъуыддаг куы ’взарой, уӕд адӕмы зондыл ма ацу ӕмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, ӕмӕ рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн+.
3 Мӕгуырӕн йӕ хъуыддаг куы ’взарой, уӕд, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй йӕ фарс ма у+.
4 Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы фесӕфа ӕмӕ йӕ искуы куы фенай, уӕд ын ӕй ӕрбакӕн+.
5 Йе сӕфт дӕ чи уыны, уымӕн йӕ хӕрӕг йӕ уаргъы бын куы ’рхауа, уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ рӕзты ма ацу. Хӕрӕгӕн йӕ уаргъ иумӕ райсут+.
6 Мӕгуыры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд ын хӕрам тӕрхон ма рахӕсс+.
7 Дӕхи мӕнг ныхӕстӕй хиз+. Ӕнаххос ӕмӕ раст адӕймаджы ма амар – ӕз фыдгӕнӕджы раст адӕймагыл нӕ банымайдзынӕн+.
8 Гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны ӕмӕ раст адӕймагӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны+.
9 Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр+ – ӕрцӕуӕггаг цы у, уый уӕхи уд хорз зоны, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххыл+.
10 Ӕхсӕз азы тау дӕ хуым ӕмӕ йыл цы ’рзайа, уый-иу бафснай+,
11 фӕлӕ йӕ ӕвдӕм аз ма бакус, мацы дзы байтау+. Дӕ адӕмы ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ис, уыдон хӕрдзысты, цы дзы ӕрзайа, уый. Цы ма дзы баззайа, уый та бахӕрдзысты хъӕддаг сырдтӕ+. Афтӕ кӕн дӕ сӕнӕфсирдонӕн ӕмӕ дӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдонӕн дӕр.
12 Ӕхсӕз боны кус+, ӕвдӕм бон та мацы араз, цӕмӕй баулӕфой дӕ гал дӕр ӕмӕ дӕ хӕрӕг дӕр, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕр+.
13 Цы уын загътон, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут+. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕ нӕмттӕ дӕр ма дзурут. Сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй хаугӕ дӕр ма скӕнӕнт+.
14 Алы аз дӕр мӕ номыл кӕн ӕртӕ бӕрӕгбоны+.
15 Бӕрӕг кӕн Донгонд дзулты бӕрӕгбон+. Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ-иу авивы мӕйы+ авд боны хӕр донгонд дзултӕ+, уымӕн ӕмӕ уыцы мӕй рацыдтӕ Египетӕй. Ӕмӕ-иу мӕ размӕ афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд+.
16 Бӕрӕг кӕн Хорысӕры бӕрӕгбон дӕр+, цы байтыдтай, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыдонӕй фыццаг тыллӕг кӕй систай, уый номыл+. Афӕдзы кӕрон та бӕрӕг кӕн Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый куы бафснайай, уӕд+.
17 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕцӕг Хицау Йегъовӕйы размӕ+.
18 Мӕ нывонды тугимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы ӕрхӕсс. Ӕмӕ мын мӕ бӕрӕгбоны цы фиу ӕрхӕссай нывондӕн, уымӕй цы баззайа, уый-иу райсоммӕ ма ныууадз+.
19 Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ+.
Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц+.
20 Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды+, цӕмӕй дӕ фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ’ркӕна, цы бынат дын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм+.
21 Зӕд дӕ разы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ кӕс ӕмӕ йӕм хъус. Йӕ ныхмӕ ма цу – нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ+, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы.
22 Фӕлӕ йӕм алы хъуыддаджы дӕр куы хъусай ӕмӕ дын ӕз цыдӕриддӕр дзурын, уый куы кӕнай+, уӕд ӕз де знӕгтӕн уыдзынӕн се знаг, дӕу чи хъыгдары, уыдоны хъыгдардзынӕн+.
23 Мӕ зӕд ацӕудзӕн дӕ разӕй ӕмӕ дӕ ӕрбакӕндзӕн аморейтӕм, хеттӕм, ферезейтӕм, ханаайнӕгтӕм, евейтӕм ӕмӕ йевусейтӕм, ӕмӕ сӕ ӕз ныццӕгъддзынӕн+.
24 Ма-иу ӕрхау дӕ зонгуытыл сӕ хуыцӕутты раз ӕмӕ сын ма кув. Ӕмӕ уыдон цы мӕнгхуыцӕуттӕ аразынц, ахӕмӕй мацы араз+, фӕлӕ сын сӕ ныппырх кӕн ӕмӕ сын сӕ кувӕн дуртӕ ныссӕтт+.
25 Уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут+, ӕмӕ уын уый дӕтдзӕн дзул ӕмӕ дон+. Ӕз дӕ хъахъхъӕндзынӕн низтӕй+.
26 Уӕ сывӕрджын сылгоймӕгтӕй-иу ничи февзӕр уыдзӕн, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг уӕм нӕ уыдзӕн+. Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ цӕрӕнбон+.
27 Дӕ фӕндагыл цы адӕмтӕ ис, уыдонмӕ цалынмӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ фехъусдзысты мӕн тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+, ӕмӕ дын де знӕгты се ’ппӕты дӕр дӕ разӕй лидзӕг фӕкӕндзынӕн*+.
28 Цалынмӕ сӕм нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ сын ӕз сӕ ныфс асӕтдзынӕн+, ӕмӕ евейтӕ, ханаайнӕгтӕ ӕмӕ хеттӕ дӕ разӕй лидзӕг фӕуыдзысты+.
29 Ӕрмӕст сӕ дӕ разӕй иу азмӕ нӕ фӕсурдзынӕн, науӕд уыцы зӕххыл цӕрӕг нал уыдзӕн ӕмӕ дзы хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ уыдзысты ӕмӕ дӕ ӕнцад нӕ уадздзысты+.
30 Уыцы адӕмты гыццылгай дӕ разӕй фӕсурдзынӕн, цалынмӕ не сбирӕ уай ӕмӕ уыцы зӕхх дӕхи нӕ бакӕнай, уӕдмӕ+.
31 Ратдзынӕн дын зӕххытӕ Сырх денджызӕй филистимӕгты денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Стыр цӕугӕдоны* онг+, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕххы цӕрджыты ӕз ратдзынӕн дӕ къухмӕ ӕмӕ сӕ ды дӕ разӕй фӕсурдзынӕ+.
32 Ма-иу скӕн бадзырд нӕдӕр семӕ, нӕдӕр сӕ хуыцӕуттимӕ+.
33 Дӕ зӕххыл хъуамӕ ма цӕрой, науӕд дӕ рӕдийын кӕндзысты ӕмӕ мӕ разы тӕригъӕдтӕ араздзынӕ. Сӕ хуыцӕуттӕн сын куы кувай, уӕд дын уый суыдзӕн къӕппӕг»+.