Рацыд 22:1—31

22  Исчи гал кӕнӕ фыс куы адава ӕмӕ йӕ куы аргӕвда кӕнӕ йӕ куы ауӕй кӕна, уӕд галы тыххӕй хъуамӕ ратта фондз галы, фысы тыххӕй та – цыппар фысы+.  Исчи давӕджы+ йӕ хӕдзармӕ быргӕ куы фена+, ӕмӕ йӕ куы ныццӕва ӕмӕ давӕг йӕ цӕфӕй куы амӕла, уӕд, чи йӕ ныццавта, ууыл йӕ туг нӕ уыдзӕн+.  Фӕлӕ уыцы хабар боныгон куы ’рцӕуа, уӕд ыл уыдзӕн йӕ туг. Гъемӕ, давӕг цы радавта, уый хъуамӕ ӕнӕмӕнг бафида. Цӕмӕй йӕ бафида, уый йӕм куы нӕ уа, уӕд та йын йӕхи ауӕй кӕнӕнт, цӕмӕй, цы радавта, уый тыххӕй бафида+.  Цы радавта, уый йӕхимӕ удӕгасӕй куы разына,– гал уа, хӕрӕг ӕви фыс,– уӕд ӕй хъуамӕ бафида дыууӕ ахӕмӕй.  Исчи йӕ фосы искӕй хуыммӕ кӕнӕ сӕнӕфсирдонмӕ куы бауадза ӕмӕ йын йӕ хуым куы фесафой, уӕд ын ӕй хъуамӕ бафида+ йӕ хуымы хуыздӕр хорӕй кӕнӕ йӕ сӕнӕфсирдоны хуыздӕр сӕнӕфсирӕй.  Исчи арт куы скӕна ӕмӕ арт сындзытӕм куы ахиза, стӕй куыристӕ кӕнӕ кӕрдинаг хуым кӕнӕ хуым иууылдӕр куы басудза+, уӕд, арт чи скодта, уыцы адӕймаг хъуамӕ бафида, цы басыгъд, уый тыххӕй.  Исчи искӕмӕ йе ’хца кӕнӕ ӕндӕр исты куы ’рбахӕсса, дӕхимӕ мын сӕ нывӕр, зӕгъгӕ+, ӕмӕ йын сӕ йӕ хӕдзарӕй куы адавой ӕмӕ давӕджы куы ссарой, уӕд сӕ давӕг хъуамӕ дыууӕ ахӕмӕй бафида+.  Фӕлӕ давӕджы куы не ссарой, уӕд хӕдзары хицауы хъӕуы ӕцӕг Хуыцауы размӕ ӕрбакӕнын+, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной, кӕйдӕр ӕхцатӕ кӕнӕ дзаумӕттӕ йӕхӕдӕг кӕй нӕ бамбӕхста.  Цыфӕнды куы ’рцӕуа+: гал, хӕрӕг, фыс, дарӕс кӕнӕ ӕндӕр исты куы фесӕфа, ӕмӕ дыууӕ адӕймагӕй исчи куы зӕгъа, уый мӕн у, зӕгъгӕ, уӕд сӕ дыууӕйы хъуыддаг дӕр хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа ӕцӕг Хуыцаумӕ+. Ӕмӕ Хуыцау аххосджыныл кӕй банымайа, уыцы адӕймаг хъуамӕ иннӕмӕн, цы дзы фесӕфт, уый дыууӕ ахӕмӕй бафида+. 10  Исчи искӕмӕ йӕ хӕрӕджы, кӕнӕ йӕ галы, кӕнӕ йӕ фысы, кӕнӕ йӕ фосӕй ӕндӕр исты куы ныууадза, фӕкӕс мын ӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын куы амӕла кӕнӕ куы фӕсахъат уа кӕнӕ афтӕ куы рауайа, ӕмӕ йӕ ничи федта, афтӕмӕй йӕ атардтой, 11  уӕд уыцы адӕймаг Йегъовӕйӕ расомы кӕнӕд+, йӕ фос ын кӕй нӕ бамбӕхста, уый тыххӕй+. Фосы хицау ын йӕ ныхасыл хъуамӕ баууӕнда, ӕмӕ йӕ уӕд фидын ницы хъӕуы. 12  Фӕлӕ йын сӕ кӕд давгӕ акодтой*, уӕд хъуамӕ фосы хицауӕн бафида+. 13  Кӕд фосы хъӕддаг сырд бахордта+, уӕд ма дзы цы баззад, уый хъуамӕ ӕрбахӕсса, цӕмӕй йӕ йӕ хицау фена+. Хъӕддаг сырд ӕй куы бахӕра, уӕд ӕй фидын нӕ хъӕуы. 14  Иу иннӕмӕй гал кӕнӕ хӕрӕг куы ракура+, ӕмӕ йӕ хицау йӕ разы куы нӕ уа, афтӕмӕй куы фӕсахъат уа кӕнӕ куы амӕла, уӕд ын хъуамӕ йӕ хицауӕн бафида+. 15  Фӕлӕ йӕ хицау йӕ разы куы уа, уӕд ӕй фидын нӕ хъӕуы. Кӕд ын йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг ӕххуырсгӕ бакодта ӕмӕ йын афтӕмӕй исты кодта, уӕд ын цы ’хца бафыста, уымӕй уӕлдай фидын ницы хъӕуы. 16  Фидыд чи никӕимӕ у, ахӕм чызджы исчи куы фӕрӕдийын кӕна+, уӕд хъуамӕ ирӕд бафида ӕмӕ йӕ ракура+. 17  Фӕлӕ йын ӕй йӕ фыд куы нӕ ратта, уӕддӕр хъуамӕ ӕхца бафида, чызджы тыххӕй ирӕд цас вӕййы, уыйбӕрц+. 18  Кӕлӕнгӕнӕг усы удӕгасӕй ма ныууадз+. 19  Фосимӕ чи схуысса, уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+. 20  Йегъовӕйы йеддӕмӕ ма ӕндӕр хуыцӕуттӕн нывӕндтӕ чи хӕссы, уый хъӕуы фесафын+. 21  Ӕрцӕуӕггаджы ма хъыгдар ӕмӕ йӕ ма ’фхӕр+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдыстут+. 22  Идӕдз усы ӕмӕ сидзӕры* ма ’фхӕрут+. 23  Куы сӕ ’фхӕрай ӕмӕ мӕм куы сдзыназой, уӕд сын ӕз сӕ дзыназын ӕнӕмӕнг фехъусдзынӕн+. 24  Ӕмӕ уӕд мӕ маст ссудздзӕн+, ӕмӕ уӕ карды комӕй фӕцӕгъддзынӕн, ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ устытӕ баззайдзысты идӕдзтӕй, уӕ фырттӕ – сидзӕртӕй+. 25  Мӕ адӕмӕй исчи тыхст куы уа ӕмӕ йын ӕхца ӕфстау куы раттай+, уӕд иннӕ ӕфстаудӕтджыты хуызӕн ма у. Проценттӕ дзы ма ис+. 26  Исчи дӕ исты куы дара, ӕмӕ йын йӕ дарӕс цъынды куы райсай+, уӕд, цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йын ӕй фӕстӕмӕ ратт, 27  уымӕн ӕмӕ йын йӕ буар бамбӕрзынӕн ӕндӕр ницы ис+, йӕ уӕлӕ дӕр уый ӕрбакӕны. Ӕмӕ цӕй мидӕг схуысса, уый йын куы нӕ уа, уӕд мӕм сдзыназдзӕн ӕмӕ йӕ фехъусдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау дӕн+. 28  Ма ӕлгъит Хуыцауы+, ма ӕлгъит дӕ адӕмы хистӕрты дӕр+. 29  Цы тыллӕг сисыс ӕмӕ дӕ сӕндуцӕнтӕй цы бирӕ сӕн рацӕуы, дӕ сойлӕмарӕнтӕй цы бирӕ сой ракӕлы, уымӕй мын куы дӕттай, уӕд ӕй ӕвгъау ма кӕн+. Фыццаг дын цы фырт райгуыра, уый-иу ратт мӕнӕн+. 30  Дӕ род ӕмӕ-иу дӕ уӕрыккӕн та афтӕ бакӕн+: авд боны йӕ уадз йӕ мадимӕ+, ӕстӕм бон та йӕ мӕнӕн снывонд кӕн. 31  Сымах хъуамӕ уат мӕ сыгъдӕг адӕм+. Хъӕддаг сырд кӕй бахӕра, уыцы фосы дзидза ма хӕрут+, куыйтӕн-иу ӕй аппарут+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома сӕ дзӕбӕх кӕй нӕ хъахъхъӕдта, уый тыххӕй.
Комк. «ӕнӕ фыдӕй чи баззад, ахӕм лӕппуйы».