Райдиан 43:1—34

43  Уыцы бӕстӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг скодта+.  Ӕмӕ Египетӕй цы хор ӕрбаластой, уый куы фӕци+, уӕд сын сӕ фыд загъта: «Ногӕй ацӕут ӕмӕ та иу гыццыл хойраг балхӕнут»+.  Уӕд ын Иудӕ дзуапп радта+: «Уыцы адӕймаг нӕ фӕдзӕхсгӕ бакодта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут, зӕгъгӕ+.  Кӕд нын не ’фсымӕры немӕ ауадзай+, уӕд ацӕудзыстӕм ӕмӕ балхӕндзыстӕм хойраг.  Кӕд нӕ, уӕд та никуыдӕм ацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нын уыцы адӕймаг афтӕ загъта, уе ’фсымӕр уемӕ куы нӕ уа, уӕд мын уӕхи мауал фенын кӕнут, зӕгъгӕ»+.  Ӕмӕ уӕд Израил загъта+: «Ахӕм ми мын цӕмӕн бакодтат? Уыцы лӕгӕн цӕмӕн загътат, ӕфсымӕр ма уын кӕй ис, уый?»  Уыдон ын дзуапп радтой: «Йӕхӕдӕг нӕ фарста нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕтты тыххӕй дӕр, уӕ фыд ма, дам, ӕгас у+, ӕфсымӕр ма уын ис, ӕмӕ йын мах дӕр дзуапп лӕвӕрдтам+. Кӕцӕй йӕ зыдтам, ӕмӕ нын афтӕ зӕгъдзӕн, зӕгъгӕ, уе ’фсымӕры ардӕм ӕркӕнут?»+  Фӕстагмӕ Иудӕ йӕ фыд Израилӕн загъта: «Ауадз лӕппуйы мемӕ+, цӕмӕй ацӕуӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайӕм, науӕд иууылдӕр ӕххормагӕй амӕлдзыстӕм+ – мах дӕр, ды дӕр ӕмӕ нӕ гыццыл сывӕллӕттӕ дӕр+.  Дзырд дын дӕттын, ницы йыл ӕрцӕудзӕн+. Исты йыл куы ’рцӕуа, уӕд-иу дзуапп мӕнӕй ӕрдом+. Фӕстӕмӕ дӕм ӕй куы не ’ркӕнон ӕмӕ йӕ дӕ разы куы не ’рлӕууын кӕнон, уӕд цӕрӕнбонтӕм аххосджын уыдзынӕн дӕ разы. 10  Ракӕ-бакӕ куы нӕ кодтаиккам, уӕд афонмӕ дыууӕ хатты ацыдаиккам ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрцыдаиккам»+. 11  Уӕд сын сӕ фыд Израил загъта: «Кӕд ӕндӕр гӕнӕн нал ис+, уӕд афтӕ бакӕнут. Уыцы лӕгӕн лӕварӕн уӕ голджыты ахӕссут, ацы зӕххыл хуыздӕрӕй цы ис, уый+: иу гыццыл бальзам+, иу гыццыл мыд+, хӕрздӕф чъиу, чъиубӕласы цъар+, фисташкӕтӕ ӕмӕ миндалы ӕхсӕртӕ+. 12  Стӕй уемӕ ӕхца ахӕссут дыууӕ хатты фылдӕр, ӕмӕ уын уӕ голджыты кӕй раздӕхтой, уыцы ’хцатӕ дӕр фӕстӕмӕ ахӕссут+. Мыййаг кӕд рӕдийгӕ фӕкодтой+. 13  Ӕмӕ уе ’фсымӕры дӕр акӕнут ӕмӕ ацӕут уыцы адӕймагмӕ. 14  Ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕрфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ+, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна ӕмӕ уын уӕ иннӕ ӕфсымӕры дӕр ӕмӕ Вениамины дӕр фӕстӕмӕ рауадза. Фӕлӕ кӕд афтӕ уа, ӕмӕ мӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕн, уӕддӕр цы бакӕнон!»+ 15  Гъемӕ уыдон дӕр нывӕрдтой сӕ лӕвӕрттӕ, рахастой дыууӕ хатты фылдӕр ӕхца, семӕ ракодтой Вениамины дӕр ӕмӕ араст сты Египетмӕ. Ӕмӕ уым Иосифы раз ӕрлӕууыдысты+. 16  Иосиф сын семӕ Вениамины куы федта, уӕд, йӕ хӕдзары сӕргъы кӕй сӕвӕрдта, уыцы лӕгӕн загъта: «Ацы адӕмы хӕдзармӕ акӕн. Фосӕй акусарт кӕн ӕмӕ фынгтӕ ӕрӕвӕр+, уымӕн ӕмӕ сихор мемӕ хӕрдзысты». 17  Ӕмӕ уый дӕр, Иосиф ын куыд загъта, афтӕ бакодта+, ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй Иосифы хӕдзармӕ акодта. 18  Фӕлӕ ӕфсымӕртӕ тынг фӕтарстысты, Иосифы хӕдзармӕ сӕ кӕй акодтой, уымӕй+, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай размӕ ӕхца фӕстӕмӕ нӕ голджыты кӕй ахастам, уый тыххӕй нӕ кӕнынц ардӕм. Ныр нӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ нӕ сӕхицӕн цагъартӕ скӕндзысты ӕмӕ нын нӕ хӕрджыты дӕр байсдзысты!»+ 19  Ӕмӕ уӕд, Иосифы хӕдзары сӕргъы ӕвӕрд чи уыди, уымӕ бацыдысты ӕмӕ къӕсӕрыл йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой 20  ӕмӕ йын загътой: «Дӕ хорзӕхӕй, байхъус нӕм, нӕ буц хицау! Мах ма амӕй размӕ дӕр уыдыстӕм ам хор ӕлхӕнынмӕ+. 21  Фӕлӕ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдыстӕм+, уым нӕ голджытӕ куы байгом кодтам, уӕд кӕсӕм, ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ голладжы ӕхцатӕ – не ’хцатӕ иууылдӕр. Ӕмӕ сӕ мӕнӕ фӕстӕмӕ ӕрхастам+. 22  Хор балхӕнынӕн дӕр рахастам ӕхца. Гъеныр нын не ’хцатӕ нӕ голджыты чи сӕвӕрдта, уымӕн ницы зонӕм»+. 23  Уӕд сын уый загъта: «Ма тӕрсут+. Ницы аххосджын стут. Уый уын уӕ Хуыцау ӕмӕ уӕ фыды Хуыцау нывӕрдта уыцы хӕзна уӕ голджыты+. Уӕд кӕй бафыстат, уый ӕз зонын». Ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ Симеоны дӕр ракодта+. 24  Стӕй сӕ Иосифы хӕдзармӕ мидӕмӕ бакодта, ӕрбахаста сын дон, цӕмӕй сӕ къӕхтӕ ныхсадтаиккой+, ӕмӕ сын сӕ хӕрджытӕн холлаг радта+. 25  Ӕмӕ сихормӕ, Иосифы ӕрбацыдмӕ, сӕ лӕвӕрттӕ ӕрцӕттӕ кодтой+, уымӕн ӕмӕ фехъуыстой, сихор уым кӕй хӕрдзысты+. 26  Иосиф куы ’рбацыд, уӕд ӕм сӕ лӕвӕрттӕ хӕдзармӕ бахастой ӕмӕ йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой+. 27  Уый фӕстӕ сӕ Иосиф бафарста, дзӕбӕх стут, зӕгъгӕ, стӕй ма сӕ афарста+: «Уӕ зӕронд фыды кой мын кодтат, ӕмӕ куыд у, дзӕбӕх у? Ӕгас ма у?»+ 28  Уыдон ын дзуапп радтой: «Дӕ цагъар, нӕ фыд, дзӕбӕх у. Нырма ӕгас у». Ӕмӕ та йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ныллӕг акуывтой+. 29  Иосиф сыл йӕ цӕст куы ахаста ӕмӕ йе ’фсымӕр Вениамины, йӕ мадызӕнӕджы+, куы федта, уӕд сӕ бафарста: «Ай у уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр? Ай кой мын кодтат?»+ Ӕмӕ стӕй загъта: «Хуыцауы хорзӕхӕй хайджын у+, мӕ хъӕбул!» 30  Ӕмӕ Иосифӕн, йе ’фсымӕры фенгӕйӕ, йӕ зӕрдӕ суынгӕг+, ӕмӕ тагъд-тагъд мидӕггаг уатмӕ бацыд ӕмӕ уым фӕкуыдта+. 31  Стӕй йӕ цӕсгом ныхсадта, уатӕй рацыд, йӕхи фӕхъӕддых кодта ӕмӕ загъта+: «Рахӕссут хӕринӕгтӕ»+. 32  Ӕмӕ Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, уыдонӕн дӕр хицӕнӕй, стӕй, Иосифимӕ сихор чи хордта, уыцы египетӕгтӕн дӕр хицӕнӕй – египетӕгтӕн дзуттӕгтимӕ сӕ бон нӕ уыд иу фынгыл ӕрбадын, уымӕн ӕмӕ уый сӕ сӕрмӕ нӕ хӕссынц+. 33  Ӕфсымӕрты Иосифы раз ӕрбадын кодтой куыдхистӕрӕй: уӕлейӕ бадт хистӕр ӕфсымӕр, хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ+, ӕппӕты дӕлейӕ та – кӕстӕр, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзимӕ дисгӕнгӕ ракӕс-бакӕс кодтой. 34  Ӕмӕ йын йӕ разы цы хӕринӕгтӕ ӕвӕрдтой, уыдонӕй сын хӕйттӕ ӕрвыста. Фӕлӕ Вениаминӕн цы хӕйттӕ ӕрвыста, уыдон иннӕты хӕйттӕй уыдысты фондз хатты фылдӕр+. Ӕмӕ афтӕ йемӕ дзӕбӕх минас кодтой+.

Фиппаинӕгтӕ