Псалом 8:1—9

Амонӕгӕн. Гиттит*+. Давиды зарӕг. 8  О Йегъовӕ, нӕ Хицау, куыд диссаг у дӕ ном ӕгас зӕххыл дӕр!+Дӕ кады кой хъуысы ӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр!+   Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидай сывӕллӕттӕ дӕ сӕрыл фидарӕй дзурынц+,Демӕ чи тох кӕны+, уыдоны раз,Цӕмӕй бауромай знаджы ӕмӕ мастисӕджы+.   Куы фӕкӕсын арвмӕ, дӕ къухты* фыдӕбонмӕ+,Де сконд мӕймӕ ӕмӕ стъалытӕм+,   Уӕд цы у зӕххон адӕймаг+, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай?+Ӕмӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?+   Зӕдтӕй* йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай+,Кад+ ӕмӕ намысы худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл+.   Дӕ къухты фыдӕбон ын йӕ дӕлбар бакодтай+.Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын+:   Лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны+Ӕмӕ хъӕддаг сырдты+,   Уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты+,Денджызты чи ленк кӕны, уыцы цӕрӕгойты+.   О Йегъовӕ, нӕ Хицау, куыд диссаг у дӕ ном ӕгас зӕххыл дӕр!+

Фиппаинӕгтӕ

Музыкалон термин. Бӕлвырдӕй цы нысан кӕны, уый бӕрӕг нӕу.
Комк. «де ’нгуылдзты».
Дзут. «Хуыцауы хуызӕн чи у, уыдонӕй».