Псалом 66:1—20
Амонӕгӕн. Зарӕг, псалом.
66 Зӕххыл цӕрӕг адӕм, иууылдӕр фырцинӕй хъӕр кӕнут ӕмӕ Хуыцауӕн зарут+.
2 Зарут йӕ номы кадӕн+.Йӕ кад ын бӕрзонд сисут+.
3 Зӕгъут Хуыцауӕн: «Дӕ хъуыддӕгтӕ адӕймагыл тас ӕфтауынц!+Дӕ хъару афтӕ стыр у, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ разы кӕндзысты зӕрдӕлхӕнӕн митӕ+.
4 Зӕххыл цӕрӕг адӕм дын иууылдӕр бакувдзысты+Ӕмӕ дын зардзысты, зардзысты дӕ номӕн»+. (Села́)
5 Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Хуыцауы хъуыддӕгтӕ+.Адӕймаджы фыртты ’хсӕн цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон адӕймагыл тас ӕфтауынц+.
6 Уый денджыз сур зӕхх фестын кодта+,Уыдон цӕугӕдоны сӕрты фистӕгӕй ахызтысты+.Ӕмӕ уым цин кодтам, цы нын сарӕзта, уыдӕттыл+.
7 Уый йӕ хъомысӕй разамынд дӕтты ӕнустӕм+.Йӕ цӕст дары адӕмтӕм+.Хивӕнд чи у, уыдон та сӕхи ма бӕрзонд кӕнӕнт+. (Села́)
8 Адӕмтӕ, раарфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн+.Уадз ӕмӕ хъуысӕд, куыд ӕй кадджын кӕнут, уый+.
9 Уый нын хъахъхъӕны нӕ уд+,Нӕ къах нын цудын нӕ уадзы+.
10 Ды нын ныккастӕ нӕ зӕрдӕтӕм, о Хуыцау+,Ӕвзист куыд ссыгъдӕг кӕнынц, афтӕ нӕ ссыгъдӕг кодтай+.
11 Цуаноны хызмӕ нӕ бакодтай+,Уӕззау уаргъ ныл* сӕвӕрдтай.
12 Ды бауагътай, цӕмӕй зӕххон адӕймаджы бӕхуӕрдӕттӕ нӕ сӕрыл атылдаиккой+.Мах ахызтыстӕм арт ӕмӕ доныл+,Ӕмӕ нын ды ӕнцой ӕрхастай+.
13 Ӕз дӕ хӕдзармӕ ӕрцӕудзынӕн судзинаг нывӕндтимӕ+,Ӕмӕ дӕ разы сӕххӕст кӕндзынӕн мӕ сомытӕ+,
14 Мӕ дзыхӕй чи рацыд+,Мӕ тыхсты сахат ме ’взаг кӕй загъта, уыдон+.
15 Судзинаг нывондӕн дын ӕрхӕсдзынӕн хӕрзхаст фос+Нывондӕн хаст фырыты фӕздӕгимӕ.Нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн гал ӕмӕ сӕгътӕ+. (Села́)
16 Хуыцауӕй чи тӕрсы, уе ’ппӕт дӕр ӕрцӕут ӕмӕ мӕм байхъусут, ӕз уын радзурдзынӕн+,Мӕ удӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый тыххӕй+.
17 Ӕз ӕм куывтон+,Ме ’взагӕй йӕ кадджын кодтон+.
18 Кӕд мӕ зӕрдӕйы исты фыдвӕнд уыди,Уӕд мӕ Йегъовӕ нӕ фехъусдзӕн+.
19 Фӕлӕ мӕ Хуыцау фехъуыста+.Йӕ хъус ӕрдардта мӕ куывдмӕ+.
20 Табу Хуыцауӕн, мӕ куывдӕй йе ’ргом чи нӕ аздӕхтаӔмӕ мӕ йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай чи нӕ фӕкодта+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «нӕ синтыл».