Псалом 65:1—13

Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг. 65  О Хуыцау, Сионыл+ дӕуӕн ӕмбӕлы кад, дӕ разы ӕмбӕлы ӕнӕдзургӕйӕ лӕууын.Цӕй тыххӕй дын расомы кодтам, уыдон сӕххӕст кӕндзыстӕм+.   Куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау, дӕумӕ ӕрцӕудзысты адӕм иууылдӕр+.   Мӕ рӕдыдтытӕ мыл тых кӕнынц+.Ды нын ныххатыр кӕндзынӕ нӕ тӕригъӕдтӕ+.   Амондджын у уыцы адӕймаг, ды кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай+,Цӕмӕй дӕ кӕртыты цӕра+.Мах бафсӕддзыстӕм дӕ хӕдзары хорздзинӕдтӕй+,Дӕ рухс кувӕндоны хорздзинӕдтӕй+.   Ды нын дзуапп ратдзынӕ, рӕстдзинады номыл цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сараздзынӕ, уыдонӕй+,О нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау+,Дӕуыл дарынц сӕ зӕрдӕ, зӕххы кӕрӕтты ӕмӕ дард денджызты былгӕрӕтты чи цӕры, уыдон+.   Уый хӕхтӕ ӕрфидар кодта йӕ тыхӕй+,Йӕ астӕу ӕлвӕст у хъомысӕй+.   Ныссабыр кӕны денджызты хъӕр+,Сӕ уылӕнты хъӕр ӕмӕ, чи змӕнты, уыцы адӕмыхӕттыты+.   Зӕххы кӕрӕтты чи цӕры, уыдон фӕтӕрсдзысты дӕ диссӕгтӕй+.Ды хурыскаст ӕмӕ хурныгуылд фырцинӕй зарынтыл фӕкӕныс+.   Ды де ’ргом раздӕхтай зӕхмӕ, цӕмӕй йыл алцыдӕр парахатӕй уа+,Алцӕмӕй йӕ хъӕздыг кӕныс.Хуыцауӕй цы цӕугӕдон цӕуы, уый йӕ былтӕй кӕлы+.Ды афтӕ бакодтай, ӕмӕ сӕ хоры хуымтӕ тыллӕг дӕттынц+,Ӕмӕ афтӕмӕй зӕххӕн дӕттыс бӕркад+. 10  Йӕ гутоны хӕххытӕ донӕй бафсӕдынц, йӕ къуыбӕрттӕ слӕгъз вӕййынц+.Тӕрккъӕвдатӕй йӕ сфӕлмӕн кӕныс, арфӕ йын кӕныс йе ’взартӕн+. 11  Афӕдзыл дӕ хорздзинӕдтӕ кадыхудау ӕркодтай+,Дӕ къахвӕдтӕй тӕдзы бӕркад+. 12  Ӕдзӕрӕг бӕстӕйы хизӕнтӕн сӕ сой тӕдзы+,Ӕмӕ къуыбыртӕ сӕ астӕутӕ цинӕй ӕрбалвӕстой+. 13  Хизӕнтӕ сӕхи сфӕлыстой фосы дзугтӕй+,Дӕлвӕзтӕ хортӕй сӕхи стыхтой+.Фырцинӕй хъӕр кӕнынц, зарынц+.

Фиппаинӕгтӕ