Псалом 54:1—7

Амонӕгӕн. Хъисфӕндыртыл. Маскил*. Давиды псалом. Зифы цӕрджытӕ Саулмӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ йын куы загътой, зоныс, Давид махмӕ кӕй ӕмбӕхсы, зӕгъгӕ, уӕд+. 54  О Хуыцау, фервӕзын мӕ кӕн дӕ номы фӕрцы+,Дӕ хъомысы фӕрцы мӕ сӕрыл рахӕц+.   О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд+,Мӕ ныхӕстӕм мын дӕ хъус ӕрдар+.   Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ,Ӕгъатыр адӕм мӕ хъавынц марынмӕ+.Уыдонмӕ Хуыцау нымады дӕр нӕу+. (Села́)   Мӕнӕн Хуыцау у ме ’ххуысгӕнӕг+.Йегъовӕ ис, мӕ удӕн фӕхӕцӕг чи у, уыдонимӕ.   Уый ме знӕгтӕн сӕ фыддзинад бафиддзӕн+.Дӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ афтӕ бакӕн, ӕмӕ ӕнустӕм бамыр уой+.   Ӕз дын зӕрдиагӕй ӕрхӕсдзынӕн нывонд+.Дӕ ном дын кадджын кӕндзынӕн, о Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ уымӕй хуыздӕр ницы ис+.   Ме ’ппӕт фыдбылызтӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта+.Ӕмӕ ме знӕгтӕм кастӕн сӕрыстырӕй+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Пс 32:разн., фип.