Псалом 43:1—5
43 Тӕрхон мын кӕн+, о Хуыцау,Мӕ хъуыддаг мын дӕхимӕ райс+ ӕмӕ, мӕнгард чи у, уыцы адӕммӕ ӕркӕс.Фӕлитой чи у ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймагӕй мӕ фервӕзын кӕн+.
2 Ды дӕ мӕ Хуыцау, мӕ фидар мӕсыг+.Дӕхицӕй мӕ цӕмӕн аппӕрстай?Ме знаг мӕ цӕмӕн ӕфхӕры, ӕмӕ ӕнкъардӕй цӕмӕн рацу-бацу кӕнын?+
3 Рарвит дӕ рухс ӕмӕ дӕ рӕстдзинад*+.Уыдон мын амонӕнт фӕндаг+.Ӕмӕ мӕ ӕркӕнӕнт дӕ сыгъдӕг хохмӕ ӕмӕ дӕ кадджын цатырмӕ+.
4 Ӕмӕ ӕз ӕрбацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ+,Хуыцаумӕ – уый у ме стыр цин+.Ӕмӕ дӕ кадджын кӕндзынӕн, дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдгӕйӕ, о Хуыцау, мӕ Хуыцау+.
5 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр цӕмӕн сдӕ, мӕ уд+,Цӕуыл катай кӕныс мӕ мидӕг?Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс+.Ӕз ӕй нырма кадджын кӕндзынӕн – ме стыр ирвӕзынгӕнӕджы ӕмӕ мӕ Хуыцауы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».