Псалом 137:1—9
137 Мах бадтыстӕм+ Вавилоны цӕугӕдӕтты был+Ӕмӕ Сион мысгӕйӕ куыдтам+.
2 Уым гӕдыбӕлӕстыл+Ӕрцауыгътам нӕ дыууадӕстӕнон фӕндыртӕ+.
3 Уацары нӕ чи акодта, уыдон нӕ зарын кодтой+.Чи нӕ хынджылӕг кодта, уыдон нын дзырдтой, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ бахъӕлдзӕг кодтаиккам+:«Сионы зарджытӕй-ма нын азарут»+.
4 Фӕлӕ Йегъовӕйы зарӕг+ ӕцӕгӕлон зӕххылКуыд хъуамӕ зарӕм?+
5 О Иерусалим, искуы дӕ куы ферох кӕнон+,Уӕд мӕ рахиз къух мацӕмӕуал сарӕхсӕд.
6 Ӕз дӕу куы ферох кӕнон+,Иерусалим ме стырдӕр цинӕй уӕлдӕрКуы нӕ сӕвӕрон+,Уӕд ме ’взаг мӕ комарынгыл баныхӕсӕд+.
7 О Йегъовӕ, Едомы фырттӕн+ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн+, Иерусалим куы ныппырх, уыцы бон+.Уыдон дзырдтой: «Ныппырх ӕй кӕнут! Ныппырх ӕй кӕнут! Дур дзы дурыл мауал ныууадзут!»+
8 О Вавилон, дӕуӕн ӕрцӕудзӕн де сӕфт!+Амондджын уыдзӕн, ды махӕн куыд бакодтай,Дӕуӕн дӕр афтӕ чи бакӕна+.
9 Амондджын уыдзӕн, дӕ сывӕллӕтты дын чи райса+Ӕмӕ сӕ къӕдзӕхыл чи фӕхойа.