Псалом 110:1—7

Давиды псалом. Зарӕг. 110  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн+:«Бад мӕ рахиз фарс+,Цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»+.   Йегъовӕ Сионӕй рарвитдзӕн+ дӕ хъаруйы лӕдзӕг+ ӕмӕ зӕгъдзӕн:«Бацу де знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ дӕ дӕлбар бакӕн»+.   Дӕ тохы бон+ дӕ адӕм+ лӕудзысты цӕттӕйӕ*+.Сыгъдӕгдзинадӕй ӕрттывдтытӕ калгӕ+ дӕм ӕрбацӕуынц дӕ фӕсивӕд,Уыдон сты, райсомӕй раджы чи райгуыры, уыцы ӕртӕхы хуызӕн+.   Йегъовӕ расомы кодта+,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн+:«Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджынӔнустӕм!»+   Йегъовӕ ис дӕ рахиз фарс+,Уый йӕ судзгӕ масты бон паддзӕхты ныппырх кӕндзӕн+.   Уый адӕмтӕн стӕрхон кӕндзӕн+,Зӕхх байдзаг кӕндзӕн мӕрдтӕй+.Бирӕ цӕрӕг кӕм ис, уыцы зӕххы хицауы ныппырх кӕндзӕн+.   Фӕндагыл дӕлвӕзы цӕугӕдонӕй нуаздзӕни дон+.Йӕ сӕрыл бӕрзонд дӕр уый тыххӕй схӕцдзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «зӕрдиагӕй; барвӕндонӕй».