Нымӕцтӕ 8:1—26

8  Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта:  «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Цырагъдарӕны авд цырагъы-иу куы судзай, уӕд-иу сӕ афтӕ сӕвӕр, цӕмӕй цырагъдарӕны раз рухс уа“»+.  Ӕмӕ Аарон дӕр афтӕ кодта. Ссыгъта-иу цырӕгътӕ, цӕмӕй, цырагъдарӕн+ кӕм уыд, уыцы бынаты рухс уыдаид, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.  Цырагъдарӕн конд уыди афтӕ: йӕ зӕнгӕй йӕ дидинджыты онг конд уыд куырды къухӕй+, конд уыди сызгъӕринӕй. Моисей цырагъдарӕн скодта, Йегъовӕ йын ӕй цӕстылуайӕны куыд равдыста, афтӕ+.  Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта:  «Левитты ракӕн Израилы фыртты ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн+.  Ӕмӕ сӕ цӕмӕй ссыгъдӕг кӕнай, уый тыххӕй афтӕ бакӕн: бапырх сыл кӕн, тӕригъӕдӕй чи сыгъдӕг кӕны, уыцы дон+, ӕмӕ хъуамӕ сӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр ныддасой+, сӕ уӕлӕдарӕс ныхсой+ ӕмӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной+.  Стӕй райсӕнт уӕныг+ ӕмӕ йемӕ хоры кувинаг+ – соимӕ змӕст ӕппӕты хуыздӕр ссад. Ды та райсдзынӕ ӕндӕр уӕныджы тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн+.  Ӕмӕ левитты ӕрлӕууын кӕн ӕмбырды цатыры раз ӕмӕ Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕн+. 10  Левитты ӕрлӕууын кӕн Йегъовӕйы раз, ӕмӕ сыл+ Израилы фырттӕ сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдзысты+. 11  Ӕмӕ Аарон левиттӕн зӕгъдзӕн, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый у, кӕй батилынц+, ахӕм нывонд Израилы фырттӕй. Ӕмӕ уыдон лӕггад кӕндзысты Йегъовӕйӕн+. 12  Уый фӕстӕ левиттӕ сӕ къухтӕ уӕнгуыты сӕртыл ӕрӕвӕрдзысты+. Ӕмӕ уӕнгуытӕй иуы Йегъовӕйӕн ӕрхӕсдзынӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн, иннӕйы та – судзинаг нывондӕн, цӕмӕй левитты сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнай+. 13  Стӕй левитты ӕрлӕууын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыдзӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн. 14  Левитты Израилы фырттӕй рахицӕн кӕн, ӕмӕ левиттӕ уыдзысты мӕн+. 15  Уый фӕстӕ левиттӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ лӕггад кӕндзысты ӕмбырды цатыры+. Уӕдӕ сӕ ссыгъдӕг кӕн ӕмӕ сын зӕгъ, цӕмӕй сӕхи дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыдзӕн, кӕй батилынц, ахӕм нывонд+. 16  Уыдон сты лӕвӕрд, лӕвӕрд сты мӕнӕн Израилы фырттӕй+. Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+ ӕз мӕхицӕн исын левитты, 17  уымӕн ӕмӕ Израилы алы фыццаггуырд дӕр мӕн у – адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр+. Египеты фыццаггуырдты се ’ппӕты дӕр цы бон ныццагътон, уыцы бон ӕз загътон+, цӕмӕй Израилы алы фыццаггуырды дӕр снывонд кӕной мӕнӕн+. 18  Ӕмӕ ӕз левитты мӕхицӕн исын, Израилы цыдӕриддӕр фыццаггуырдтӕ ис, уыдоны бӕсты+. 19  Ӕз Израилы фырттӕй равзӕрстон левитты ӕмӕ сӕ дӕттын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. Уыдон лӕггад кӕндзысты ӕмбырды цатыры Израилы фыртты бӕсты+ ӕмӕ-иу сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕндзысты, цӕмӕй Израилы фырттӕ сыгъдӕг бынатмӕ хӕстӕг ма цӕуой ӕмӕ сыл бӕллӕх ма ’рцӕуа»+. 20  Ӕмӕ Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы фырттӕ иууылдӕр левиттӕн афтӕ бакодтой. Йегъовӕ Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой Израилы фырттӕ. 21  Левиттӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой+ ӕмӕ сӕ уӕлӕдарӕс ныхсадтой. Уый фӕстӕ сын Аарон загъта, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм уигъӕгау акӕной – уый уыд, кӕй батилынц, ахӕм нывонд+. Стӕй сӕ Аарон сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодта+. 22  Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ӕрбацыдысты левиттӕ, цӕмӕй ӕмбырды цатыры Аарон ӕмӕ йӕ фыртты раз лӕггад кӕной+. Йегъовӕ Моисейӕн левитты тыххӕй куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодтой адӕм. 23  Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 24  «Мӕнӕ ай у уагӕвӕрд левитты тыххӕй: левит цатыры лӕггад кӕнын райдайдзӕн дыууын фондзаздзыдӕй. 25  Фӕндзай азы йыл куы сӕххӕст уа, уӕд та йӕ лӕггад фӕуыдзӕн ӕмӕ нал лӕггад кӕндзӕн. 26  Йе ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнӕд ӕмбырды цатыры сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн, фӕлӕ йӕхӕдӕг ма лӕггад кӕнӕд. Уӕдӕ кӕс, цӕмӕй левиттӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕной»+.

Фиппаинӕгтӕ