Нымӕцтӕ 4:1—49

4  Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта:  «Левийы фырттӕй банымайут Каафы фыртты+ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ,  ӕртын азӕй+ фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы+, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр+.  Ӕмбырды цатыры Каафы фыртты лӕггад+ баст у, уӕлдай табуйаг цы у, уыдӕттимӕ.  Израилы фырттӕ, кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой, уӕд хъуамӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕрбацӕуой, бадзырды чырыны раз цы ӕмбӕрзӕн+ ис конд, уый рафтауой ӕмӕ дзы бадзырды чырын*+ бамбӕрзой.  Стӕй йыл ӕрӕмбӕрздзысты фӕлмӕн сӕракӕй*+ конд ӕмбӕрзӕн, уый ӕддейӕ та – ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ чырыны хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты.  Уый фӕстӕ, нывонд дзултӕ ӕвӕрд кӕуыл сты, уыцы стъолыл+ ӕрӕмбӕрздзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ йыл сӕвӕрдзысты тӕбӕгътӕ+, нуазӕн къустӕ, стӕй къустӕ+ ӕмӕ дурынтӕ кувинаг нозтӕн. Стъолыл ӕдзух цы дзултӕ+ вӕййы, уыдон дӕр хъуамӕ афтӕ уадзой.  Стӕй сыл ӕрӕмбӕрздзысты сырх-сырхид ӕмбӕрзӕн+, уый ӕддейӕ та – фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+, ӕмӕ стъолы хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты.  Уый фӕстӕ райсдзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн ӕмӕ дзы бамбӕрздзысты цырагъдарӕн+, йӕ цырӕгътӕ+, йӕ ӕртыскӕнтӕ+, йӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн+ ӕмӕ йын йӕ цырӕгъты сой цы мигӕнӕнтӕй+ фӕкӕнынц, уыдон иууылдӕр. 10  Ӕмӕ цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон батухдзысты фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕны+ ӕмӕ сӕ хӕссӕныл сӕвӕрдзысты. 11  Сызгъӕрин нывондхӕссӕныл+ ӕрӕмбӕрздзысты ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕн, уый ӕддейӕ та – фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+, ӕмӕ нывондхӕссӕны хъилтӕ+ сӕ бынӕтты бавӕрдзысты. 12  Уыдон райсдзысты, сыгъдӕг бынаты кӕмӕй фӕархайынц, уыцы мигӕнӕнтӕ+ иууылдӕр, ӕрвхуыз ӕмбӕрзӕны сӕ батухдзысты, фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕнӕй+ сӕ бамбӕрздзысты ӕмӕ сӕ хӕссӕныл сӕвӕрдзысты. 13  Стӕй нывондхӕссӕнӕй сойӕдзаг фӕнык+ ракалдзысты ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрӕмбӕрздзысты тарсырх къуымбил ӕндахӕй конд ӕмбӕрзӕн. 14  Ӕрӕвӕрдзысты йыл, йӕ разы лӕггадгӕнгӕйӕ ӕдзух кӕмӕй фӕархайынц, уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр: зынгхӕссӕнтӕ, фыдисӕнтӕ, белтӕ ӕмӕ къустӕ – йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ ис, уыдон+. Уӕлейӕ йыл ӕрӕмбӕрздзысты фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны хъилтӕ+ сӕ бынаты бавӕрдзысты. 15  Израилы фырттӕ, кӕм ӕрлӕууыдысты, уырдыгӕй ӕндӕр ранмӕ куы цӕуой ӕмӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ, цатыры+ цы дзауматӕ ӕмӕ цы мигӕнӕнтӕ+ ис, уыдон иууылдӕр куы бамбӕрзой, уӕд Каафы фырттӕ ӕрбацӕудзысты, цӕмӕй сӕ ахӕссой+. Фӕлӕ сыгъдӕг бынаты дзауматыл хъуамӕ ма андзӕвой+, цӕмӕй ма амӕлой. Ӕмбырды цатыры ацы дзауматӕ уыдзысты Каафы фыртты бар, уыдон сӕ хӕсдзысты+. 16  Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, йӕ хӕс у, цӕмӕй йӕ хъус дара+ цырагъдарӕны соймӕ+, хӕрздӕф будмӕ+, алы бон дӕр кӕй фӕхӕссынц, уыцы хоры кувинагмӕ+ ӕмӕ сӕрмагонд соймӕ+. Уый хъуамӕ йӕ хъус дара цатырмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уымӕ: сыгъдӕг бынатӕн йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ мигӕнӕнтӕм дӕр». 17  Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ загъта: 18  «Ма бауадз, цӕмӕй Каафы мыггӕгтӕ+ левитты ’хсӕнӕй сӕфт ӕрцӕуой. 19  Цӕмӕй, уӕлдай табуйаг чи у, уыцы дзауматӕм хӕстӕг ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, уый тыххӕй афтӕ бакӕн+: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр зӕгъӕнт, цы аразын ӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ цы хӕссын хъӕуы, уый. 20  Фӕлӕ табуйаг дзауматӕм хӕстӕг ма бацӕуӕнт, иу каст сӕм уӕддӕр бакӕнон, зӕгъгӕ, науӕд амӕлдзысты»+. 21  Стӕй Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 22  «Банымай Гирсоны фыртты+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 23  Ныффысс, ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы+, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр. 24  Мӕнӕ цы хъӕудзӕн Гирсоны мыггӕгты аразын ӕмӕ сӕ мӕнӕ цы хъӕудзӕн хӕссын+. 25  Уыдон хӕсдзысты цатыры ӕмбӕрзӕнтӕ+: ӕмбырды цатыры+ ӕмбӕрзӕн+, фӕлмӕн сӕракӕй конд ӕмбӕрзӕн+ ӕмӕ йӕ быны цы ӕмбӕрзӕн вӕййы, уый, ӕмбырды цатыры бахизӕны ӕмбӕрзӕн+, 26  цатыры ӕмӕ нывондхӕссӕны алыварс цы кӕрт ис, уымӕн йе ’мбӕрзӕнтӕ+, кӕрты бахизӕны ӕмбӕрзӕн+. Хӕсдзысты сын сӕ бӕттӕнтӕ, стӕй, лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон ӕмӕ, кӕмӕй фӕархайынц, уыцы дзауматӕ иууылдӕр. Уый уыдзӕн сӕ лӕггад. 27  Гирсоны фыртты лӕггадӕн+, цыдӕриддӕр хӕсдзысты ӕмӕ цыдӕриддӕр араздзысты, уымӕн разамынд дӕтдзысты Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ+. Сӕ бар сын бакӕнут, цы хъуамӕ хӕссой, уыдон иууылдӕр. 28  Уый уыдзӕн Гирсоны мыггӕгтӕн+ сӕ лӕггад ӕмбырды цатыры, ӕмӕ сын сӕ лӕггадӕн разамынд дӕтдзӕн Ифамар+, сауджын Аароны фырт. 29  Ныффысс Мерарийы фыртты+ дӕр сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 30  Ныффысс, ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цӕуы, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн у, уыдоны се ’ппӕты дӕр+. 31  Уыдонӕн та ӕмбырды цатыры лӕггадгӕнгӕйӕ мӕнӕ цы уыдзӕн сӕ хӕс+. Уыдон хӕсдзысты цатыры фӕлгӕттӕ+, йӕ хъилтӕ+, йӕ цӕджындзтӕ+ ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ+, 32  цатыры алыварс цы кӕрт ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ+, сӕ бынӕвӕрӕнтӕ+, сӕ къӕбӕлтӕ+, сӕ бӕттӕнтӕ ӕмӕ ма семӕ цы ис, уыдон иууылдӕр, сӕ лӕггадимӕ баст цыдӕриддӕр у, уыдон. Алкӕмӕн дӕр дзы зӕгъут, чи цы хӕсдзӕн, уый+. 33  Уый уыдзӕн Мерарийы мыггӕгтӕн+ сӕ лӕггад ӕмбырды цатыры, ӕмӕ сын сӕ лӕггадӕн разамынд дӕтдзӕн Ифамар, сауджын Аароны фырт»+. 34  Моисей, Аарон ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ+ ныффыстой Каафы фыртты+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, 35  ӕртын+ азӕй фӕндзай азы+ онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры+ лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр. 36  Ӕмӕ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон уыдысты дыууӕ мин авдсӕдӕ фӕндзай лӕджы+. 37  Адон сты, Каафы мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд+, ӕмбырды цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдон иууылдӕр. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 38  Гирсоны фырттӕй+ сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, 39  ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд+, 40  сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууӕ мин ӕхсӕзсӕдӕ ӕртын лӕджы+. 41  Адон уыдысты, Гирсоны мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд, ӕмбырды цатыры чи хъуамӕ лӕггад кодтаид, уыдон иууылдӕр. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ+. 42  Мерарийы фырттӕй сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, 43  ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд, йӕ бон ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнын кӕмӕн уыд+, 44  сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы+. 45  Адон уыдысты, Мерарийы мыггӕгтӕй фыст чи ’рцыд, уыдон. Моисей ӕмӕ сӕ Аарон ныффыстой, Йегъовӕ Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ+. 46  Моисей, Аарон ӕмӕ Израилы хистӕртӕ левитты номхыгъды сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ кӕй ныффыстой, 47  ӕртын азӕй фӕндзай азы онг кӕуыл цыд+, ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнгӕйӕ, йӕ бон уӕззау куыст кӕнын ӕмӕ цатыры дзауматӕ хӕссын кӕмӕн уыд+, 48  уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты аст мин фондзсӕдӕ ӕстай лӕджы+. 49  Моисей сӕ ныффыста Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, алчидӕр сӕ цы куыст кодта ӕмӕ цы хаста, уымӕ гӕсгӕ. Фыст ӕрцыдысты, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «ӕвдисӕнады чырын».
Комк. «тюлены цӕрмттӕй».