Нымӕцтӕ 13:1—33

13  Йегъовӕ Моисейӕн загъта:  «Арвит адӕмы, цӕмӕй басгарой Ханааны зӕхх, Израилы фырттӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхх+. Алы мыггагӕй дӕр арвитут иу лӕджы, алчидӕр сӕ хъуамӕ уа йӕ мыггаджы хистӕртӕй»+.  Ӕмӕ сӕ Моисей дӕр Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ арвыста Фараны ӕдзӕрӕг быдырӕй+. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр уыдысты Израилы фыртты хистӕртӕ.  Мӕнӕ сӕ нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй Шаммуй, Заккуры фырт;  Симеоны мыггагӕй Сафат, Хорийы фырт;  Иудӕйы мыггагӕй Халев+, Йефоннийы фырт;  Иссахары мыггагӕй Игал, Иосифы фырт;  Ефремы мыггагӕй Оси*+, Навины фырт;  Вениамины мыггагӕй Фалти, Рафуйы фырт; 10  Завулоны мыггагӕй Гаддиил, Содийы фырт; 11  Иосифы мыггагӕй+ – Манассийы мыггагӕй+ – Гадди, Сусийы фырт; 12  Даны мыггагӕй Амиил, Гемаллийы фырт; 13  Асиры мыггагӕй Сефур, Михаилы фырт; 14  Неффалимы мыггагӕй Нахби, Вофсийы фырт; 15  Гады мыггагӕй Геуил, Махийы фырт. 16  Адон сты, Моисей Ханааны зӕхх басгарынмӕ кӕй арвыста, уыцы нӕлгоймӕгты нӕмттӕ. Навины фырт Осийы Моисей хуыдта Йесо*+. 17  Моисей сӕ Ханааны зӕхх сгарынмӕ куы ’рвыста, уӕд сын загъта: «Ацӕут Негевмӕ+, уый фӕстӕ та-иу ссӕут хӕхбӕстӕм+. 18  Фенут, цавӕр зӕхх у+, цавӕр адӕм дзы цӕры: тыхджын сты ӕви лӕмӕгъ, бирӕ сты ӕви гыццыл. 19  Кӕм цӕрынц, уыцы зӕхх цавӕр у: хорз ӕви ӕвзӕр. Цавӕр сты, цы горӕтты цӕрынц, уыдон: цатырты цӕрынц ӕви фидаргонд горӕттӕ сты. 20  Стӕй базонут, йӕ зӕхх хъӕздыг у ӕви мӕгуыр+, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ. Ма-иу тӕрсут+ ӕмӕ-иу уыцы зӕххы дыргътӕй уемӕ рахӕссут». Уый та уыди, фыццаг сӕнӕфсир куы сцӕттӕ вӕййы, уыцы афон+. 21  Уыдон ацыдысты ӕмӕ басгӕрстой уыцы зӕхх Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй+ суанг Реховы онг+, Хаматы арӕнты онг+. 22  Схӕццӕ сты Негевмӕ+, уый фӕстӕ та ссыдысты Хевронмӕ+. Уым цардысты Енакы+ байзӕддӕгтӕ – Ахиман, Шешай ӕмӕ Фалмай+. Хеврон+ арӕзт ӕрцыд, Египеты цы Цоан+ ис, уымӕй авд азы раздӕр. 23  Ешколы дӕлвӕзмӕ+ куы ’рцыдысты, уӕд дзы ралыг кодтой сӕнӕфсиры къалиу иу цупалимӕ+. Ӕмӕ йӕ дыууӕ лӕгӕй хастой хъилыл ауыгъдӕй. Семӕ ма рахастой гранаттӕ+ ӕмӕ легъуитӕ дӕр. 24  Уыцы бынат схуыдтой Ешколы* дӕлвӕз+, Израилы фырттӕ дзы цы цупал ралыг кодтой, уый тыххӕй. 25  Цыппор боны фӕстӕ+, зӕхх сгӕрст куы фесты, уӕд, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. 26  Ӕмӕ Фараны ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Кадесмӕ+ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ӕрбацыдысты Моисеймӕ, Ааронмӕ ӕмӕ Израилы фырттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын хабӕрттӕ ракодтой, стӕй сын равдыстой, уыцы зӕххыл цы дыргътӕ зайы, уыдон. 27  Уыдон Моисейӕн радзырдтой: «Кӕдӕм нӕ арвыстай, уыцы зӕхмӕ бацыдыстӕм, ӕмӕ дзы ӕцӕгдӕр кӕлы ӕхсыр ӕмӕ мыд+, мӕнӕ адон та йӕ дыргътӕ+. 28  Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон сты тыхджын, сӕ фидаргонд горӕттӕ сты тынг стыр+, стӕй дзы федтам Енакы байзӕддӕгты+. 29  Негевы+ зӕххыл цӕрынц амаликӕгтӕ+, хӕхбӕсты цӕрынц хеттӕ, йевусейтӕ+ ӕмӕ аморейтӕ+, денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты та цӕрынц ханаайнӕгтӕ»+. 30  Уӕд Халев+ адӕмы сабыр кӕнын байдыдта, цӕмӕй Моисеймӕ байхъуыстаиккой, ӕмӕ загъта: «Цомут ныртӕккӕ дӕр, ӕмӕ уыцы зӕхх бацахсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон у байсын»+. 31  Фӕлӕ йемӕ чи уыд, уыдон загътой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ рацӕуын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй тыхджындӕр сты»+. 32  Ӕмӕ Израилы фырттӕн уыцы зӕххӕй ӕвзӕр+ йеддӕмӕ ницы дзырдтой: «Цы зӕхх сгарынмӕ ацыдыстӕм, уыцы зӕхх йӕ цӕрджыты ныхъуыргӕ кӕны, ӕмӕ дзы цы адӕмы федтам, уыдон иууылдӕр сты ӕнахуыр стыр+. 33  О, мах дзы федтам уӕйгуыты*, Енакы фыртты+, уӕйгуыты байзӕддӕгты. Ӕмӕ сӕ разы нӕхимӕ цъырцъырӕгты хуызӕн фӕкастыстӕм, ӕмӕ сӕ цӕсты дӕр цъырцъырӕгтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм»+.

Фиппаинӕгтӕ

Нысан кӕны «ирвӕзындзинад».
Кӕнӕ «Йегъошуа»; нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад».
Нысан кӕны «[сӕнӕфсиры] цупал».
Кӕс Рд 6:4, фип.