Нымӕцтӕ 10:1—36

10  Йегъовӕ дарддӕр Моисейӕн загъта:  «Дӕхицӕн ӕвзистӕй скӕн дыууӕ уадындзы+. Хъуамӕ уой куырды къухӕй конд. Уыцы уадындзтӕ дын уыдзысты, цӕмӕй-иу сӕ уастӕй адӕмӕн фехъусын кӕнай+, иууылдӕр кӕй хъуамӕ ӕрӕмбырд уой кӕнӕ сӕ цатыртӕ кӕй хъуамӕ сисой.  Дыууӕ уадындзӕй дӕр-иу куы ныууасой, уӕд-иу дӕм адӕм иууылдӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд уой ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ+.  Иуӕй куы ныууасой, уӕд та-иу дӕм хъуамӕ ӕрбамбырд уой Израилы адӕмы хистӕртӕ, минты сӕргъы чи лӕууы, уыдон+.  Уадындзтӕй-иу цалдӕр цыбыр уасты куы ныккӕнат, уӕд-иу, скӕсӕнырдыгӕй кӕй цатыртӕ сты+, уыдон хъуамӕ сӕ фӕндагыл араст уой.  Уадындзтӕй-иу дыккаг хатт цалдӕр цыбыр уасты куы ныккӕнат, уӕд-иу сӕ фӕндагыл хъуамӕ араст уой, хуссарырдыгӕй кӕй цатыртӕ сты, уыдон+. Алы къорды дӕр-иу йӕ фӕндагыл дарддӕр цӕуын куы хъӕуа, уӕд-иу алы хатт дӕр хъӕудзӕн уадындзтӕй цалдӕр цыбыр уасты ныккӕнын.  Адӕмы куы ӕмбырд кӕнат, уӕд дӕр-иу хъуамӕ уадындзтӕй ныууасат+, ӕрмӕст-иу цалдӕр цыбыр уасты ма ныккӕнут.  Уадындзтӕй+ хъуамӕ уасой Аароны фырттӕ, сауджынтӕ. Уый у закъон ӕнустӕм сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.  Уӕ зӕххыл-иу, чи уӕ ӕфхӕра, уыцы тыхгӕнӕгимӕ куы схӕцат+, уӕд-иу уадындзтӕй тохмӕ фӕсидут+, ӕмӕ уӕ Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдыл ӕрлӕудзыстут ӕмӕ уӕ уе знӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн+. 10  Уӕ цины бонты+, уӕ бӕрӕгбӕтты+ ӕмӕ алы мӕйы райдайӕны+ дӕр хъуамӕ уадындзтӕй уасат уӕ судзинаг нывӕндты+ ӕмӕ уӕ фарны нывӕндты раз+. Уый фӕрцы-иу ӕрлӕудзыстут уӕ Хуыцауы зӕрдыл. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау»+. 11  Дыккӕгӕм азы, дыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ дыууынӕм бон+, мигъ бадзырды* цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд+. 12  Ӕмӕ Израилы фырттӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй сӕ фӕндагыл араст сты, цы фӕтк сын уыди конд, уымӕ гӕсгӕ+, ӕмӕ цыдысты, цалынмӕ мигъ Фараны ӕдзӕрӕг быдыры не ’рлӕууыд, уӕдмӕ+. 13  Уӕд фӕндагыл араст сты фыццаг хатт, Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, Моисейы уылты сын куыд загъта, афтӕ+. 14  Фӕндагыл фыццаг араст Иудӕйы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Иудӕйы ӕфсады сӕргъы уыд Наассон+, Аминадавы фырт. 15  Иссахары мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Нафанаил+, Цуары фырт. 16  Завулоны мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Елиав, Хелоны фырт+. 17  Цатыр куы райхӕлдтой+, уӕд араст сты Гирсоны фырттӕ+ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ+, цатыр чи хаста, уыдон. 18  Стӕй араст Рувимы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Рувимы ӕфсады сӕргъы уыд Елицур+, Шедеуры фырт. 19  Симеоны мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Шелумиил+, Цуришаддайы фырт. 20  Гады мыггаджы ӕфсады сӕргъы уыд Елиасаф+, Деуилы фырт. 21  Уый фӕстӕ араст сты Каафы фырттӕ, кувӕн бынаты табуйаг дзауматӕ+ чи хаста, уыдон, уымӕн ӕмӕ се ’рцыдмӕ цатыр хъуамӕ ӕвӕрд ӕрцыдаид. 22  Стӕй араст Ефремы къорд, ӕртӕ мыггаджы се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. Ефремы ӕфсады сӕргъы уыд Елишамӕ+, Амиуды фырт. 23  Манассийы мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Гамалиил+, Педацуры фырт. 24  Вениамины мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Авидан+, Гидеонийы фырт. 25  Уый фӕстӕ араст Даны къорд, ӕртӕ мыггаджы+. Уыдон фӕстӕрдыгӕй хъахъхъӕдтой+ мыггӕгты иууылдӕр. Даны ӕфсады сӕргъы уыд Ахиезер+, Амишаддайы фырт. 26  Асиры мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Пагиил+, Охраны фырт. 27  Неффалимы мыггаджы+ ӕфсады сӕргъы уыд Ахирӕ+, Енаны фырт. 28  Афтӕ-иу араст сты Израилы фырттӕ се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ+. 29  Уӕд Моисей йӕ каисы фырт Ховавӕн, мадиамаг Рагуилы фыртӕн+, загъта: «Мах цӕуӕм, Йегъовӕ афтӕ кӕмӕй загъта, сымахӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ+. Немӕ рацу, ӕмӕ дын хорзы цӕудзыстӕм+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ загъта, Израилӕн хорздзинӕдтӕй кӕй хай кӕндзӕн»+. 30  Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, уемӕ нӕ ацӕудзынӕн. Ӕз хъуамӕ ацӕуон мӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ+, мӕ хиуӕттӕм». 31  Уӕд ын Моисей загъта: «Курын дӕ, ма нӕ ныууадз. Ды йӕ зоныс, ӕдзӕрӕг быдыры цатыртӕ ӕрӕвӕрӕн кӕм ис, уый. Ды нын уыдзынӕ цӕстыты бӕсты. 32  Немӕ куы ацӕуай+, уӕд, Йегъовӕ махӕн хорздзинад куыд араздзӕн, афтӕ мах дӕр дӕуӕн араздзыстӕм хорздзинад». 33  Гъемӕ араст сты, Йегъовӕйы хох кӕм уыди, уырдыгӕй+ ӕмӕ фӕндагыл уыдысты ӕртӕ боны, ӕмӕ Йегъовӕйы бадзырды чырын+ ӕртӕ боны цыд сӕ разӕй ӕмӕ агуырдта, кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат+. 34  Кӕм-иу ӕрлӕууыдысты, уыцы бынатӕй-иу куы цыдысты, уӕд-иу бонӕй Йегъовӕйы мигъ+ уыди сӕ сӕрмӕ. 35  Бадзырды чырын-иу куы систой, уӕд-иу Моисей загъта: «Сыст, о Йегъовӕ, ӕмӕ де знӕгтӕ алырдӕмты ныппырх уӕнт+, йе сӕфт дӕ чи уыны, уыдон дӕ разӕй лидзӕг фӕуӕнт»+. 36  Бадзырды чырын-иу куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд та-иу загъта: «Раздӕх, о Йегъовӕ, Израилы мин-минтӕм»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ӕвдисӕнады».