Нымӕцтӕ 1:1—54
1 Ӕмӕ Йегъовӕ дарддӕр Моисеимӕ ныхас кодта Синайы ӕдзӕрӕг быдыры+, ӕмбырды цатыры*+, Израилы фырттӕ Египеты зӕххӕй куы рацыдысты, уымӕй дыккӕгӕм азы, дыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон+, ӕмӕ йын загъта:
2 «Израилы фыртты се ’ппӕты дӕр банымайут+ сӕ бинонтӕм гӕсгӕ, сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, нӕлгоймӕгты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ ныффыссут номгай, иугай,
3 дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы+ ӕмӕ хӕцынхъом чи у, уыдонӕй алкӕй дӕр+. Ныффыссут сӕ се ’фсӕдтӕм гӕсгӕ – ды ӕмӕ Аарон.
4 Уемӕ ма ноджыдӕр хъуамӕ уа фӕйнӕ лӕджы алы мыггагӕй дӕр, алкӕцыдӕр дзы – хӕдзарвӕндаджы хистӕр+.
5 Мӕнӕ, чи уын ӕххуыс кӕндзӕн, уыдоны нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй+ Елицур+, Шедеуры фырт;
6 Симеоны мыггагӕй+ Шелумиил+, Цуришаддайы фырт;
7 Иудӕйы мыггагӕй+ Наассон+, Аминадавы фырт;
8 Иссахары мыггагӕй+ Нафанаил+, Цуары фырт;
9 Завулоны мыггагӕй+ Елиав+, Хелоны фырт;
10 Иосифы фырттӕй+: Ефремы мыггагӕй+ Елишамӕ, Амиуды фырт; Манассийы мыггагӕй+ та – Гамалиил, Педацуры фырт;
11 Вениамины мыггагӕй+ Авидан+, Гидеонийы фырт;
12 Даны мыггагӕй+ Ахиезер+, Амишаддайы фырт;
13 Асиры мыггагӕй+ Пагиил+, Охраны фырт;
14 Гады мыггагӕй+ Елиасаф+, Деуилы фырт+;
15 Неффалимы мыггагӕй+ Ахирӕ+, Енаны фырт.
16 Ацы лӕгтӕ ӕвзӕрст сты адӕмы ’хсӕнӕй, сты сӕ мыггӕгты хистӕртӕ+ – Израилы минты сӕргъы чи лӕууы, уыдон»+.
17 Моисей ӕмӕ Аарон семӕ ракодтой, Хуыцау номгай кӕй ранымадта, уыцы лӕгты,
18 ӕмӕ дыккаг мӕйӕн йӕ дыккаг бон ӕрӕмбырд кодтой адӕмы се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фыст ӕрцыдысты+ номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд+, уыдон се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты,
19 Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Моисей сӕ ныффыста+ Синайы ӕдзӕрӕг быдыры.
20 Рувимы фырттӕ+, Израилӕн йӕ хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты.
21 Ӕмӕ, Рувимы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
22 Симеоны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр иугай нымад ӕрцыдысты.
23 Ӕмӕ, Симеоны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы+.
24 Гады фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
25 Ӕмӕ, Гады мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.
26 Иудӕйы фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
27 Ӕмӕ, Иудӕйы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы+.
28 Иссахары фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
29 Ӕмӕ, Иссахары мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
30 Завулоны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
31 Ӕмӕ, Завулоны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
32 Иосифы байзӕддӕгтӕ, Ефремӕй+ чи рацыд, уыдон, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
33 Ӕмӕ, Ефремы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон+ ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
34 Манассийы байзӕддӕгтӕ+ фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
35 Ӕмӕ, Манассийы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ лӕджы+.
36 Вениамины фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
37 Ӕмӕ, Вениамины мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
38 Даны фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
39 Ӕмӕ, Даны мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ лӕджы+.
40 Асиры фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
41 Ӕмӕ, Асиры мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты цыппор иу мин фондзсӕдӕ лӕджы+.
42 Неффалимы фырттӕ+, йӕ байзӕддӕгтӕ, фыст ӕрцыдысты номгай, сӕ бинонтӕм гӕсгӕ ӕмӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. Дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон се ’ппӕт дӕр нымад ӕрцыдысты.
43 Ӕмӕ, Неффалимы мыггагӕй фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдӕппӕтӕй уыдысты фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ лӕджы+.
44 Адон сты, Моисей Ааронимӕ ӕмӕ Израилы мыггӕгты хистӕртимӕ кӕй ныффыста, уыцы адӕм. Мыггӕгты хистӕртӕ уыдысты дыууадӕс, алчидӕр сӕ уыди йӕ хӕдзарвӕндаджы номӕй.
45 Израилы фырттӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ фыст чи ’рцыд, дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыдон
46 ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕджы+.
47 Левиттӕ+ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ иннӕ мыггӕгтимӕ фыст не ’рцыдысты+.
48 Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта:
49 «Ӕрмӕст Левийы мыггаг ма ныффысс ӕмӕ сӕ Израилы иннӕ фырттимӕ ма банымай+.
50 Левитты бар бакӕн бадзырды* цатыр+, цатыры мигӕнӕнтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон+. Левиттӕ хӕсдзысты цатыр ӕмӕ цатыры мигӕнӕнтӕ иууылдӕр+ ӕмӕ лӕггад кӕндзысты+ цатыры раз. Сӕ цатыртӕ-иу хъуамӕ ӕрӕвӕрой бадзырды цатыры алыварс+.
51 Цатыр ӕндӕр ранмӕ хӕссын куы бахъӕуа, уӕд-иу ӕй хъуамӕ левиттӕ райхалой+, ӕмӕ-иу цатыр фӕстӕмӕ ӕвӕрын куы бахъӕуа, уӕд-иу ӕй хъуамӕ левиттӕ сӕвӕрой. Ӕндӕр исчи цатырмӕ хӕстӕг куы бацӕуа, уӕд уыцы адӕймаджы хъӕуы амарын+.
52 Израилы фырттӕй-иу алчидӕр йӕ цатыр хъуамӕ ӕрӕвӕра, йӕ мыггаджы цатыртӕ кӕм хъуамӕ уой, уым, се ’фсӕдты къордтӕм гӕсгӕ – алы къорды дӕр ӕртӕ мыггаджы+.
53 Левиттӕ та-иу сӕ цатыртӕ хъуамӕ ӕрӕвӕрой бадзырды цатыры алыварс, цӕмӕй Израилы фырттӕм Хуыцауы маст ма ссудза+. Левиттӕ хъуамӕ лӕггад кӕной бадзырды цатыры раз»+.
54 Ӕмӕ Израилы фырттӕ алцыдӕр сарӕзтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодтой+.