Михей 3:1—12

3  Ӕз загътон: «Байхъусут, уӕ хорзӕхӕй, Иаковы хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ ӕмӕ Израилы адӕмы хицӕуттӕ+. Рӕстдзинад цы у, уый сымах хъуамӕ ма зонат?+  Сымах хорздзинадӕй уе сӕфт уынут+, ӕвзӕрдзинад та уарзут+. Адӕмӕн сӕ царм стигъут ӕмӕ сын сӕ фыд се стджытӕй тонут+.  Сымах мын мӕ адӕмы фыд хӕрут+ ӕмӕ сын сӕ царм стигъут, се стджытӕ сын цъӕл кӕнут ӕмӕ сӕ уӕнгтӕ кӕнут, кусарт цуайнаджы ныккалынӕн куыд ныууӕнгтӕ кӕнынц ӕмӕ дзидза аджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, афтӕ+.  Уыцы рӕстӕг Йегъовӕмӕ ӕххуысмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзӕн+. Уыцы рӕстӕг сӕ уый йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн+, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй+.  Пехуымпартӕ мын мӕ адӕмы сӕ фӕндагӕй хауӕггаг фӕкодтой+. Сӕ дзыхы+ сын исчи исты куы ныппары, уӕд фӕхъӕр кӕнынц: „Фарн!“+. Фӕлӕ сын сӕ дзыхы чи ницы ныппары, уымӕн та хӕст расидынц+. Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ уыцы пехуымпарты тыххӕй:  „Уый тыххӕй сымах уыдзыстут ӕхсӕвы талынджы+, ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут+. Баталынг уыл уыдзӕн, ӕмӕ дӕсны нал фӕрсдзыстут. Пехуымпартыл хур аныгуылдзӕн ӕмӕ сыл бон баталынг уыдзӕн+.  Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдон+ фӕхудинаг уыдзысты+, дӕсныфӕрсджытӕ+ фыдӕнхъӕл фӕуыдзысты. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сӕ рихитӕ ӕмбӕхсдзысты+, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау нӕ хъусдзӕн“»+.  Ӕз та Йегъовӕйы тыхы* фӕрцы схайджын дӕн хъаруйӕ, рӕстдзинадӕй ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй+, цӕмӕй Иаковӕн дзурон, ныхмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ Израилӕн – йӕ тӕригъӕды тыххӕй+.  Байхъусут, уӕ хорзӕхӕй, Иаковы хӕдзарвӕндаджы хистӕртӕ ӕмӕ Израилы адӕмы хицӕуттӕ+ – рӕстдзинадӕй йе сӕфт чи уыны ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый зыгъуыммӕ чи кӕны+, 10  Сион тугыл чи амайы ӕмӕ Иерусалим – фыдхъуыддӕгтыл+, уыдон. 11  Йӕ хистӕртӕ гӕртӕмттӕ исынц+ ӕмӕ афтӕмӕй тӕрхон кӕнынц, йӕ сауджынтӕ зонд амонынц аргъыл+, йӕ пехуымпартӕ дӕсны фӕрсынц ӕхцайыл+. Уыимӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй ныфсджын сты ӕмӕ дзурынц: „Исты Йегъовӕ немӕ нӕй?+ Нӕ ныл ӕрцӕудзӕн бӕллӕх“+. 12  Гъемӕ сымах тыххӕй Сион бахуым кӕндзысты, быдыр куыд бахуым кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ Иерусалимӕй дур дурыл нал баззайдзӕн+, Хуыцауы хӕдзар цы хохыл ис, уый та схъӕд уыдзӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.