Малахи 2:1—17
2 «Сауджынтӕ, ныр та сымах фӕдзӕхсын+.
2 Куы нӕ байхъусат+ ӕмӕ мын мӕ ныхас уӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ айсат+, цӕмӕй мын мӕ ном скадджын кӕнат+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ,– уӕд уӕ ме ’лгъыст баййафдзӕн+. Уӕ арфӕдзинӕдтӕ уын ӕлгъыстмӕ фӕивдзынӕн+. Ӕмӕ сӕ ныр дӕр фӕивтон ӕлгъыстмӕ, мӕ ныхас мын уӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ исут, уый тыххӕй».
3 «Сымах тыххӕй ӕз фесафдзынӕн, цы байтыдтат, уый+, ӕмӕ уын уӕ цӕсгӕмттыл фаджыс байсӕрддзынӕн, уӕ бӕрӕгбӕтты фӕстӕ цы фаджыс баззайы, уый, ӕмӕ уӕ акӕндзысты ӕмӕ уӕ уыцы фаджысы ныппардзысты.
4 Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ацы фӕдзӕхст уын уый тыххӕй кӕй радтон+, цӕмӕй, Левиимӕ цы бадзырд скодтон+, уый дарддӕр йӕ тыхы уа»+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.
5 «Йемӕ цы бадзырд скодтон, уый уыд цард ӕмӕ фарны бадзырд+. Ӕз ын лӕвӕрдтон цард ӕмӕ фарн, цӕмӕй йӕм тас уыдаид. Ӕмӕ мӕ алкӕддӕр тарст+. Мӕ ном дзы тас уагъта+.
6 Рӕстдзинады* закъон уыд йе ’взагыл+ ӕмӕ, раст цы нӕу, уый никуы загъта. Фӕрнӕй ӕмӕ рӕстӕй цыд мемӕ+, ӕмӕ рӕдыд фӕндагӕй бирӕты раздӕхта+.
7 Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ цӕуа зонындзинад, ӕмӕ адӕм закъон базонынмӕ хъуамӕ уымӕ цӕуой+, уымӕн ӕмӕ уый ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы минӕвар у+.
8 Фӕлӕ сымах раст фӕндагӕй адзӕгъӕл стут+. Закъон куыд ӕххӕст кӕнут, уымӕй бирӕты рӕдийын кӕнут+. Левиимӕ цы бадзырд скодтон, уый фехӕлдтат+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.–
9 Гъемӕ уӕ ӕз ӕппӕт адӕмы раз ӕрныллӕг кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ ницӕмӕ дардзысты+, мӕ фӕндӕгтыл кӕй нӕ цыдыстут, фӕлӕ закъон ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъулон митӕ кӕй кодтат, уый тыххӕй»+.
10 «Не ’ппӕтӕн дӕр иу фыд нӕй?+ Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста?+ Уӕдӕ уӕд нӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕмӕн цӕуӕм+ ӕмӕ афтӕмӕй нӕ фыдӕлты бадзырд цӕмӕн халӕм?+
11 Иудӕ гадзрахатӕй цӕуы, Израилы ӕмӕ Иерусалимы адӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ аразынц+. Иудӕ фӕчъизи кодта, Йегъовӕйӕн афтӕ зынаргъ цы сыгъдӕгдзинад у, уый+, ӕмӕ ӕцӕгӕлон хуыцауы чызджы ракуырдта+.
12 Йегъовӕ Иаковы цатыртӕй фесафдзӕн, афтӕ чидӕриддӕр кӕны, уыдоны+, фынӕй чи нӕ кӕны, уый дӕр, дзуапп чи дӕтты, уый дӕр ӕмӕ, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕн кувинаг чи хӕссы+, уый дӕр».
13 «Ноджыдӕр ма иу хъуыддаг аразут, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы нывондхӕссӕн цӕссыгӕй нал зыны, йӕ разы кӕуынц ӕмӕ дзыназынц, ӕмӕ уын уый тыххӕй уӕ кувинӕгтӕм нал кӕсын ӕмӕ уын уӕ къухӕй ӕхсызгонӕй ницыуал исын+.
14 Сымах дзурут: „Цӕуылнӕ?“+ Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг уыд ӕвдисӕн дӕу ӕмӕ дӕ усы ’хсӕн, де ’взонджы бонты дӕ цард кӕимӕ баиу кодтай+, ныр та гадзрахатӕй кӕуыл рацыдтӕ, уый ӕхсӕн, афтӕмӕй та уый у дӕ цардӕмбал ӕмӕ дӕ бинойнаг, бадзырд кӕимӕ скодтай, уый+.
15 Фӕлӕ уе ’хсӕн ис ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ сӕхицӕн фидарӕй загътой, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзысты. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй сӕ цот ӕцӕгдӕр Хуыцауы адӕмӕй уой+. Уыдон ныр дӕр архайынц, Хуыцауы тых* куыд амоны, афтӕ. Уӕдӕ сымах дӕр уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут+ ӕмӕ раст зондыл хӕст ут, ӕмӕ уӕ устытыл, уе ’взонджы бонты уӕ цард кӕимӕ баиу кодтат, уыдоныл, гадзрахатӕй ма цӕут+,
16 уымӕн ӕмӕ ӕз ме сӕфт уынын хицӕн кӕнынӕй+,– зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ,– стӕй, фыдхъуыддӕгтӕй йӕ дарӕс чи фӕчъизи кодта, уымӕй дӕр+,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ.– Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут ӕмӕ раст зондыл хӕст ут, ӕмӕ гадзрахатӕй ма цӕут+.
17 Йегъовӕйы уӕ ныхӕстӕй фӕлмӕцын кӕнут+ ӕмӕ дзурут: „Цӕмӕй йӕ фӕлмӕцын кӕнӕм?“ Уымӕй, ӕмӕ афтӕ дзурут: „Ӕвзӕрдзинад чидӕриддӕр аразы, уый Йегъовӕйы цӕсты хорз адӕймаг у, ахӕмтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕны“+, ӕмӕ: „Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?“»+