Лукайы 13:1—35
13 Уыцы рӕстӕг, уым чи уыди, уыдонӕй чидӕртӕ Йесойӕн радзырдтой, Пилат, нывӕндтӕ чи хаста, уыцы галилейӕгты+ кӕй ныццагъта, уый тыххӕй.
2 Ӕмӕ сын уый загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ сыл кӕд ахӕм бӕллӕх ӕрцыд, уӕд иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр+ уыдысты?
3 Зӕгъын уын: нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут+.
4 Науӕд афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ йӕ быны чи фӕмард, уыцы ӕстдӕс адӕймаджы Иерусалимы иннӕ цӕрджытӕй тӕригъӕдджындӕр* уыдысты?
5 Зӕгъын уын: нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не ’рфӕсмон кӕнат, уӕд сымах дӕр уе ’ппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут»+.
6 Уый фӕстӕ сын ракодта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Иу лӕгӕн йӕ сӕнӕфсирдоны+ сагъд уыд легъуибӕлас ӕмӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд, исты йыл ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ+, фӕлӕ йыл ницы ссардта+.
7 Ӕмӕ уӕд сӕнӕфсирдонгӕсӕн загъта: „Ныр ӕртӕ азы+ цӕуын ацы легъуибӕласмӕ ӕмӕ йыл дыргъ агурын, фӕлӕ йыл ницы ссарын. Акал ӕй!+ Зӕхх дӕр ма дзӕгъӕлы цы ахсы?“
8 Фӕлӕ йын уый загъта: „Хицау, ацы аз дӕр ма йӕ бауадз+. Ӕз ын йӕ алыварс скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн.
9 Ӕмӕ йыл кӕд фидӕнмӕ исты ӕрзайа, уӕд хорз, кӕд нӕ, уӕд-иу ӕй акал“»+.
10 Уӕд та сабаты Йесо иу ӕмбырдгӕнӕны адӕмы ахуыр кодта.
11 Уым уыди, хъарусӕттӕг дӕлимон+ ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг. Уыцы сылгоймаг афтӕ ныкъкъӕдзтӕ, ӕмӕ йӕхи сӕмраст кӕнын йӕ бон ӕппындӕр нӕ уыд.
12 Йесо йӕ куы федта, уӕд ын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй фервӕзтӕ»+.
13 Стӕй йыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст+ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдта.
14 Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, ууыл ӕмбырдгӕнӕны хистӕр смӕсты ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Уӕ куыстытӕ кӕнынӕн уын ис ӕхсӕз боны+. Гъемӕ-иу уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ уыцы бонты цӕут, сабаты та – нӕ»+.
15 Йесо та йын загъта: «Цӕстмӕхъустӕ+, сабаты уӕ алчидӕр йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы йӕ бынатӕй не суадзы ӕмӕ йӕ дон нуазынмӕ нӕ акӕны?+
16 Уӕд ацы сылгоймаджы, Авраамы+ чызджы, Сайтан ӕнӕхъӕн ӕстдӕс азы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, уый сабатбон ссӕрибар кӕнын не ’мбӕлд?»
17 Уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, йӕ ныхмӕ чи уыд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр худинаг ӕркаст+. Адӕм та иууылдӕр цин кодтой, цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоныл+.
18 Стӕй йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон?+
19 Уый абарӕн ис, лӕг йӕ цӕхӕрадоны кӕй ныссагъта, ахӕм хъыцъыйы нӕмыгимӕ. Нӕмыг сырӕзт, бӕлас дзы рауад, ӕмӕ йӕ къалиутыл уӕларвон мӕргътӕ+ сӕхицӕн бынат скодтой»+.
20 Ӕмӕ та ногӕй загъта: «Цӕимӕ абарон Хуыцауы паддзахад?
21 Уый абарӕн ис, сылгоймаг кӕй райста ӕмӕ ӕртӕ стыр барӕн къусы дзаг ссадыл кӕй сызмӕста* ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, ахӕм ӕнхъизӕнимӕ»+.
22 Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ Йесо зылди горӕттыл ӕмӕ хъӕутыл ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта+.
23 Иу лӕг ӕй бафарста: «Хицау, бирӕтӕ кӕй нӕ фервӕздзысты, уый ӕцӕг у?»+ Уый та сын загъта:
24 «Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут+ нарӕг дуарыл бахизыныл+. Зӕгъын уын: бирӕтӕ архайдзысты бахизыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн+,
25 уымӕн ӕмӕ хӕдзары хицау сыстдзӕн ӕмӕ дуар сӕхгӕндзӕн, сымах та ӕддейӕ баззайдзыстут ӕмӕ дуар хойын райдайдзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: „Хицау, дуар нын бакӕн!“+ Фӕлӕ уын уый зӕгъдзӕн: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын“+.
26 Уӕд райдайдзыстут дзурын: „Мах дӕ разы куы хордтам ӕмӕ куы нуӕзтам, стӕй нӕ нӕ горӕты стыр уынгты куы ахуыр кодтай“+.
27 Фӕлӕ уын уый зӕгъдзӕн: „Чи стут? Ӕз уӕ нӕ зонын. Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ!“+
28 Ӕмӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы паддзахады куы фенат+, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы раппарой, уӕд уырдыгӕй цӕудзӕн уӕ кӕуын ӕмӕ уӕ хъӕрзын+.
29 Уымӕй уӕлдай ма ӕрцӕудзысты адӕм скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгатӕй ӕмӕ хуссарӕй+, ӕмӕ ӕрбаддзысты фынгыл Хуыцауы паддзахады+.
30 Гъемӕ фӕстӕгтӕй чидӕртӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та чидӕртӕ – фӕстӕгтӕ»+.
31 Раст ӕм уыцы сахат фарисейтӕй чидӕртӕ бацыд ӕмӕ йын загътой: «Сыст ӕмӕ дӕхи ардыгӕй айс, уымӕн ӕмӕ дӕ Ирод* марынмӕ хъавы».
32 Уый та сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн+ зӕгъут: „Абон ӕмӕ райсом адӕмӕй сурдзынӕн дӕлимонты ӕмӕ сӕ сӕ низтӕй дзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн“+.
33 Фӕлӕ уӕддӕр, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр мӕнӕн мӕ фӕндагыл цӕугӕ у, уымӕн ӕмӕ пехуымпары Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой, уымӕн гӕнӕн нӕй+.
34 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты чи мары+ ӕмӕ йӕм кӕй ӕрӕрвитынц, уыдоны дуртӕй чи фӕхойы!+ Цал хатты мӕ фӕндыд, карк йӕ цъиуты йӕ базырты бын+ куыд ӕрбамбырд кӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын! Фӕлӕ уӕ нӕ бафӕндыд+.
35 Ныр уын Хуыцау уӕ хӕдзар*+ ныууадздзӕн. Зӕгъын уын: нал мӕ фендзыстут, цалынмӕ нӕ зӕгъат: „Арфӕгонд у, Йегъовӕйы номӕй чи ’рцӕуы, уый!“»+