Левит 7:1—38

7  Аххосы тыххӕй цы нывӕндтӕ+ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон. Уыцы нывонд у уӕлдай табуйаг+.  Аххосы тыххӕй нывонд хъуамӕ аргӕвдой, судзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уым+. Сауджын ын йӕ туг+ нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕндзӕн+.  Стӕй нывондӕн рахицӕн кӕндзӕн йӕ фиу+ иууылдӕр: йӕ дымӕг, тъӕнгты фиу,  йӕ дыууӕ уырджы ӕмӕ сӕ фиутӕ – фӕрсты фиутӕ. Уыргтимӕ иумӕ хъуамӕ сиса игӕры фиу дӕр+.  Ӕмӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудздзӕн. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн+. Уый у нывонд аххосы тыххӕй.  Йӕ дзидза йын хъуамӕ хӕрой, сауджынтӕй чи лӕггад кӕны, уыцы нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр+. Хӕрын ӕй хъӕуы сыгъдӕг бынаты. Уый у уӕлдай табуйаг+.  Аххосы тыххӕй нывонд ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывонд хъӕуы хӕссын иухуызон. Ис сын иу закъон+. Аххосы тыххӕй нывонд уыдзӕн, уый фӕрцы адӕймаджы йӕ тӕригъӕдӕй чи ссыгъдӕг кӕндзӕн, уыцы сауджыны.  Искӕй тыххӕй судзинаг нывонд чи хӕсса, уыцы сауджыны та уыдзӕни, цы нывонд ӕм ӕрбакӕной, уымӕн йӕ царм+.  Хоры кувинаг пецы фых+ куы уа, кӕнӕ аджы мидӕг сойы фых+, кӕнӕ тебӕйы фых+, уӕд у, Хуыцауы размӕ йӕ чи бахӕсдзӕн, уыцы сауджыны хай. Уый уыдзӕн сауджыны+. 10  Фӕлӕ, фых чи нӕ уа, ахӕм хоры кувинаг куы ’рбахӕссой, соимӕ змӕст уа+ ӕви ӕнӕ сойӕ уа+, уӕд та йӕ хъӕуы Аароны фырттыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмхуызон адих кӕнын. 11  Йегъовӕйӕн цы фарны нывӕндтӕ+ хӕсдзысты, уыдоны тыххӕй уыдзӕн ахӕм закъон. 12  Уыцы нывонд исчи, Хуыцауӕй бузныг+ кӕй у, уый тыххӕй куы хӕсса, уӕд арфӕйы нывондимӕ хъуамӕ ӕрхӕсса соимӕ конд донгонд гуылтӕ, сойӕ сӕрст+ донгонд лауызтӕ ӕмӕ хӕрзнад хыссӕйӕ соимӕ конд гуылтӕ. 13  Йӕ кувинагимӕ ӕмӕ йӕ фарны нывондимӕ, арфӕйы нывондимӕ, хъуамӕ ӕрхӕсса, ӕнхъизӕн+ кӕуыл ис, ахӕм хыссӕйӕ конд гуылтӕ. 14  Хыссӕйӕ цы скӕна, уыдонӕй хъуамӕ алкӕцыйӕ дӕр фӕйнӕ иу рахицӕн кӕна Йегъовӕйӕн+. Уыдон уыдзысты, фарны нывӕндты туг нывондхӕссӕныл чи бапырх кӕна, уыцы сауджыны+. 15  Фарны нывонды – арфӕйы нывонды – дзидза бахӕрын хъӕуы, нывондӕн ӕй цы бон ӕрхӕссой, уыцы бон. Райсоммӕ дзы хъуамӕ мацы ныууадза+. 16  Адӕймаг цы нывонд хӕсса, уый кӕд, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, уый номыл у+ кӕнӕ та, йӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссы+, ахӕм, уӕд ӕй бахӕрын хъӕуы, нывондӕн ӕй цы бон ӕрхӕссой, уыцы бон. Кӕд ма дзы исты баззайа, уӕд ӕй дыккаг бон дӕр ис хӕрӕн. 17  Фӕлӕ йӕ дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый та хъӕуы басудзын+. 18  Фарны нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бон куы бахӕрой, уӕд, нывонд чи ӕрбакодта, уый Хуыцауы хорзӕх не ссардзӕн+. Йӕ нывонд уыдзӕн, цыма йӕ не ’рхаста, афтӕ+. Уыцы нывонд уыдзӕн ӕлгъаг, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый* йӕ тӕригъӕды тыххӕй дзуапп ратдзӕн+. 19  Йӕ дзидза, чъизи цы у, ахӕм истӕуыл куы андзӕва+, уӕд дӕр ӕй хӕрӕн нӕй. Уыцы дзидза хъӕуы басудзын. Сыгъдӕг дзидза та хӕрӕн ис, сыгъдӕг чи у, уыдонӕн. 20  Исчи* сыгъдӕг куы нӕ уа ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы фарны нывонд ӕрхастой, уый дзидзайӕ куы бахӕра, уӕд ӕй хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй+. 21  Ӕмӕ исчи, чъизи цы у, ахӕм истӕмӕ куы бавнала, адӕймаджы чъизитӕ уой+ ӕви, чъизийыл нымад чи у, ахӕм цӕрӕгой+ кӕнӕ та исты ӕлгъаг цӕрӕгой+, ӕмӕ афтӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы фарны нывонд ӕрхастой, уый дзидзайӕ куы бахӕра, уӕд ӕй хъӕуы фесафын йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“». 22  Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 23  «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Галты, фыркъаты ӕмӕ сӕгъты фиу+ ӕппындӕр ма хӕрут. 24  Фосӕй чи амӕла кӕнӕ дзы хъӕддаг сырд кӕй бахӕра+, уымӕн йӕ фиуӕй пайда кӕнӕн ис цыфӕнды хъуыддаджы дӕр, фӕлӕ йӕ хӕргӕ ма кӕнут. 25  Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндты фиуӕй чи бахӕра, уыцы адӕймаджы хъӕуы фесафын+ йӕ адӕмы ’хсӕнӕй. 26  Кӕмфӕнды ма цӕрат, туг+ ӕппындӕр ма хӕрут,– фӕнды маргъы туг уӕд, фӕнды цӕрӕгойы туг. 27  Туг чи бахӕра, уыцы адӕймаджы* хъӕуы фесафын+ йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“». 28  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 29  «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Йегъовӕйӕн фарны нывонд чи хӕсса, уый Йегъовӕйӕн йӕ фарны нывондӕй раттӕд хай+. 30  Йӕхӕдӕг хъуамӕ ӕрбахӕсса Йегъовӕйӕн йӕ фиу+ риуыгуыдыримӕ – уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм кувинаг. Фиу ӕрбахӕсдзӕн риуыгуыдыримӕ, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы раз дыууӕрдӕм батила – уый у, кӕй батилынц, ахӕм кувинаг+. 31  Ӕмӕ сауджын фиу нывондхӕссӕныл басудздзӕн+, риуыгуыдыр та уыдзӕн Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн+. 32  Фарны нывӕндтӕн-иу сӕ рахиз агъд раттут сауджынӕн+. 33  Рахиз агъд уыдзӕн, фарны нывондӕн йӕ туг ӕмӕ йӕ фиу Аароны фырттӕй Хуыцауы размӕ чи бахӕсса, уый хай+. 34  Израилы фырттӕ цы фарны нывӕндтӕ хӕссынц, уыдонӕй ӕз исын риуыгуыдыр – дыууӕрдӕм кӕй батилынц+, уый, ӕмӕ рахиз агъд ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн. Уыдон ӕз исын Израилы фырттӕй. Уый уыдзӕн закъон ӕнустӕм. 35  Уый уыд, Йегъовӕйӕн кӕй ӕрхӕссынц ӕмӕ артыл кӕй басудзынц, уыцы нывӕндтӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты хай – сауджынты хай, Йегъовӕйӕн сауджынтӕй цы бон ӕрцыдысты ’взӕрст+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ. 36  Сӕрст цы бон ӕрцыдысты+, уыцы бон Йегъовӕ Израилы фырттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ уыдонӕн дӕттой. Уый у закъон ӕнустӕм сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр“»+. 37  Адон сты закъӕттӕ судзинаг нывӕндты+ ӕмӕ хоры кувинӕгты тыххӕй+, тӕригъӕды+ ӕмӕ аххосы тыххӕй+ кӕй хӕсдзысты, уыцы нывӕндты тыххӕй, стӕй уӕд, ацы нӕлгоймӕгтӕ сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый номыл цы нывӕндтӕ ӕрхӕсдзысты+, уыдоны тыххӕй ӕмӕ фарны нывӕндты тыххӕй+. 38  Уыцы закъӕттӕ Йегъовӕ Моисейӕн радта Синайы хохыл+, Израилы фырттӕн цы бон загъта, цӕмӕй Синайы ӕдзӕрӕг быдыры Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ ӕрхастаиккой, уыцы бон+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыцы уд»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 21, 25, 27 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уд» – дзут. не́феш. Кӕс 21 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «уды».