Левит 25:1—55

25  Йегъовӕ Синайы хохыл дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта:  «Израилы фырттӕн афтӕ зӕгъ: „Цы зӕхх уын дӕттын, уырдӕм куы бацӕуат+, уӕд-иу зӕхх улӕфын бауадзут, уый уыдзӕн сабат Йегъовӕйы кадӕн+.  Ӕхсӕз азы-иу байтау дӕ хуым ӕмӕ-иу ӕхсӕз азы бахсӕд дӕ сӕнӕфсир ӕмӕ-иу ӕрӕмбырд кӕн, дӕ зӕххыл цы ’рзайа, уый+.  Ӕвдӕм аз та уыдзӕн сабат, ӕмӕ-иу уыцы аз зӕхх хъуамӕ баулӕфа+. Уый уыдзӕн сабат Йегъовӕйы кадӕн. Уыцы аз-иу дӕ хуым дӕр ма байтау ӕмӕ-иу дӕ сӕнӕфсир дӕр ма бахсӕд.  Дӕ хор кӕрдгӕйӕ зӕхмӕ цы хоры гагатӕ ӕрхауа, уыдонӕй чи сзайа, уыцы ӕфсиртӕ-иу ма ӕркӕрд ӕмӕ, де ’нӕхсӕст сӕнӕфсирыл цы ’рзайа, уый-иу ма ӕрӕмбырд кӕн. Уыцы аз зӕхх хъуамӕ баулӕфа.  Сабаты дӕргъы зӕххыл цы ’рзайа, уый уын уыдзӕн хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ цагъар-нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ уӕ цагъар-сылгоймӕгтӕн, стӕй, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уыдонӕн – уе ’ххуырст кусджытӕн ӕмӕ, ӕрлидзӕг чи у, уыдонӕн,  стӕй уӕ фосӕн ӕмӕ, уӕ зӕххыл цы хъӕддаг сырдтӕ ис, уыдонӕн дӕр. Уӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ӕрзайа, уый уын уыдзӕн хӕрынӕн.  Анымайут авд азон къуырийы, авд хатты ӕвдгай азтӕ, ӕмӕ уыцы авд азон къуырийы уыдзысты цыппор фараст азы.  Ӕмӕ-иу ӕвдӕм мӕйы, мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон+ сыкъайӕ хъӕрӕй ныууасут+. Сыгъдӕггӕнӕн бон+ сыкъайы уаст хъуамӕ хъуыса ӕгас бӕстӕйыл дӕр. 10  Фӕндзайӕм аз у сыгъдӕг аз, ӕмӕ фехъусын кӕнут, уӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм се ’ппӕт дӕр кӕй ссӕрибар уыдзысты+. Уый уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+, ӕмӕ уӕ алчидӕр хъуамӕ аздӕха йӕ зӕххытӕм ӕмӕ йӕ бинонтӕм+. 11  Фӕндзайӕм аз уын уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+. Уыцы аз мадӕр таугӕ кӕнут, мадӕр, уӕ хуымты цы гагатӕ ӕрхауд, уыдонӕй чи сзайа, уыцы ӕфсиртӕ кӕрдут, мадӕр, ӕнӕхсӕст сӕнӕфсирыл цы ’рзайа, уый ӕмбырд кӕнут+. 12  Уый уыдзӕн Сӕрибардзинады аз. Уыцы аз уын хъуамӕ уа сӕрмагонд аз. Уӕ зӕххыл цы ’рзайа, уый уын хӕрӕн уыдзӕн+. 13  Сӕрибардзинады аз уӕ хъуамӕ алчидӕр аздӕха йӕ зӕххытӕм+. 14  Искӕмӕн исты куы уӕй кӕнат кӕнӕ искӕмӕй исты куы ’лхӕнат, уӕд кӕрӕдзийы зӕрдӕхудты ма бацӕут+. 15  Искӕмӕй зӕхх куы ’лхӕнай, уӕд хъуамӕ банымайай, Сӕрибардзинады азӕй цал азы рацыд, уый. Кӕмӕй йӕ ӕлхӕныс, уый йын хъуамӕ аргъ скӕна, тыллӕг дзы цал азы исдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ+. 16  Уыцы азтӕ цас фылдӕр уой, уыйас фылдӕр уыдзӕн йӕ аргъ дӕр+, азтӕ цас къаддӕр уой, уыйас къаддӕр уыдзӕн йӕ аргъ дӕр, уымӕн ӕмӕ дын ӕй уӕй кӕны, тыллӕг дзы цал хатты сисдзынӕ, уымӕ гӕсгӕ. 17  Макӕй зӕрдӕхудты цӕут+. Тӕрсут уӕ Хуыцауӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+. 18  Мӕ закъӕттӕ мын ӕххӕст кӕнут, мӕ тӕрхӕттыл мын фидар хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уӕ зӕххыл цӕрдзыстут ӕдасӕй+. 19  Зӕхх уын дӕтдзӕн тыллӕг+, ӕмӕ хӕринаг хӕрдзыстут уӕ фаг ӕмӕ йыл ӕдасӕй цӕрдзыстут+. 20  Фӕлӕ афтӕ куы зӕгъат: „Ӕмӕ нын кӕд ӕвдӕм аз тауӕн дӕр нӕ уыдзӕн ӕмӕ тыллӕг ӕмбырд кӕнӕн дӕр, уӕд уыцы аз хӕргӕ та цы кӕндзыстӕм?“+ – 21  уӕд ӕй зонут: ӕз уыл ӕхсӕзӕм аз мӕ арфӕдзинад ӕруадздзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕххӕй тыллӕг сисдзыстут ӕртӕ азы фаг+. 22  Ӕстӕм аз уӕ хуымтӕ байтаудзыстут, фӕлӕ зӕронд тыллӕг хӕрдзыстут суанг фарӕстӕм азы онг. Цалынмӕ фарӕстӕм азы тыллӕг нӕ сисат, уӕдмӕ хӕрдзыстут зӕронд тыллӕг. 23  Зӕхх ӕнустӕм уӕй кӕнӕн нӕй+, уымӕн ӕмӕ зӕхх мӕн у+. Сымах мӕнӕн стут ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ ӕрлидзӕг адӕм+. 24  Уӕ зӕххыл алы ран дӕр адӕмӕн хъуамӕ уый бар дӕттат, цӕмӕй, йӕ зӕхх чи ауӕй кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕна+. 25  Де ’фсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ йӕ зӕххӕй куы ауӕй кӕна, уӕд хъуамӕ йе ’ввахс хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕуа ӕмӕ, йе ’фсымӕр цы ауӕй кодта, уый фӕстӕмӕ балхӕна+. 26  Фӕстӕмӕ йын ӕй чи балхӕна, уый куы нӕ уа, фӕлӕ йӕхӕдӕг йӕ балхӕныны фаг ӕхца куы бакуса, 27  уӕд хъуамӕ банымайа, куы йӕ ауӕй кодта, уӕдӕй цал азы рацыд, уыцы азты тыллӕджы аргъ. Ӕмӕ йӕ цы аргъӕй ауӕй кодта, уымӕй ма цы баззайа, уый хъуамӕ фӕстӕмӕ ратта, кӕмӕн ӕй ауӕй кодта, уымӕн, ӕмӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн+. 28  Кӕд уый фаг ӕхца не ссара, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕна, уӕд та йӕ зӕхх, кӕмӕн ӕй ауӕй кодта, уыцы адӕймаджы къухы уыдзӕн Сӕрибардзинады азмӕ+, ӕмӕ Сӕрибардзинады аз зӕхх ссӕрибар уыдзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ хицауы бауыдзӕн+. 29  Йӕ алыварс къултӕ кӕмӕн ис, ахӕм горӕты исчи хӕдзар куы ауӕй кӕна, уӕд ын фӕстӕмӕ йӕ балхӕныны бар уыдзӕн, куы йӕ ауӕй кӕна, уымӕй цалынмӕ афӕдз нӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Йӕ балхӕныны+ бар ын уыдзӕн иу азы дӕргъы. 30  Фӕлӕ йӕ уыцы афӕдзы дӕргъы куы нӕ балхӕна, уӕд уыцы хӕдзар ӕнустӕм баззайдзӕн, чи йӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уыцы хӕдзар Сӕрибардзинады аз не ссӕрибар уыдзӕн. 31  Сӕ алыварс къултӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм рӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та хъуамӕ нымад уой зӕххы хайыл. Ахӕм хӕдзары хицауӕн алкӕддӕр уыдзӕн уый бар, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕна+, стӕй Сӕрибардзинады аз+ дӕр ссӕрибар уыдзӕн. 32  Левитты горӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдоны хабар та афтӕ у+, ӕмӕ левиттӕн ӕнустӕм уыдзӕн уый бар, цӕмӕй-иу сӕ фӕстӕмӕ балхӕной+. 33  Левиты хӕдзар фӕстӕмӕ ӕлхӕд куы не ’рцӕуа, уӕд, йӕ горӕты цы хӕдзар ауӕй кодта, уый Сӕрибардзинады аз ссӕрибар уыдзӕн+, уымӕн ӕмӕ левитты горӕтты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон сты сӕ исбон Израилы фыртты ’хсӕн+. 34  Ӕмӕ, сӕ горӕтты алыварс цы хизӕнтӕ+ ис, уыдон дӕр уӕй кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм левитты сты. 35  Дӕ фарсмӕ чи цӕры, уыцы ӕфсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ хъуаг куы ’ййафа+, уӕд ын баххуыс кӕн+, ӕрцӕуӕггаг ӕмӕ ӕрлидзӕгӕн куыд баххуыс кӕнис+, афтӕ, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ фарсмӕ цӕра. 36  Проценттӕ дзы ма ис ӕмӕ йыл ӕхца ма кус+. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй+, ӕмӕ де ’фсымӕр дарддӕр дӕр дӕ фарсмӕ цӕрӕд. 37  Ӕхца йын ӕфстау проценттыл ма дӕтт+ ӕмӕ йын хӕринаг дӕр уый тыххӕй ма дӕтт, цӕмӕй дзы исты бакусай. 38  Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау. Ӕз уӕ ракодтон Египеты зӕххӕй, цӕмӕй уын раттон Ханааны зӕхх+ ӕмӕ уон уӕ Хуыцау+. 39  Дӕ фарсмӕ чи цӕры, уыцы ӕфсымӕр куы смӕгуыр уа ӕмӕ дын йӕхи куы ауӕй кӕна+, уӕд ын цагъары куыст ма кӕнын кӕн+. 40  Хъуамӕ дын уа ӕххуырст кусӕджы хуызӕн+, ӕрлидзӕджы хуызӕн. Лӕггад дын кӕндзӕн Сӕрибардзинады азы онг. 41  Уый фӕстӕ хъуамӕ дӕуӕй ацӕуа, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр, ӕмӕ хъуамӕ аздӕха йӕ бинонтӕм. Хъуамӕ фӕстӕмӕ аздӕха йӕ фыдӕлты зӕххытӕм+. 42  Уыдон сты мӕ цагъартӕ, ӕз сӕ ракодтон Египеты зӕххӕй+. Уыдон хъуамӕ сӕхи цагъартау ма уӕй кӕной. 43  Ма сӕ ӕфхӕрут ӕмӕ сӕ ма ссӕндут+. Тӕрсут уӕ Хуыцауӕй+. 44  Фӕлӕ уӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй уын уӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕй цагъартӕ уа, уӕд уыдонӕй уӕ бон у цагъар-нӕлгоймаг кӕнӕ цагъар-сылгоймаг балхӕнын. 45  Уӕ бон цагъартӕ ӕлхӕнын у, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг, ӕрлидзӕг, чи у, уыдонӕй дӕр+, стӕй сӕ бинонтӕй, уе ’хсӕн чи цӕры ӕмӕ сын уӕ зӕххыл чи райгуырд, уыдонӕй. Уыдон суыдзысты уӕ исбон. 46  Уӕ фӕстӕ-иу сӕ уӕ фырттӕн бынӕн ныууадзут, ӕмӕ сӕ исбон уыдзысты ӕнустӕм+. Уыдонӕн кусын кӕнут, фӕлӕ уе ’фсымӕрты, Израилы фыртты, ма ’фхӕрут, уӕ кӕрӕдзи ма ссӕндут+. 47  Фӕлӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг кӕнӕ ӕрлидзӕг чи у, уыдонӕй исчи куы схъӕздыг уа, ӕмӕ йӕ фарсмӕ де ’фсымӕр та куы смӕгуыр уа ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг кӕнӕ ӕрлидзӕгӕн кӕнӕ ӕрцӕуӕггаджы бинонтӕй искӕмӕн йӕхи куы ауӕй кӕна, 48  уӕд ын, йӕхи куы ауӕй кодта+, уый фӕстӕ уыдзӕн бар, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ балхӕной+. Балхӕнӕд ӕй йе ’фсымӕртӕй исчи+. 49  Науӕд ӕй балхӕнӕд йӕ фыдыфсымӕр кӕнӕ йӕ фыдыфсымӕры лӕппу кӕнӕ йӕ бинонтӕй исчи, йӕ тугхӕстӕг+. Кӕд йӕхӕдӕг схъӕздыг уа, уӕд та йӕхӕдӕг йӕхи балхӕнӕд+. 50  Чи йӕ балхӕдта, уыимӕ банымайӕд, йӕхи куы ауӕй кодта, уыцы азӕй Сӕрибардзинады азмӕ цал азы ис, уый+. Ӕмӕ, йӕхи цы аргъыл ауӕй кодта, уый хъуамӕ уа уыцы азтӕм гӕсгӕ+. Йӕ куыст ын хъуамӕ нымайа, ӕххуырст кусӕджы куыст куыд нымайа, афтӕ+. 51  Кӕд Сӕрибардзинады азмӕ нырма бирӕ азтӕ хъӕуы, уӕд хъуамӕ уыцы азты тыххӕй бафида, чи йӕ балхӕдта, уымӕн, ӕмӕ йӕхи фӕстӕмӕ балхӕна. 52  Кӕд Сӕрибардзинады+ азмӕ бирӕ азтӕ нал хъӕуы, уӕд та хъуамӕ банымайа, цал азы ма баззад, уый, ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ бафида, цӕмӕй йӕхи фӕстӕмӕ балхӕна. 53  Йӕ хицау ӕм хъуамӕ кӕса, алы аз дӕр кӕй баххуырсынц, ахӕм кусӕгмӕ+ цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй. Дӕ хъус дар, цӕмӕй йӕ ма ’фхӕра ӕмӕ йӕ ма ссӕнда+. 54  Фӕлӕ кӕд ацы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ йӕ бон не суа йӕхи балхӕнын, уӕд та ссӕрибар уыдзӕн Сӕрибардзинады аз+, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фырттӕ дӕр. 55  Израилы фырттӕ сты мӕ цагъартӕ. Уыдон сты мӕ цагъартӕ+, ӕз сӕ ракодтон Египеты зӕххӕй+. Ӕз дӕн Йегъовӕ, уӕ Хуыцау+.

Фиппаинӕгтӕ