Йесо Навин 16:1—10
16 Иосифы фырттӕм+ хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ+ ӕрхауд мӕнӕ ацы зӕхх: Иорданы+ цӕугӕдон Иерихоны рӕзты кӕм цӕуы, уырдыгӕй Иерихоны дӕтты скӕсӕн фарсы онг, Иерихонӕй Вефилы+ хӕхбӕстӕм чи хӕццӕ кӕны, уыцы ӕдзӕрӕг быдыр.
2 Сӕ зӕххы арӕн цӕуы, Лузмӕ+ чи хауы, уыцы Вефилӕй Атарофы онг, ома архитӕгты+ зӕххы арӕны онг,
3 уырдыгӕй цӕуы дӕлӕмӕ ныгуылӕнырдӕм, иафлетӕгты зӕххы арӕнмӕ, суанг Дӕллаг Беф-Ороны+ арӕнты онг ӕмӕ Газеры+ онг, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+.
4 Ӕмӕ Иосифы фырттӕ+ – Манассийы мыггаг ӕмӕ Ефремы+ мыггаг – уыцы зӕхх сӕхи бакодтой+.
5 Ефремы мыггаджы хӕдзарвӕндӕгты зӕххы арӕн, бынӕн кӕй райстой, уыцы зӕххы арӕн скӕсӕнырдыгӕй у Атароф-Адар+ ӕмӕ уырдыгӕй цӕуы Уӕллаг Беф-Ороны+ онг.
6 Дарддӕр арӕн рахызти денджызмӕ. Цӕгатырдыгӕй сӕ арӕн у Михмефаф+, уырдыгӕй фӕзылд скӕсӕнырдӕм, Фаанаф-Силоммӕ ӕмӕ дарддӕр цӕуы Ианохмӕ, уый дӕр скӕсӕнырдӕм.
7 Ианохӕй цӕуы дӕлӕмӕ, Атарофмӕ ӕмӕ Наарӕмӕ, ӕрхӕццӕ Иерихонмӕ+ ӕмӕ рахызт Иорданы цӕугӕдонмӕ.
8 Таппуахӕй+ арӕн цӕуы ныгуылӕнырдӕм, Канӕйы+ дӕлвӕзмӕ, ӕмӕ фӕвӕййы денджызы был+. Уыцы зӕххытӕ сты Ефремы мыггаджы бынтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.
9 Ефремы фырттӕн ма, Манассийы фырттӕ кӕй райстой бынӕн, уыцы зӕххыл дӕр уыд горӕттӕ+ ӕмӕ хъӕутӕ.
10 Фӕлӕ Ефремы фырттӕ нӕ фӕсырдтой, Газеры+ чи цард, уыцы ханаайнӕгты+, ӕмӕ ханаайнӕгтӕ абоны онг дӕр цӕрынц се ’хсӕн+ ӕмӕ сын ӕххуырстытӕ систы+.