Йереми 25:1—38

25  Иосийы фырт Иоаким+ цыппӕрӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах, ома Навуходоносор Вавилоны фыццаг аз паддзах куы уыди, уӕд Йеремимӕ Хуыцауӕй ӕппӕт Иудӕйы адӕмы тыххӕй уыди ныхас.  Пехуымпар Йереми ӕппӕт Иудӕйы адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕппӕт Иерусалимы цӕрджыты тыххӕй загъта:  «Амоны фырт Иоси+ ӕртындӕсӕм аз куы уыд Иудӕйы паддзах, уӕдӕй абоны онг, дыууын ӕртӕ азы дӕргъы, Йегъовӕ мӕнӕн йӕ ныхас дзырдта, ӕмӕ-иу ӕй ӕз та дзырдтон сымахӕн, раджы-иу сыстадтӕн ӕмӕ уын-иу ӕй дзырдтон, фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат+.  Йегъовӕ уӕм ӕрвыста йӕ пехуымпарты, раджы-иу сыстад ӕмӕ-иу сӕ арвыста, фӕлӕ сӕм сымах нӕ хъуыстат+, уӕ хъус дӕр-иу сӕм не ’рдардтат+.  Уыдон уын-иу дзырдтой: „Уӕ хорзӕхӕй, уе ’взӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ уе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзут+, цӕмӕй цӕрат, Йегъовӕ рагзаманты сымахӕн ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн ӕнустӕм кӕй радта, уыцы зӕххыл+.  Ма цӕут ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл, ма сын кувут ӕмӕ сӕ разы уӕ зонгуытыл ма лӕуут ӕмӕ, уӕ къухтӕй цы скӕнут, уыдӕттӕй мӕ ма ӕфхӕрут, цӕмӕй уӕ ӕз бӕллӕхы хай ма фӕкӕнон“+.  „Фӕлӕ мӕм сымах нӕ хъуыстат,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ-иу уӕ къухтӕй цы скодтат, уыдӕттӕй-иу мӕ ӕфхӕрдтат, ӕмӕ уӕхи бӕллӕхы хай кодтат“+.  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Мӕ ныхӕстӕм мын кӕй нӕ хъуыстат,  уый тыххӕй ӕз фӕсиддзынӕн цӕгатаг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр+,– зӕгъы Йегъовӕ,– фӕсиддзынӕн Вавилоны паддзах Навуходоносормӕ, мӕ лӕггадгӕнӕгмӕ+, ӕмӕ сӕ ракӕндзынӕн ацы зӕххы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ ӕмӕ, сӕ алыварс цыдӕриддӕр адӕмтӕ цӕры, уыдоны ныхмӕ+. Ӕз сӕ сӕфты хай бакӕндзынӕн ӕмӕ сӕ диссагӕн дзуринаг фӕкӕндзынӕн, чи-иу сӕ фена, уый-иу ныхситт кӕндзӕн+. Сӕ зӕхх сын ӕнустӕм ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн+. 10  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уырдыгӕй нал райхъуысдзӕн цины хъӕр+ ӕмӕ хъӕлдзӕг хъӕлӕба, усгуры хъӕлӕс ӕмӕ чындзы хъӕлӕс+, нал дзы хъуысдзӕн ӕрмгуыройы хъӕр+ ӕмӕ дзы нал кӕлдзӕн цырагъы рухс+. 11  Ацы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестдзӕн ӕдзӕрӕг быдыр, диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, ӕмӕ ацы адӕмтӕ Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕндзысты ӕвдай азы“+. 12  „Ӕвдай азы куы рацӕуа+, уӕд ӕз Вавилоны паддзахӕй ӕмӕ ацы адӕмӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ,– халдейты бӕстӕйӕ+ сӕ фыдракӕндты тыххӕй дзуапп ӕрдомдзынӕн ӕмӕ йӕ ӕнустӕм ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн+. 13  Ӕз ацы зӕххыл ӕрцӕуын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр дзы дзырдтон, уый, ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йереми ӕппӕт ацы адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр дзырдта, уыдӕттӕ иууылдӕр+, 14  уымӕн ӕмӕ сӕ уыдон – бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ номдзыд паддзӕхтӕ+ – сӕхицӕн кусын кодтой+. Ӕз сын бафиддзынӕн сӕ хъуыддӕгты тыххӕй, цы митӕ кӕнынц, уыдоны тыххӕй“»+. 15  Израилы Хуыцау Йегъовӕ мын загъта: «Ацы сӕны къус, фыдӕхы къус мын мӕ къухӕй айс, ӕмӕ дӕ цы адӕмтӕм арвитон, уыдонӕн ӕй се ’ппӕтӕн дӕр бадар+. 16  Уыдон ӕй бануаздзысты ӕмӕ дзой-дзой кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ сыл хъама куы бафтауон, уӕд ӕнӕзӕндты митӕ кӕндзысты»+. 17  Ӕз дӕр Йегъовӕйы къухӕй уыцы къус райстон ӕмӕ мӕ Йегъовӕ кӕмӕ арвыста, ӕппӕт уыцы адӕмтӕн ӕй бадардтон+. 18  Бадардтон ӕй Иерусалимӕн, Иудӕйы горӕттӕн, йӕ паддзӕхтӕн ӕмӕ йӕ кънйӕзтӕн. Уыдон ӕй банызтой, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцау фесафынвӕнд скодта. Цы сыл ӕрцыд, уый фенгӕйӕ-иу+ адӕм фырдисӕй ныхситт кӕндзысты, ӕлгъыстаг сын фӕуыдзысты, ӕмӕ-иу сӕ ӕмбисондӕн ӕрхӕсдзысты, ӕлгъыст чи у, уыдонӕн, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+. 19  Бадардтон ӕй фараонӕн, Египеты паддзахӕн, йӕ лӕггадгӕнджытӕн, йӕ кънйӕзтӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр+, 20  се ’хсӕн цы алыхуызон адӕмтӕ цард, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, стӕй, Уц+ чи хуыйны, уыцы зӕххы паддзӕхтӕн ӕмӕ филистимӕгты+ зӕххы паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, Аскалонӕн+, Газӕйӕн+, Екронӕн+ ӕмӕ ма Азотӕй+ чи баззад, уыдонӕн, 21  Едомӕн+, Моавӕн+ ӕмӕ Аммоны+ фырттӕн, 22  Тиры+ паддзӕхтӕн ӕмӕ Сидоны+ паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ, денджызы цы сакъадах ис, уый паддзӕхтӕн, 23  Деданӕн+, Фемӕйӕн+, Вузӕн ӕмӕ, сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвыд кӕмӕн сты, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр+, 24  Аравиаг+ паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы алыхуызон адӕмтӕ цӕры, уыдоны паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, 25  Зимрийы паддзӕхтӕн, Еламы+ паддзӕхтӕн ӕмӕ Мидийы+ паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, 26  стӕй ӕппӕт цӕгатаг паддзӕхтӕн, хӕстӕг ӕмӕ дард чи цӕры, уыдонӕн, иуӕн иннӕйы фӕдыл, ӕмӕ ма зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр паддзахӕдтӕ ис, уыдонӕн дӕр. Уыдоны фӕстӕ ма дзы бануаздзӕн Сесахы*+ паддзах дӕр. 27  «Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: „Нуазут, ныррасыг ут, омут ӕмӕ хаут, цы хъама уыл бафтаудзынӕн+, уый цӕфӕй куыд нал сыстат, афтӕ“+. 28  Дӕ къухӕй дын къус куы нӕ райсой ӕмӕ йӕ куы нӕ бануазой, уӕд сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Ӕнӕмӕнгӕй йӕ бануаздзыстут+, 29  уымӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх ӕруадздзынӕн, уый фыццаг ӕрцӕудзӕн, мӕ номӕй чи хуыйны, уыцы горӕтыл+. Ӕмӕ, ау, сымах ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут?“+ „Ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕз фӕсиддзынӕн хъамамӕ, цӕмӕй ӕппӕт зӕххыл цӕрӕг адӕмы ныхмӕ рацӕуа“,– зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ. 30  Ды та пехуымпариуӕг кӕн, ацы ныхӕстӕ сын иууылдӕр радзур ӕмӕ сын зӕгъ: „Йегъовӕ бӕрзондӕй домбайау ныббогъ кӕндзӕн+, йӕ рухс цӕрӕнбынатӕй райхъуысдзӕн йӕ хъӕлӕс+. Домбайау ныббогъ кӕндзӕн йӕ зӕххон цӕрӕнбынаты сӕрмӕ. Сӕндуцӕны сӕнӕфсир чи фӕцъӕл кӕны, уыдон куыд ныхъхъӕр кӕнынц, афтӕ ныхъхъӕр кӕндзӕн ӕгас зӕххы цӕрджытыл“+. 31  „Тохы хъӕр айхъуысдзӕн суанг зӕххы кӕронмӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ адӕмты ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕудзӕн+. Уый тӕрхон кӕндзӕн ӕппӕт адӕмӕн дӕр+. Фыдгӕнджыты фӕкӕндзӕн хъамайы амӕттаг“+,– зӕгъы Йегъовӕ. 32  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: „Бӕллӕх цӕуы иу адӕмӕй иннӕ адӕммӕ+, тыхджын дымгӕ сыстдзӕн зӕххы кӕрӕттӕй+. 33  Уыцы бон, Йегъовӕ кӕй ныццӕгъда, уыдон хаудӕй лӕудзысты зӕххыл, иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ+. Ӕмӕ сыл ничи фӕкӕудзӕн, ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ ничи баныгӕндзӕн+. Фаджысау суыдзысты зӕххы цъарыл“+. 34  Ӕрдиаг кӕнут, фыййӕуттӕ, ӕмӕ хъӕр кӕнут!+ Уӕхи фӕнычы ӕвдулут+, дзуджы хуыздӕртӕ+ – кӕд уӕ цӕгъддзысты ӕмӕ алырдӕмты кӕд ныххӕлиу уыдзыстут, уыцы бонтӕ ӕрцыдысты+. Ӕмӕ зынаргъ мигӕнӕнау ӕрхаудзыстут ӕмӕ ныппырх уыдзыстут!+ 35  Фыййӕуттӕн нал ис, кӕм бамбӕхсой, ахӕм бынат, дзуджы хуыздӕртӕн фервӕзӕн нал ис+. 36  Хъусут! Фыййӕутты хъӕр цӕуы, дзуджы хуыздӕртӕ ӕрдиаг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ сӕ хизӕнтӕй ӕнӕхай фӕкодта. 37  Йегъовӕйы судзгӕ мастӕй сӕ фӕрнӕйдзаг цӕрӕнуӕтты цӕрӕг нал баззад+. 38  Уый ӕвзонг домбайау йе ’мбӕхсӕн бынатӕй рацыд+, ӕмӕ сӕ зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕци, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр хъамайы амӕттаг баци, йӕ судзгӕ масты азар ӕй баййӕфта»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ӕвӕц., Вавилон.