Йезекил 31:1—18
31 Иуӕндӕсӕм азы, ӕртыккаг мӕйы, мӕйӕн йӕ фыццаг бон Йегъовӕ мӕнӕн загъта:
2 «Адӕймаджы фырт, афтӕ зӕгъ фараонӕн, Египеты паддзахӕн, ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмӕн+:„Кӕимӕ дӕ ис абарӕн кад ӕмӕ хъомысӕй?
3 Ды дӕ ассириаджы хуызӕн, Ливаны кедры хуызӕн+ – уымӕн уыди рӕсугъд къалиутӕ+, йӕ бирӕ къалиутӕй ӕмӕ бӕзджын сыфтӕрӕй аууон дардта, хӕрдмӕ фӕцыд+ ӕмӕ йӕ цъупп мигътыл ӕндзӕвыд+.
4 Дӕтты фӕрцы сыстыр, арф дӕтты фӕрцы сбӕрзонд+. Сӕ гуылфӕнтӕ калдысты йӕ алывӕрсты, сагъд кӕм уыди, уым, сӕ къанӕуттӕ цыдысты ӕппӕт быдырон бӕлӕстӕм дӕр.
5 Ӕмӕ уый тыххӕй сси иннӕ быдырон бӕлӕстӕй бӕрзонддӕр+.
Йӕ къабузтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, йӕ къалиутӕ кодтой даргъдӕр, уымӕн ӕмӕ йӕ къанӕутты уыди бирӕ дон+.
6 Йӕ къабузтыл-иу уӕларвон мӕргътӕ иууылдӕр сӕхицӕн скодтой ахстӕттӕ+, йӕ къалиуты бын-иу хъӕддаг сырдтӕ иууылдӕр ныззадысты+, йӕ аууоны цардысты стыр адӕмтӕ иууылдӕр.
7 Йӕ кад, йӕ хъомыс+ ӕмӕ йӕ йӕ даргъ пӕлӕхсар къалиутӕ рӕсугъд кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ уидӕгты бын уыди бирӕ дӕттӕ.
8 Хуыцауы цӕхӕрадоны йын кедрты ’хсӕн ӕмбал нӕ уыд+. Йӕ къабузтӕ йын ӕхсӕлыбӕлӕсты къабузтимӕ абарӕн нӕ уыди. Ӕмӕ платанбӕлӕсты къалиутӕ дӕр йӕ къалиуты хуызӕн нӕ уыдысты. Хуыцауы цӕхӕрадоны иу бӕлас дӕр нӕ уыд уый хуызӕн рӕсугъд+.
9 Ӕз ӕй сфӕлыстон бӕзджын сыфтӕрӕй+, ӕмӕ Едемы, ӕцӕг Хуыцауы цӕхӕрадоны, цы бӕлӕстӕ уыд, уыдон ӕм иууылдӕр хӕлӕг кодтой“+.
10 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Хӕрдмӕ кӕй фӕцыд*, йӕ цъупп мигътыл кӕй ӕндзӕвы+ ӕмӕ, бӕрзонд кӕй у, уымӕй йӕ зӕрдӕ кӕй схъал+,
11 уый тыххӕй йӕ ратдзынӕн адӕмты хъомысджын хицауы къухмӕ+, ӕмӕ уый йӕ ныхмӕ архайдзӕн. Ӕз ӕй фӕсурдзынӕн йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй+.
12 Ӕмӕ йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ, адӕмты ’хсӕн цы ӕгъатыр адӕм ис, уыдон, акалдзысты, ӕмӕ йӕ хӕхтыл ныууадздзысты. Ӕмӕ йӕ сыфтӕр ӕппӕт дӕлвӕзты ныххӕлиу уыдзӕн, йӕ къалиутӕ та йын зӕххы ӕппӕт цӕугӕдӕтты цур ныссӕтдзысты+. Ӕмӕ ӕгас зӕххы адӕмтӕ иууылдӕр йӕ аууоны бынӕй рацӕудзысты ӕмӕ йӕ ныууадздзысты+.
13 Йӕ калд хъӕдыл ын цӕрдзысты ӕппӕт уӕларвон мӕргътӕ, йӕ къалиутыл – ӕппӕт хъӕддаг сырдтӕ+,
14 цӕмӕй донӕфсӕст бӕлӕстӕй иу дӕр хӕрдмӕ мауал фӕцӕуа ӕмӕ йӕ цъупп мигътыл ма ӕндзӕва, цӕмӕй, дон чи нуазы, уыцы бӕлӕстӕй иу дӕр мигътӕм ма сӕххӕсса, уымӕн ӕмӕ уыдон иууылдӕр цагъд ӕрцӕудзысты+, дӕлдзӕхмӕ ацӕудзысты+ адӕймаджы фырттимӕ иумӕ, ингӕны былыл чи лӕууы, уыдонмӕ“.
15 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ: „Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ингӕнмӕ* цы бон ныххиза, уыцы бон ыл адӕм хъыг кӕндзысты+. Ӕз уый тыххӕй арф дӕттӕ сӕхгӕндзынӕн, цӕмӕй сын сӕ гуылфӕнтӕ бауромон ӕмӕ бирӕ дӕттӕ ӕрлӕууын кӕнон. Уый тыххӕй Ливан талынгӕй ӕрӕмбӕрздзынӕн ӕмӕ уый тыххӕй быдырон бӕлӕстӕ иууылдӕр бахус уыдзысты.
16 Ингӕны былыл+ чи лӕууы, уыдонимӕ йӕ ингӕнмӕ куы ныппарон ӕмӕ куы афӕлдӕха, уӕд йӕ гыбар-гыбурӕй адӕмты базмӕлын кӕндзынӕн, ӕмӕ Едемы+ бӕлӕстӕ иууылдӕр, Ливаны хуыздӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр бӕлӕстӕ, дон чи нуазы, уыдон иууылдӕр дӕлдзӕхы ӕрӕнцайдзысты+.
17 Уыдон дӕр йемӕ ныххызтысты ингӕнмӕ+, хъамайӕ чи фӕмард, уыдонмӕ, стӕй ма йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр, йӕ аууоны адӕмты ’хсӕн чи цард, уыдон“+.
18 „Уӕдӕ дӕ Едемы бӕлӕстӕй+ кад ӕмӕ хъомысӕй кӕимӕ ис абарӕн?+ Фӕлӕ ды Едемы бӕлӕстимӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ дӕлдзӕхмӕ+. Ды хуысдзынӕ, сунӕтгонд чи нӕу, уыдонимӕ, хуысдзынӕ, хъамайӕ чи фӕмард, уыдонимӕ. Ахӕм бон акӕндзӕн фараоныл ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмыл“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ».