Йезекил 3:1—27

3  Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, дӕ разы цы ис, уый бахӕр. Бахӕр ацы тыхтон+, стӕй ацу ӕмӕ ацы ныхӕстӕ зӕгъ Израилы адӕмӕн».  Ӕз мӕ дзых байгом кодтон, ӕмӕ мын уыцы тыхтон радта, цӕмӕй йӕ бахордтаин+.  Ӕмӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, цы тыхтон дын дӕттын, уый бахӕр ӕмӕ дзы дӕ хуылф байдзаг кӕн». Ӕз дӕр ӕй хӕрын райдыдтон, ӕмӕ мӕ дзыхы уыд мыдау адджын+.  Уый фӕстӕ мын загъта: «Адӕймаджы фырт, ацу Израилы адӕммӕ+ ӕмӕ сын мӕ ныхӕстӕ дзур.  Ӕз дӕ, йе ’взаг зынӕмбарӕн кӕмӕн у+, ӕнахуыр дзырд чи кӕны+, уыцы адӕммӕ не ’рвитын, фӕлӕ Израилы адӕммӕ.  Се ’взаг зынӕмбарӕн кӕмӕн у, ӕнахуыр дзырд чи кӕны, кӕй ныхӕстӕ не ’мбарыс, уыцы бирӕ адӕмтӕм дӕ не ’рвитын+. Уыдонмӕ дӕ куы арвыстаин, уӕд дӕм уыдон байхъуыстаиккой+.  Израилы адӕм та дӕм нӕ байхъусдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды мӕнмӕ хъусын+ – Израилы адӕм иууылдӕр сты ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕбӕрзӕрдӕ+.  Ӕз дын дӕ цӕсгом скодтон сӕ цӕсгӕмттау хъӕбӕр+, ӕмӕ дӕ ных – сӕ ныхтӕ куыд хъӕбӕр сты, афтӕ+.  Дӕ ных дын скодтон алмасийы хуызӕн, ӕхсондурӕй хъӕбӕрдӕр+. Ма сӕ тӕрс+, сӕ цӕсгӕмттӕ дӕ тас ма уадзӕнт+, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты»+. 10  Стӕй мын афтӕ загъта: «Адӕймаджы фырт, кӕй дын зӕгъон, уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр дӕ зӕрдӕмӕ+ арф айс, лӕмбынӕг сӕм байхъус. 11  Ӕмӕ ацу, уацары чи ис, уыцы адӕммӕ+, дӕ адӕмы фырттӕм, ӕмӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“,– хъусой дӕм ӕви дӕм ма хъусой, уӕддӕр»+. 12  Ӕмӕ мӕ Хуыцауы тых* систа+, ӕмӕ мӕ фӕстӕ фехъуыстон хъӕлӕс, цыма тыхджын дымгӕ радымдта, уый хуызӕн+: «Арфӕ кӕнӕнт Йегъовӕйы кадӕн йӕ бынатӕй»+. 13  Ӕмӕ райхъуыст, уӕларвон удгоймӕгты базыртӕ кӕрӕдзийыл куыд ӕндзӕвыдысты, уый хъӕр+, сӕ разы цы цӕлхытӕ уыд, уыдоны гыбар-гыбур+ ӕмӕ тыхджын дымгӕйы уынӕр. 14  Хуыцауы тых мӕ систа+ ӕмӕ мӕ ахаста. Ӕмӕ ӕз ацыдтӕн маст кӕнгӕйӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, ӕмӕ мыл уыди Йегъовӕйы фидар къух+. 15  Ӕз ӕрцыдтӕн Тел-Авивмӕ, уацары чи уыд ӕмӕ Ховары цӕугӕдоны+ раз чи цард, уыцы адӕммӕ+ ӕмӕ се ’хсӕн ӕрцардтӕн. Се ’хсӕн цардтӕн авд боны ӕмӕ уыдтӕн арвы цӕфау+. 16  Авд боны фӕстӕ мын Йегъовӕ загъта: 17  «Адӕймаджы фырт, ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй+. Цы дын дзурын, уымӕ байхъус ӕмӕ сӕ мӕ номӕй бафӕдзӕхс+. 18  Ӕз фыдгӕнӕгӕн куы зӕгъон, ды амӕлдзынӕ+, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ды куы нӕ фӕдзӕхсай ӕмӕ йын куы ницы дзурай, цӕмӕй йе ’взӕр фӕндаг ныууадза ӕмӕ удӕгасӕй баззайа+, уӕд уый, фыдгӕнӕг уӕвгӕйӕ, амӕлдзӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй+, фӕлӕ йын ӕз йӕ туг ӕрдомдзынӕн дӕуӕй+. 19  Фӕлӕ кӕд фыдгӕнӕджы фӕдзӕхстай+ ӕмӕ уый йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ йе ’взӕр фӕндаг нӕ ныууагъта, уӕд уый амӕлдзӕн йӕ фыдракӕнды тыххӕй+. Ды та дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ+. 20  Рӕстгӕнӕг йӕ раст фӕндаг куы ныууадза+ ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ куы араза ӕмӕ йын ӕз йӕ разы цӕлхдур куы сӕвӕрон+, уӕд уый амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ды нӕ фӕдзӕхстай. Уый амӕлдзӕн йӕ тӕригъӕды тыххӕй+, ӕмӕ йӕ раст хъуыддӕгтӕ ферох уыдзысты+. Фӕлӕ йын ӕз йӕ туг ӕрдомдзынӕн дӕуӕй+. 21  Фӕлӕ кӕд рӕстгӕнӕджы фӕдзӕхстай, цӕмӕй тӕригъӕд ма араза+, ӕмӕ уый тӕригъӕд нӕ арӕзта, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ды фӕдзӕхстай+. Ӕмӕ ды дӕр дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ»+. 22  Уым мыл уыди Йегъовӕйы къух, ӕмӕ мын уый загъта: «Сыст ӕмӕ ацу дӕлвӕзмӕ+, уым ӕз дзурдзынӕн демӕ». 23  Ӕз дӕр сыстадтӕн ӕмӕ дӕлвӕзмӕ ацыдтӕн. Ӕмӕ дзы федтон Йегъовӕйы кад+, Ховары цӕугӕдоны раз кӕй федтон, ахӕм кад+. Ӕмӕ дӕлгоммӕ ӕрхаудтӕн+. 24  Ӕмӕ уӕд схайджын дӕн Хуыцауы тыхӕй*+ ӕмӕ мӕ уый мӕ къӕхтыл слӕууын кодта+. Стӕй Хуыцау мемӕ дзурын райдыдта ӕмӕ мын загъта: «Ацу, дӕ хӕдзармӕ бацу ӕмӕ дӕхиуыл дуар сӕхгӕн. 25  Дӕу, адӕймаджы фырт, уыдон бӕттӕнтӕй сбӕтдзысты, ӕмӕ дӕ бон нӕ уыдзӕн се ’хсӕнмӕ бацӕуын+. 26  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ де ’взаг дӕ комарынгыл баныхӕсдзӕн+, ӕмӕ багомыг уыдзынӕ+ ӕмӕ сын уайдзӕф дӕр нӕ кӕндзынӕ+, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты+. 27  Демӕ куы дзурон, уӕд та дын де ’взаг сыхалдзынӕн, ӕмӕ сын зӕгъдзынӕ+: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“. Чи хъуса, уый-иу байхъусӕд+, чи нӕ хъуса, уый ма хъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон змӕнтӕг адӕм сты+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Дзут. ӕвзаджы ам ацы дзырд амоны кӕнӕ Хуыцауы архайгӕ тыхмӕ, кӕнӕ зӕдмӕ. Кӕс 14 ст. дӕр. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.