Исай 57:1—21

57  Рӕстгӕнӕг амӕлы+, фӕлӕ уый йӕ зӕрдӕмӕ ничи айсы+. Иннӕты ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уыдон мӕрдтӕм ацӕуынц+. Рӕстгӕнӕг куы амӕлы, уӕд бӕллӕхтӕ кӕй нал фӕуыны, уый ничи ’мбары+.  Уый ӕрсабыр вӕййы+. Раст фӕндагыл чи цӕуы+, уыдон ингӕны*+ сулӕфынц+.  «Хӕстӕг ӕрбацӕут+, дӕсныфӕрсӕг усы фырттӕ+, хӕтаг адӕймаджы ӕмӕ хӕлд сылгоймаджы байзӕддӕгтӕ+.  Худӕгӕй кӕуыл мӕлут?+ Уӕ дзых кӕмӕ бахӕлиу кодтат, кӕмӕ ӕвдисут уе ’взаг?+ Исты сымах фыддзинады цот, мӕнгдзинады байзӕддӕгтӕ не стут+,–  стыр бӕлӕсты бын+, алы пӕлӕхсар бӕласы бын+, йӕ монцтӕ кӕмӕн ссудзынц, йӕ сывӕллӕтты дӕлвӕзты, къӕдзӕхты ’хсӕн, чи мары, уыдон?+  Дӕу уыдысты дӕлвӕзы лӕгъз дуртӕ+. Уыдон уыдысты дӕ хай+. Уыдонӕн уагътай кувинаг нозт+ ӕмӕ уыдонӕн хастай кувинӕгтӕ. Ӕмӕ уыдӕттӕй мӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ барухс уа?+  Стыр ӕмӕ бӕрзонд хохыл дӕ хуыссӕн сӕвӕрдтай+. Уырдӕм-иу ссыдтӕ нывӕндтӕ хӕссынмӕ+.  Дуары ӕмӕ дуары тарвӕзты фӕстӕ ӕвӕрдтай зӕрдылдарӕн нысӕнттӕ+. Ды мӕнӕй уыдтӕ дард, ӕмӕ-иу дӕхи сбӕгънӕг кодтай, уырдӕм-иу ссыдтӕ ӕмӕ-иу дӕ фӕтӕн хуыссӕн ӕрцӕттӕ кодтай+. Дӕхи тыххӕй семӕ бадзырд скодтай. Уарзтай семӕ хуыссӕныл хуыссын+. Нӕлгоймаджы ӕфсӕрмыйаг уӕнгмӕ-иу кастӕ.  Мелехмӕ-иу соимӕ ныццыдтӕ, скодтай-иу бирӕ хӕрздӕф сойтӕ+. Дӕ минӕвӕртты дард рӕттӕм ӕрвыстай ӕмӕ-иу дӕ хъуыддӕгтимӕ ӕрныллӕг дӕ суанг ингӕны* онг+. 10  Ды фыдӕбон кодтай дӕ бирӕ фӕндӕгтыл+ ӕмӕ афтӕ никуы загътай: „Адӕттӕ дзӕгъӕлы сты!“ Дӕ тыхтӕ-иу сног кодтай+ ӕмӕ уый тыххӕй нӕ рынчын кодтай+. 11  Цымӕ кӕмӕй фӕтарстӕ ӕмӕ дӕ тас чи бауагъта+ – сайын цӕмӕн райдыдтай?+ Ды мӕн не ’рхъуыды кодтай+ ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ ницы айстай+. Исты ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн ӕмӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕ не ’мбӕхстон?+ Ӕмӕ уый тыххӕй ды мӕнӕй дӕр нӕ тарстӕ+. 12  Ӕз радзурдзынӕн дӕ рӕстдзинады+ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй+ – уыдон дын ницы пайда уыдзысты+. 13  Цы ӕрӕмбырд кодтай, уыдонмӕ* ӕххуысмӕ куы сидай, уӕд дӕ нӕ фервӕзын кӕндзысты+ – се ’ппӕты дӕр дымгӕ аскъӕфдзӕн+, дымгӕйы уддзӕф сӕ ахӕсдзӕн. Фӕлӕ йӕхи ме уазӕг чи бакодта+, уый зӕхх бынӕн райсдзӕн ӕмӕ цӕрдзӕн мӕ сыгъдӕг хохыл+. 14  Ӕмӕ уӕд зӕгъдзысты: „Фӕндаг саразут, фӕндаг саразут! Фӕндаг асыгъдӕг кӕнут!+ Мӕ адӕмӕн сӕ фӕндагыл цы цӕлхдуртӕ ис, уыдон иууылдӕр айсут“»+. 15  Афтӕ зӕгъы Стыр ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцау+, ӕнустӕм чи цӕры+ ӕмӕ йӕ ном сыгъдӕг кӕмӕн у+, уый: «Ӕз цӕрын бӕрзонд ӕмӕ сыгъдӕг бынаты+, стӕй, ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг* чи у+, уыдонимӕ, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы ныфс бауадзон ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон+. 16  Ӕз ӕнустӕм нӕ тох кӕндзынӕн, цӕрӕнбонтӕм нӕ мӕсты кӕндзынӕн+, науӕд мӕн тыххӕй адӕймаджы царды тых фӕцудыдтаид+, кӕй сфӕлдыстон, уыцы цӕрӕг удтӕ ныллӕмӕгъ уыдаиккой+. 17  Кӕй рӕдийы, иннӕты сайгӕйӕ йӕхицӕн хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕй ӕмбырд кӕны+, уый тыххӕй йӕм мӕ маст ссыгъд ӕмӕ йӕ ӕрцавтон. Мӕ маст сыгъд ӕмӕ дзы мӕ цӕсгом бамбӕхстон+. Фӕлӕ уыцы адӕймаг, Хуыцауы чи ныууагъта, уый+, дарддӕр цыди йӕ зӕрдӕйы фӕдыл. 18  Ӕз ын йӕ фӕндӕгтӕ федтон ӕмӕ йӕ дзӕбӕх кӕнын райдыдтон+, кодтон ӕй+, барӕвдыдтон ын йӕхи зӕрдӕ дӕр+ ӕмӕ, йемӕ чи хъыг кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ дӕр»+. 19  «Ӕз адӕймагӕн йе ’взагыл ӕвӕрын кады ныхӕстӕ+. Дард ран чи ис, уый дӕр ӕмӕ, хӕстӕг ран чи ис, уый дӕр хайджын уыдзӕн ӕгӕрон фарнӕй+,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ йӕ ӕз сдзӕбӕх кӕндзынӕн»+. 20  «Фыдгӕнджытӕ та сты, чи нӕ сабыр кӕны, йӕ уылӕнтӕ былмӕ денджызы зайӕгойтӕ ӕмӕ цъыф кӕмӕн раппарынц, ахӕм абухгӕ денджызы хуызӕн. 21  Фыдгӕнджытӕн фарн нӕй»,– зӕгъы мӕ Хуыцау+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хуыссӕныл».
Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.
Ӕвӕц., гуымирытӕм.
Комк. «удӕй ныллӕг»; «уд» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.