Исай 30:1—33
30 «Додой сӕ къона хивӕнд фырттӕн!+ – зӕгъы Йегъовӕ.– Уыдонмӕ ис иу фӕнд, фӕлӕ уый мӕ фӕнд нӕу+, хъавынц кувинаг нозт рауадзынмӕ*, фӕлӕ уый у мӕ фӕндоны ныхмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй сӕ тӕригъӕдыл тӕригъӕд ӕфтауынц+.
2 Уыдон мӕн нӕ бафарстой+, афтӕмӕй фӕнд кӕнынц Египетмӕ ацӕуынмӕ+, цӕмӕй сӕхи бамбӕхсой фараоны фидар мӕсыджы, сӕхи бакӕной Египеты дӕлбазыр+.
3 Гъемӕ фараоны фидар мӕсыджы тыххӕй фӕхудинаг уыдзыстут+, уӕхи Египеты дӕлбазыр кӕй бакодтат, уый тыххӕй фегад уыдзыстут+.
4 Кънйӕзтӕ сты Цоаны+, минӕвӕрттӕ Ханесмӕ бахӕццӕ сты.
5 Уыцы адӕмы тыххӕй се ’ппӕтмӕ дӕр худинаг ӕркӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ никӕмӕн ницы пайда сты, ӕппындӕр ницы ӕххуыс сты ӕмӕ ницы пайда хӕссынц, сты ӕрмӕст худинаг ӕмӕ ӕгады хос»+.
6 Тӕрхон хуссары цӕрӕг сырдтӕн+. Фӕцӕуынц тӕссаг+ ӕмӕ тызмӕг зӕххыл, домбӕйттӕ кӕм цӕры ӕмӕ фыранк кӕм ныууасы, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ, йӕхи ӕваст чи ныццӕвы, йӕ марг чи уадзы, ахӕм кӕлмытӕ кӕм ис+, уыцы зӕххыл, ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ хӕрджытыл фӕласынц, сӕ лӕвӕрттӕ – теуатыл+. Фӕлӕ уыдӕттӕ адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты.
7 Египетӕгтӕ ницы сты, ницы ӕххуыс фӕуыдзысты+. Ӕмӕ уый тыххӕй Египет схуыдтон «Раав+ – уыдон ӕнцад бадынц».
8 «Ныр ацу, адӕттӕ сӕ разы ныффысс фӕйнӕджы гӕбазыл, ныффысс сӕ чиныджы+ дӕр, цӕмӕй баззайой фидӕнмӕ, ӕнустӕм дӕр уой ӕвдисӕнӕн+.
9 Адон сты ӕнӕсӕттон адӕм+, мӕнгард фырттӕ+, нӕ сӕ фӕнды Йегъовӕйы закъонмӕ хъусын+.
10 Цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, уыдонӕн дзурынц: „Цӕстылуайӕнтӕ ма уынут“; пехуымпартӕн дзурынц: „Ӕцӕгӕй нӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый нын ма дзурут+. Кӕнут нын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ, сайӕн ныхӕстӕ нын дзурут+.
11 Фӕндагӕй иуварс ахизут, иуырдӕм ацӕут+. Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы кой нын кӕнгӕ дӕр ма кӕнут“»+.
12 Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Израилы Сыгъдӕг Хуыцау: «Ацы ныхасмӕ кӕй нӕ хъусут+, уӕ зӕрдӕ цӕстфӕлдахӕн митыл ӕмӕ мӕнгдзинадыл кӕй дарут ӕмӕ уымӕй ныфсджын кӕй стут+,
13 уый тыххӕй уын ацы фыдракӕнд суыдзӕн, бӕрзонд къул куыд афаз уа, йӕ иу хай куыд ракъуыпп уа ӕмӕ ракӕлынӕввонг куыд уа, уый хуызӕн+. Ахӕм къул ныккӕлдзӕн ӕвиппайды, цӕстыфӕныкъуылдмӕ+.
14 Стыр ӕлыг дурынау ӕй ныппырх кӕндзысты+, тӕригъӕд дӕр ын нӕ фӕкӕндзысты, афтӕмӕй йӕ нызгъӕлӕнтӕ кӕндзысты, ӕмӕ йӕ цъӕлты ’хсӕн иу ахӕм къӕртт нӕ уыдзӕн, пецӕй зынгтӕ рахафӕн науӕд цъымарайӕ дон сисӕн кӕмӕй уа»+.
15 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ, Израилы Сыгъдӕг Хуыцау+ афтӕ загъта: «Фӕстӕмӕ мӕм куы раздӕхат ӕмӕ куы ’рсабыр уат, уӕд фервӕздзыстут. Уӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ мыл уӕ зӕрдӕ куы дарат»+. Фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыд+.
16 Сымах загътат: «Нӕ, мах бӕхтыл сбаддзыстӕм ӕмӕ алидздзыстӕм!»+ Ӕмӕ лидзгӕ дӕр уый тыххӕй кӕндзыстут. «Атӕхдзыстӕм дугъон бӕхтыл!»+ Ӕмӕ уӕ фӕстейӕ чи сура, уыдон дӕр дугъон бӕхтау уый тыххӕй тӕхдзысты+.
17 Мин адӕймаджы зыр-зыр кӕндзысты иу адӕймаджы тызмӕг хъӕрӕй+. Фондз адӕймаджы тызмӕг хъӕрӕй лидзӕг фӕуыдзыстут. Ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уыдон уыдзысты, хохы цъуппыл наупӕлӕзы хъӕд куыд уа, къуыбырыл – амонӕн цӕджындз, афтӕ+.
18 Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн, цӕмӕй уын фӕтӕригъӕд кӕна+, сыстдзӕн, цӕмӕй уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса+. Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у, раст тӕрхон чи кӕны, уыцы Хуыцау+. Амондджын+ сты, чи йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон иууылдӕр+.
19 Адӕм Сионы+, Иерусалимы, куы цӕрой+, уӕд ды нал кӕудзынӕ+. Дӕ дзыназын дын куы фехъуса, уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, куыддӕр ӕй фехъуса, афтӕ дын дзуапп ратдзӕн+.
20 Йегъовӕ дын хӕринагӕн ратдзӕн бӕллӕхтӕ, бадардзӕн дын хъизӕмӕртты дон+. Фӕлӕ дӕ Кадджын Зондамонӕг йӕхи нал ӕмбӕхсдзӕн, ӕмӕ дӕ цӕстытӕ уындзысты дӕ Кадджын Зондамонӕджы+.
21 Ӕмӕ дӕ фӕндагӕй рахизырдӕм кӕнӕ галиуырдӕм куы фӕзилай+, уӕд дӕ фӕстӕ хъусдзынӕ хъӕлӕс: «Мӕнӕ фӕндаг+. Цӕут ацы фӕндагыл».
22 Ды фӕчъизи кӕндзынӕ, дӕ гуымирытыл ӕвзистӕй цы цъар ӕвӕрд ис, уый+, дӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ+ кӕмӕй ӕмбӕрзт сты, уыцы сызгъӕрин+ ӕмӕ сӕ аппардзынӕ+. Ӕмӕ, йӕ туг кӕмӕн цӕуы, ахӕм сылгоймагау уыдонӕй зӕгъдзынӕ: «Мӕнӕ цы ӕнад сты!»+
23 Ӕмӕ, дӕ зӕххы кӕй байтауай, уыцы мыггӕгтӕн дын ратдзӕн къӕвда+, дӕ зӕххыл дын ратдзӕн тыллӕг – хӕрзад ӕмӕ сойджын дзул+. Уыцы бон дӕ фос хиздзысты уӕрӕх сӕрвӕты+.
24 Стуртӕ ӕмӕ, зӕхх кӕмӕй кусынц, уыцы хӕрджытӕ хӕрдзысты, фыййагӕй+ ӕмӕ сагойӕ дымгӕмӕ кӕй сдардтой, хуырхӕгимӕ хӕццӕ чи у, ахӕм холлаг.
25 Бирӕ туг куы ныккӕла, мӕсгуытӕ куы ныппырх уой+, уыцы бон алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы бӕрзонд къуыбырыл кӕлдзӕн цӕугӕдӕттӕ+, уыдзӕн дзы доны къанӕуттӕ.
26 Йегъовӕ йӕ адӕмы цӕфтӕ куы бабӕтта+ ӕмӕ сыл йӕ цӕфтӕй цы хъӕдгӕмттӕ фӕзынд, уыдон сын куы сдзӕбӕх кӕна+, уыцы бон дзаг мӕйы рухс уыдзӕн цӕхӕркалгӕ хуры рухсы хуызӕн. Цӕхӕркалгӕ хуры рухс ныйирд уыдзӕн авд хатты тынгдӕр+, авд боны рухсы хуызӕн.
27 Йегъовӕ* дардӕй ӕрбацӕуы уӕззау мигътимӕ, мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ+. Йӕ ком дзаг у тӕрхӕттӕй, йе ’взаг у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.
28 Йӕ комытӕф у, чи раивылд, ахӕм цӕугӕдон, хӕццӕ кӕны суанг хъуырмӕ+. Хуыцау адӕмты балуардзӕн+ ӕмӕ сӕ аппардзӕн, нӕ бӕззынц, зӕгъгӕ. Адӕмты дзыхы бакӕндзӕн, галиу фӕндагыл сӕ чи акӕндзӕн+, ахӕм идоны къӕбӕлтӕ+.
29 Сымах зардзыстут+, Хуыцауы номыл бӕрӕгбоны ӕхсӕв кӕй фӕзарынц+, ахӕм зарӕг. Уӕ зӕрдӕ цин кӕндзӕн, Йегъовӕйы хохмӕ+, Израилы Къӕдзӕхмӕ+ уадындзимӕ чи фӕцӕуы+, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕйы хуызӕн.
30 Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ нӕргӕ хъӕлӕс+ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн, йӕ къух куыд ӕруадздзӕн, уый равдисдзӕн+ – йӕ маст абухдзӕн+, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, уыцы пиллон арт+ судздзӕн, арв фемӕхсдзӕн, ныккалдзӕн тӕрккъӕвда+ ӕмӕ их+.
31 Йегъовӕйы хъӕлӕсӕй Ассири фыртӕссӕй бандзыг уыдзӕн+. Хуыцау ӕй лӕдзӕгӕй ӕрцӕвдзӕн+.
32 Йегъовӕ Ассирийыл йе ’фхӕрӕн хъил цал хатты ӕруадза, уал хатты райхъуысдзӕн дала ӕмӕ дыууадӕстӕнон фӕндыры цагъд+. Семӕ тох кӕндзӕн хъама сисгӕйӕ+.
33 Тофет*+ дӕр ын ӕвӕрд у, уый цӕттӕ у паддзахӕн+ дӕр. Тофеты сугтӕй арф дзыхъхъ байдзаг кодта. Арт ӕмӕ суг – фагӕй дӕр фылдӕр. Йегъовӕйы улӕфт – сондоны гуылфӕн – цырен кӕны Тофеты арт+.