Исай 21:1—17
21 Тӕрхон, денджызы раз чи ис, уыцы ӕдзӕрӕг быдырӕн+. Тыхджын дымгӕтӕ+ хуссарырдыгӕй куыд ӕрбацӕуынц, афтӕ бӕллӕх ӕрбацӕуы ӕдзӕрӕг быдырӕй, адӕймагыл тас чи ’фтауы, уыцы зӕххӕй+.
2 Ӕз федтон, хъуын арц кӕмӕй слӕууы, ахӕм цӕстылуайӕн+: гадзрахатӕй чи цӕуы, уый цӕуы гадзрахатӕй, стигъӕг стигъы+. Сыст, Елам! Горӕтыл ӕртыхс, Миди!+ Уый хъизӕмарӕй кӕй мардта, уыдоны хъӕрзынӕн ӕз кӕрон скодтон+.
3 Мӕ хуылф судзгӕ рыст кӕны+. Фыррыстӕй тухитӕ кӕнын, сылгоймаг аргӕ-арын куыд фӕтухитӕ кӕны, афтӕ+. Афтӕ тыхсын, ӕмӕ ницы хъусын. Афтӕ катай кӕнын, ӕмӕ ницы уынын.
4 Мӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп цӕуы, фыртӕссӕй ме уӕнгтӕ зыр-зыр кӕнынц. Уарзтон изӕрдалынгтӕ, фӕлӕ мӕ ныр тас уадзынц+.
5 Фынгтӕ ӕрӕвӕрӕнт, бынӕттӕ ӕрцӕттӕ кӕнӕнт, хӕрӕнт ӕмӕ нуазӕнт!+ Сыстут, кънйӕзтӕ+, уарт сойӕ байсӕрдут+.
6 Йегъовӕ мын афтӕ загъта:
«Ацу, сӕвӕр хъахъхъӕнӕг, цӕмӕй, цыдӕриддӕр уына, уый дзура»+.
7 Уый ауыдта иу хӕстон уӕрдон, ифтыгъд дзы уыди дыууӕ бӕхы, стӕй ма ноджыдӕр иу хӕстон уӕрдон, ифтыгъд дзы уыди хӕрджытӕ, ӕмӕ ма ӕндӕр хӕстон уӕрдон дӕр, ифтыгъд дзы уыди теуатӕ. Уый ӕдзынӕг каст, йӕ хъус лӕмбынӕг дардта.
8 Ӕмӕ домбайау ныхъхъӕр кодта+: «О Йегъовӕ, бонӕй ӕдзух лӕууын хъахъхъӕнӕн мӕсыгыл, алы ’хсӕв дӕр вӕййын мӕ хъахъхъӕнӕн бынаты+.
9 Ӕмӕ уӕртӕ ныр ӕрбатӕхы хӕстон уӕрдон, ифтыгъд дзы ис дыууӕ бӕхы, бады дзы адӕм!»+
Ӕмӕ стӕй хъӕрӕй загъта: «Йе сӕфт ӕрцыд! Вавилонӕн йе сӕфт ӕрцыд!+ Уый сын сӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕ зӕххыл ныппырх кодта!»+
10 О мӕ адӕм, хорау кӕй банай кодтой, уыдон, мӕ найгӕнӕн мусы фырт!+ Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйӕ, Израилы Хуыцауӕй, цы фехъуыстон, уый уын дзурын.
11 Тӕрхон Думӕйӕн*. Сеирӕй мӕм хъӕр кӕнынц+: «Хъахъхъӕнӕг, ӕхсӕвӕй ма цас баззад? Хъахъхъӕнӕг, ӕхсӕвӕй ма цас баззад?»+
12 Хъахъхъӕнӕг сын загъта: «Сбон уыдзӕн ӕмӕ та баталынг уыдзӕн. Кӕд ма уӕ бафӕрсын фӕнда, уӕд та-иу бафӕрсут. Ногӕй та-иу ӕрбацӕут!»
13 Тӕрхон тыгъд быдырӕн. Деданӕй теуатыл чи цӕуы, сымах сбон кӕндзыстут тыгъд быдыры хъӕды астӕу+.
14 О Фемӕйы+ зӕххы цӕрджытӕ, дойны кӕмӕн у, уымӕн йӕ размӕ дон рахӕссут, чи лидзы, уымӕн йӕ размӕ дзулимӕ рацӕут.
15 Уыдон алыгъдысты хъамайӕ, кӕрддзӕмӕй ист хъамайӕ, фехсынӕввонг ӕрдынӕй ӕмӕ хӕсты уӕззау уаргъӕй.
16 Йегъовӕ мын афтӕ загъта: «Иу аз дӕр нӕ рацӕудзӕн, ӕххуырст кусӕджы азтӕй нымайгӕйӕ+, афтӕ Кедары+ кад иууылдӕр ӕрбайсӕфдзӕн.
17 Ӕмӕ фатӕхсджытӕй, Кедары хъӕбатыр фырттӕй, цалдӕр йеддӕмӕ нал баззайдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ, Израилы Хуыцау»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Едомы пехуымпарадон ном.