Ионӕ 1:1—17
1 Йегъовӕ Амафийы фырт Ионӕйӕн+ афтӕ загъта:
2 «Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ+ ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн фехъусын кӕн, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ мӕм кӕй схӕццӕ сты, уый»+.
3 Фӕлӕ Ионӕ сыстад ӕмӕ Йегъовӕйӕ+ Фарсисмӕ алыгъд+. Иоппимӕ+ куы бахӕццӕ, уӕд уым ссардта, Фарсисмӕ чи цыд, ахӕм нау. Бафыста йын ӕмӕ дзы сбадт, цӕмӕй, науыл чи уыд, уыдонимӕ Фарсисмӕ ацыдаид – Йегъовӕйӕ алыгъдаид.
4 Уӕд Йегъовӕ денджызы тыхджын дымгӕ сыстын кодта+. Гъемӕ денджызы ахӕм уад сыстад+, ӕмӕ нау, гыццыл ма, ӕмӕ ныппырх уыдаид.
5 Денджыздзаутӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ алчи йӕ хуыцаумӕ ӕххуысмӕ сидын райдыдта+. Науыл цы дзауматӕ уыд, уыдон донмӕ ӕппарын райдыдтой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ+. Ионӕ та науы ӕппӕты бынмӕ ныххызт, уым схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци+.
6 Цасдӕры фӕстӕ йӕм науы хистӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цӕмӕн фынӕй кӕныс? Сыст ӕмӕ дӕ хуыцауӕн балӕгъстӕ кӕн!+ Кӕд нын ӕцӕг Хуыцау баххуыс кӕнид, ӕмӕ нӕ фесӕфиккам»+.
7 Уӕд адӕм кӕрӕдзийӕн загътой: «Рацӕут, хӕлттӕ сӕппарӕм+ ӕмӕ базонӕм, ацы бӕллӕх ныл кӕй тыххӕй ӕрцыд, уый»+. Гъемӕ хӕлттӕ ӕппарын райдыдтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг хал Ионӕйыл схауд+.
8 Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Дӕ хорзӕхӕй, зӕгъ-ма нын, ацы бӕллӕх ныл кӕй тыххӕй ӕрцыд?+ Цы кусӕг дӕ ӕмӕ кӕцӕй цӕуыс? Цы бӕстӕйӕ ӕмӕ кӕцы адӕмӕй дӕ?»
9 Ӕмӕ сын Ионӕ загъта: «Ӕз дӕн дзуттаг+ ӕмӕ кувын*+ уӕлӕрвты Хуыцау Йегъовӕйӕн+, денджыз ӕмӕ сурзӕхх чи скодта, уыцы Хуыцауӕн»+.
10 Уыцы адӕм тынг фӕтарстысты ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ цӕмӕн бакодтай?»+ Фӕрсгӕ та йӕ уымӕн бакодтой, ӕмӕ, Йегъовӕйӕ кӕй лыгъд, уый базыдтой, уымӕн ӕмӕ сын ӕй йӕхӕдӕг радзырдта.
11 Денджыз та тынгӕй-тынгдӕр абухта, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг бафарстой: «Цы дын бакӕнӕм+, цӕмӕй денджыз ӕрсабыр уа?»
12 Ионӕ сын загъта: «Сисут мӕ ӕмӕ мӕ денджызы ныппарут, ӕмӕ уӕд денджыз ӕрсабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, ацы тыхдымгӕ мӕн тыххӕй кӕй сыстад»+.
13 Уыцы адӕм уӕддӕр нау тӕрыныл архайдтой, кӕд зӕхмӕ исты хуызы бахӕццӕ уаиккам, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ денджыз тынгӕй-тынгдӕр абухта+.
14 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕмӕ кувын райдыдтой+: «О Йегъовӕ, лӕгъстӕ дын кӕнӕм, ацы адӕймаджы уды тыххӕй нӕ ма фесаф! Йе ’наххос туг ын махӕй ма ӕрдом+, о Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ у»+.
15 Уый фӕстӕ Ионӕйы систой ӕмӕ йӕ денджызы ныппӕрстой, ӕмӕ денджыз ныссабыр+.
16 Уыцы адӕм уый куы федтой, уӕд Йегъовӕйӕ тынг фӕтарстысты+, ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхастой+ ӕмӕ йын дзырд радтой+.
17 Йегъовӕ та стыр кӕсагӕн Ионӕйы аныхъуырын кодта+, ӕмӕ Ионӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фӕци кӕсаджы хуылфы+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «тӕрсын».