Иов 13:1—28

13  Ӕппӕт уыдӕттӕ мӕхи цӕстӕй федтон,Мӕхи хъусӕй сӕ фехъуыстон ӕмӕ сыл ныр хъуыды кӕнын.   Сымах цы зонут, уыдӕттӕ ӕз дӕр зонын,Сымахӕй ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр дӕн+.   Мӕн та фӕнды, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ куы дзурин+Ӕмӕ мын Хуыцауимӕ быцӕу кӕнын ӕхсызгон куы уаид.   Сымах та мыл цъыфкалӕн кӕнут+.Уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг дохтыртӕ+.   Фӕлтау ӕппындӕр куы ницы дзуриккат –Уымӕй бӕрӕг уаид уӕ зонд!+   Уӕ хорзӕхӕй, мӕ ныхӕстӕм дӕр мын байхъусут+,Мӕ лӕгъстӕтӕм мын уӕ хъус ӕрдарут.   Ныр Хуыцауы сӕрыл дзургӕйӕ хъуамӕ мӕнгард ныхӕстӕ кӕнат?Кӕнӕ хъуамӕ гӕдыныхӕстӕ дзурат?+   Хуыцауы хъуамӕ рӕстытӕ кӕнат?+Науӕд хъуамӕ тӕрхоны ӕцӕг Хуыцауы фарс хӕцат?   Лӕмбынӕг уӕ куы басгара, уӕд уын хорз уыдзӕн?+Ӕви уын цыма зӕххон адӕймаг у, афтӕ дзы ахынджылӕг кӕнынмӕ хъавут? 10  Кӕд уӕ зӕрдӕйы хъулон митӕ ис+,Уӕд уӕ ӕнӕ карз уайдзӕфӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+. 11  Йӕ кад уын уӕ зӕрдӕты тас нӕ бауадздзӕн?Ӕмӕ йӕ разы фыртӕссӕй нӕ зыр-зыр кӕндзыстут?+ 12  Уӕ диссаджы ныхӕстӕ фӕныкӕй уӕлдай не сты – ницӕйаг ӕмбисӕндтӕ.Уӕ дзуаппытӕ – ӕлыгӕй конд уартытӕ+. 13  Иу гыццыл хъусӕй фӕлӕуут ӕмӕ мӕ дзурын бауадзут,Стӕй цы уа, уый уӕд! 14  Мӕ цард тӕссаг раны цӕмӕн ис,Мӕ уд мӕлӕты дзыхмӕ цӕмӕн ӕппарын?*+ 15  Маргӕ дӕр мӕ куы акӕна, уӕд дӕр не ’нхъӕлмӕ кӕсдзынӕн?+Уӕддӕр йӕ разы мӕ фӕндӕгты сӕрыл дзурдзынӕн. 16  Уый уыдзӕн мӕ ирвӕзындзинад+,Уымӕн ӕмӕ йӕ размӕ, чи йӕ ныууагъта, ахӕм не ’рбацӕудзӕн+. 17  Мӕ ныхӕстӕм мын дзӕбӕх байхъусут+,Цы дзурын, уый уӕм фехъуысӕд. 18  Ӕз мӕ хъуыддаг тӕрхонмӕ рахастон+.Зонын ӕй, раст кӕй дӕн. 19  Исчи дзурдзӕн мӕ ныхмӕ?+Куы ныхъхъус уаин, уӕд амӕлин! 20  О Хуыцау, дыууӕ хъуыддаджы дӕ курын.Уӕд дӕ мӕхи не ’мбӕхсдзынӕн+. 21  Курын дӕ, дӕ къух мӕ айс.Тас мӕ ма уадз, ма мӕ тӕрсын кӕн+. 22  Фӕдзур мӕм, ӕмӕ дын дзуапп раттон.Кӕнӕ та ӕз дзурдзынӕн, ӕмӕ мын ды ратт дзуапп. 23  Цӕмӕй фӕрӕдыдтӕн, цавӕр тӕригъӕдтӕ ракодтон?Зӕгъ мын, цы у мӕ фыдракӕнд ӕмӕ мӕ тӕригъӕд. 24  Цӕмӕн ӕмбӕхсыс дӕ цӕсгом+Ӕмӕ мӕм знаджы цӕстӕй цӕмӕн кӕсыс?+ 25  Дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, уыцы сыф змӕлын кӕндзынӕ?Науӕд хус хъӕмпыхалы фӕдыл зилдзынӕ? 26  Цыдӕртӕ мыл фыссыс, аххосджын мӕ кӕныс+,Ме ’рыгон бонты рӕдыдтытӕ мын фидын кӕныс+. 27  Мӕ къӕхтӕ мын хъадаманты бакодтай+Ӕмӕ мын мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсыс.Мӕ къахдзӕфтӕн мын хахх акӕныс. 28  А лӕг* ӕмбыдӕй уӕлдай нӕу, ницӕмӕнуал бӕззы+.Уый у, рӕмпӕг кӕй бахордта, ахӕм дарӕсы хуызӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Мӕ фыд мӕ дӕндӕгты ’хсӕн цӕмӕн хӕссын ӕмӕ мӕ уд мӕ къухы цӕмӕн ӕвӕрын?»
Дзут. «Уый», ома Иов.