Дыккаг закъон 4:1—49
4 Ӕмӕ ныр, Израилы адӕм, байхъусут, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ уын цы закъӕттӕ амонын, уыдонмӕ. Ӕххӕст сӕ кӕнут, цӕмӕй цӕрат+ ӕмӕ цӕмӕй бацӕуат, уӕ фыдӕлты Хуыцау Йегъовӕ уын кӕй дӕтты, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бацахсат.
2 Цы ныхӕстӕ уын фӕдзӕхсын, уыдонмӕ мацы бафтаут ӕмӕ дзы мацы аппарут+. Фидар хӕцут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы фӕдзӕхстытыл, ӕз уын кӕй дзурын, уыдоныл.
3 Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, Йегъовӕ Фегоры раз куыд бакодта, уый: Фегоры Ваалы+ фӕдыл чидӕриддӕр ацыд, уыдоны уӕ Хуыцау Йегъовӕ уе ’хсӕнӕй фесӕфта+.
4 Фӕлӕ сымах, уӕ Хуыцау Йегъовӕйыл ӕнувыд чи у*, уыдон+, уе ’ппӕт дӕр абон удӕгас стут.
5 Ӕз уын бацамыдтон йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ+, мӕ Хуыцау Йегъовӕ мын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл.
6 Фидар сыл хӕцут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕд, ӕппӕт ацы уагӕвӕрдты тыххӕй-иу цы адӕмтӕ фехъусой, уыдон уындзысты уӕ зонд+ ӕмӕ уе ’мбаргӕдзинад+, ӕмӕ дзурдзысты: „Ацы стыр адӕм ӕцӕгӕйдӕр сты зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕм“+.
7 Кӕцы стыр адӕммӕ+ сты йӕ хуыцӕуттӕ афтӕ хӕстӕг, нӕ Хуыцау Йегъовӕ махмӕ куыд хӕстӕг у, кӕдфӕнды йӕм ма кувӕм, уӕддӕр?+
8 Стӕй кӕцы стыр адӕмӕн ис, ӕз уын абон кӕй дӕттын, уыцы закъоны хуызӕн раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ закъӕттӕ?+
9 Ӕрмӕст дӕхимӕ кӕс ӕмӕ дӕ уд хъахъхъӕн+, цӕмӕй ма ферох кӕнай, дӕхи цӕстӕй цы федтай+, уыдӕттӕ ӕмӕ цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм дӕ зӕрдӕйы уой+. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ радзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн+.
10 Радзур сын, дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз Хоривы+ куы лӕууыдтӕ, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. Йегъовӕ мын уӕд загъта: „Адӕмы мӕ разы ӕрӕмбырд кӕн, цӕмӕй мын мӕ ныхӕстӕ фехъусой+, цӕмӕй мӕнӕй тӕрсын сахуыр уой+ ӕмӕ мӕ тӕрсой, цалынмӕ а зӕххыл цӕрой, уӕдмӕ, ӕмӕ сӕ цоты дӕр ууыл сахуыр кӕной“+.
11 Ӕмӕ сымах дӕр ӕрбацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох та кодта судзгӕ, арт хӕццӕ кодта суанг арвмӕ*. Уым уыди саудалынг ӕмӕ сау мигъ+.
12 Ӕмӕ Йегъовӕ уемӕ дзурын райдыдта арты астӕуӕй+. Сымах ныхас хъуыстат, фӕлӕ уынгӕ никӕй кодтат+. Хъуыстат ӕрмӕст хъӕлӕс+.
13 Ӕмӕ уын Хуыцау фехъусын кодта йӕ бадзырд+ – Дӕс дзырды*+, ӕмӕ уын бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат. Уый фӕстӕ сӕ ныффыста дыууӕ къӕйдурыл+.
14 Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕ мӕнӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уын бацамыдтаин йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ йӕ закъӕттӕ, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрат, кӕдӕм цӕут ӕмӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххыл+.
15 Йегъовӕ Хоривы уемӕ арты астӕуӕй куы дзырдта, уӕд уынгӕ никӕй фӕкодтат+. Уӕдӕ уӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕнут+,
16 цӕмӕй сӕфты фӕндагыл ма ныллӕууат+ ӕмӕ уӕхицӕн гуымирытӕ ма саразат ӕмӕ мацӕй ныв скӕнат: нӕдӕр нӕлгоймаджы ныв, нӕдӕр сылгоймаджы ныв+;
17 зӕххыл чи цӕры, уыцы сырдтӕй+ ӕмӕ, уӕлӕрвты чи тӕхы, уыцы базырджын мӕргътӕй иуы ныв дӕр+;
18 зӕххыл цӕрӕгойӕ цы змӕлы, уыдонӕй ӕмӕ, зӕххӕй дӕлдӕр дӕтты цы кӕсӕгтӕ+ ис, уыдонӕй иуы ныв дӕр.
19 Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй, арвмӕ куы скӕсат ӕмӕ хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ – арвыл цыдӕриддӕр ис, уыдон* – куы фенат, уӕд ма фӕрӕдийат ӕмӕ сын ма райдайат табу кӕнын ӕмӕ кувын+,– уӕ Хуыцау Йегъовӕ арвы бын ӕппӕт адӕмтӕн дӕр кӕй радта, уыдонӕн+.
20 Фӕлӕ сымах Йегъовӕ равзӕрста ӕмӕ уӕ ракодта ӕфсӕйнаг пецӕй+, Египетӕй, цӕмӕй суыдаиккат йӕ адӕм+, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ.
21 Сымах тыххӕй мӕм уӕд Йегъовӕ смӕсты+ ӕмӕ расомы кодта, ӕз кӕй нӕ ахиздзынӕн Иорданы фаллаг фарсмӕ ӕмӕ кӕй нӕ бацӕудзынӕн, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы хорз зӕхмӕ+.
22 Ӕз амӕлдзынӕн ацы зӕххыл+, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ ахиздзынӕн. Фӕлӕ сымах ахиздзыстут фаллаг фарсмӕ ӕмӕ уыцы хорз зӕхх сымах бауыдзӕн.
23 Уӕхимӕ кӕсут, ма ферох кӕнут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уемӕ цы бадзырд скодта, уый+ ӕмӕ уӕхицӕн ма саразут нӕдӕр гуымирытӕ, нӕдӕр, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уӕ кӕй тыххӕй бафӕдзӕхста, уыдонӕй иуы ныв дӕр+.
24 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+. Уый домы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр ууыл уай иузӕрдион+.
25 Уыцы зӕххыл уын цот ӕмӕ цоты цот куы рацӕуа ӕмӕ дзы бирӕ куы фӕцӕрат, фӕлӕ уый фӕстӕ сӕфты фӕндагыл куы ныллӕууат+ ӕмӕ куы саразат гуымирытӕ+ науӕд цӕйфӕнды ныв дӕр,– ахӕм фыддзинад куы саразат уӕ Хуыцау Йегъовӕйы цӕсты+ ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы бафхӕрат,–
26 уӕд мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕн+: Иорданы фаллаг фарсмӕ ахизгӕйӕ кӕй бацахсдзыстут, уыцы зӕххӕй уайтагъд фесӕфдзыстут. Бирӕ йыл нӕ фӕцӕрдзыстут, уымӕн ӕмӕ фӕцагъды уыдзыстут+.
27 Йегъовӕ уӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзӕн+ ӕмӕ уӕ Йегъовӕ цы адӕмтӕм фӕсурдзӕн, уыдоны ’хсӕн уӕ бирӕ нал баззайдзӕн+.
28 Ӕмӕ уым кувдзыстут, адӕймаджы къухӕй конд чи у, уыцы хуыцӕуттӕн+, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд+ хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр чи нӕ кӕны, хъусгӕ дӕр ӕмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ тӕф дӕр чи не ’мбары+.
29 Уым уӕ Хуыцау Йегъовӕйы агурын куы райдайат, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг ссардзыстут+, уымӕн ӕмӕ йӕ агурдзыстут ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт удӕй+.
30 Фӕстагмӕ дыл ӕппӕт ацы ныхӕстӕ куы сӕххӕст уой ӕмӕ дыл уынгӕджы бон куы скӕна, уӕд раздӕхдзынӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ+ ӕмӕ йӕм хъусдзынӕ+.
31 Дӕ Хуыцау Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау+. Уый дӕ нӕ ныууадздзӕн, нӕ дӕ фесафдзӕн ӕмӕ, дӕ фыдӕлтимӕ кӕй скодта ӕмӕ сын кӕй тыххӕй расомы кодта, уыцы бадзырд+ нӕ ферох кӕндзӕн.
32 Ӕрхъуыды-ма кӕн, ды кӕй не ’рӕййӕфтай, уыцы рӕстӕджытӕ+, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы цы бон сфӕлдыста+, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ цытӕ уыди. Ӕмӕ-ма акӕс арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ. Ахӕм стыр диссаг ма искуы ӕрцыд? Науӕд ма ахӕм хабар искуы исчи фехъуыста?+
33 Кӕцы адӕмыл ма ӕрцыд ахӕм хабар, ӕмӕ Хуыцауы хъӕлӕс фехъусой, арты астӕуӕй куыд дзуры, уый, сымах ӕй куыд фехъуыстат, афтӕ, ӕмӕ удӕгасӕй баззайой?+
34 Науӕд Хуыцау кӕцы адӕмы тыххӕй ацыд, цӕмӕй йӕ иннӕ адӕмы ’хсӕнӕй йӕхицӕн ракӕна фӕлварӕнты+, нысӕнтты+, диссӕгты+, хӕсты+, йӕ фидар къух+ ӕмӕ йӕ тыхджын цонджы+ фӕрцы ӕмӕ, адӕймагыл тас чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгты+ фӕрцы? Кӕцы адӕмы тыххӕй сарӕзта уӕ Хуыцау Йегъовӕ, сымах тыххӕй Египеты уӕ цӕстыты раз кӕй сарӕзта, ахӕм хъуыддӕгтӕ?
35 Ӕрмӕстдӕр дӕуӕн равдыста ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй йӕ зонай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау+ ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй+.
36 Уӕларвӕй дын йӕ хъӕлӕс фехъусын кодта, цӕмӕй дын зонд бацамыдтаид. Ӕмӕ дын зӕххыл фенын кодта йӕ пиллон арт, ӕмӕ йын арты астӕуӕй фехъуыстай йӕ ныхӕстӕ+.
37 Фӕлӕ ды удӕгасӕй баззадтӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уарзта дӕ фыдӕлты, ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгты равзӕрста+, цӕмӕй суыдаиккой йӕ адӕм, ӕмӕ дӕ йӕхӕдӕг ракодта Египетӕй йе стыр тыхы фӕрцы+,
38 цӕмӕй дын дӕ разӕй фӕсура, дӕуӕй стырдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи у, уыцы адӕмты, сӕ зӕхмӕ дӕ бакӕна ӕмӕ дын ӕй бынӕн ратта, абон куыддӕриддӕр у, афтӕ+.
39 Ды йӕ хорз зоныс, ӕмӕ йӕ хъуамӕ дӕ зӕрдыл дӕр дарай, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау уӕлейӕ арвыл ӕмӕ бынӕй зӕххыл+. Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй+.
40 Ӕххӕст ын кӕн йӕ уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕз дын абон кӕй дзурын, уыдон, цӕмӕй дӕуӕн+ дӕр ӕмӕ дӕ цотӕн дӕр алкӕддӕр уа хорз ӕмӕ цӕмӕй, дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай»+.
41 Уыцы рӕстӕг Моисей Иорданы ацы фарс, скӕсӕнырдыгӕй, рахицӕн кодта ӕртӕ горӕты+,
42 цӕмӕй-иу уырдӕм алидза марӕг, адӕймагӕй йе сӕфт чи нӕ уыдта+ ӕмӕ йӕ барӕй чи нӕ амардта+, уый. Хъуамӕ алидза уыцы горӕттӕй иумӕ ӕмӕ уым цӕра+.
43 Моисей Рувимы мыггагӕн ӕдзӕрӕг быдыры, уӕлвӕзыл рахицӕн кодта Бецер+, Гады мыггагӕн Галаады рахицӕн кодта Рамоф+, Манассийы+ мыггагӕн та Васаны рахицӕн кодта Голан+.
44 Ай у, Моисей Израилы фырттӕн кӕй радта, уыцы закъон+.
45 Ацы амындтӕ+, уагӕвӕрдтӕ+ ӕмӕ закъӕттӕ+ Моисей Израилы фырттӕн фехъусын кодта, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд,
46 Иорданы раз, Беф-Фегоры+ цур дӕлвӕзы, аморейты паддзах Сигоны зӕххыл. Сигон цард Есевоны+, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ адӕмы дӕр Моисей ӕмӕ Израилы фырттӕ ныддӕрӕн кодтой, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд+.
47 Уыдон бацахстой Сигоны зӕхх ӕмӕ Васаны паддзах Огы+ зӕхх, дыууӕ аморейаг паддзахы зӕххытӕ. Уыдон паддзӕхтӕ уыдысты, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй цы зӕххытӕ уыди, уым.
48 Сӕ зӕххытӕ уыдысты, Арноны дӕлвӕзы был чи ис, уыцы Ароерӕй+ суанг Сионы, ома Ермоны+, хохы онг,
49 стӕй, Иорданы раз скӕсӕнырдыгӕй чи ис, уыцы Аравӕ+ ӕнӕхъӕнӕй дӕр ӕмӕ суанг, Фасгӕйы+ хохрӕбын чи ис, уыцы Аравӕйы+ денджызы онг.