Дыккаг закъон 24:1—22
24 Исчи ус куы ракура ӕмӕ уыцы сылгоймагӕн йӕ сӕрыхицау куы суа, фӕлӕ усӕн йӕ митӕ ӕнӕуаг куы уой ӕмӕ йӕ лӕгӕн куы фенад уа+, уӕд ын ныффыссӕд, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт+, йӕ къухмӕ йын ӕй раттӕд ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй арвитӕд+.
2 Ус уыцы хӕдзарӕй куы ацӕуа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна+,
3 ӕмӕ дзы уыцы лӕг дӕр йе сӕфт куы фена ӕмӕ йын куы ныффысса, кӕй дзы ахицӕн, уый тыххӕй гӕххӕтт, йӕ къухмӕ йын ӕй куы ратта ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзарӕй куы арвита, кӕнӕ йӕ чи ракуырдта, уыцы лӕг куы амӕла,
4 уӕд йӕ фыццаг сӕрыхицауӕн, чи йӕ арвыста, уымӕн, уый бар нӕй, цӕмӕй йӕ ногӕй ракура, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг фӕчъизи+. Уыцы хъуыддаг ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты. Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын бынӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх тӕригъӕды ма бафтау.
5 Исчи ус куы ракура+, уӕд ӕфсадмӕ ма ацӕуӕд, стӕй йыл ӕндӕр хӕстӕ дӕр нӕй ӕвӕрӕн. Иу аз хъуамӕ уа алцӕмӕй дӕр сӕрибар, цӕра йӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ усы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна+.
6 Ӕрмгуырой кӕнӕ куыройы уӕллаг дур цъынды мачи райсӕд+, уымӕн ӕмӕ уӕд цъынды исы уд*.
7 Исчи йе ’фсымӕртӕй, Израилы фырттӕй, искӕй* куы адава+, ахӕм ӕгъатыр ми йын куы бакӕна, ӕмӕ йӕ куы ауӕй кӕна+, уӕд, адӕймаджы чи адавта, уый хъуамӕ амӕла. Уе ’хсӕнӕй фыддзинад фесафут+.
8 Хъотыр+ уӕм куы фӕзына, уӕд кӕсут, ӕнӕмӕнгӕй бакӕнут, левит-сауджынтӕ уын куыддӕриддӕр зӕгъой, афтӕ+. Куыддӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕнут+.
9 Рох дӕ ма уӕд, Египетӕй куы цыдыстут, уӕд дӕ Хуыцау Йегъовӕ Мариамӕн цы бакодта, уый+.
10 Искӕмӕн исты ӕфстау куы дӕттай+, уӕд ӕм, цъынды дын цы дӕтты, уый райсынмӕ хӕдзармӕ мидӕмӕ ма бацу+.
11 Ӕддейӕ-иу лӕуу ӕмӕ, ӕфстау кӕмӕн дӕттыс, уыцы адӕймаг дын цъынды цы дӕтты, уый йӕхӕдӕг ӕддӕмӕ рахӕсдзӕн.
12 Уыцы адӕймаг тыхст уавӕры куы уа, уӕд-иу, цалынмӕ йӕ дзаума дӕумӕ ис, уӕдмӕ ма схуысс+.
13 Цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ йын йӕ дзаума фӕстӕмӕ ӕнӕмӕнг ратт+, цӕмӕй схуысса йӕхи дарӕсы+. Уӕд дын раарфӕ кӕндзӕн+, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз нымад уыдзынӕ рӕстгӕнӕгыл+.
14 Тыхст уавӕры чи ис ӕмӕ мӕгуыр чи у, ахӕм ӕххуырст кусӕджы ма фӕсай, фӕнды де ’фсымӕр уӕд, фӕнды дӕ зӕххыл, дӕ горӕты, цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг+.
15 Цалынмӕ хур нӕ аныгуыла, уӕдмӕ-иу ын йӕ бонӕн йӕ мызд бафид+, уымӕн ӕмӕ тыхст уавӕры ис ӕмӕ йӕ зӕрдӕ йӕ мыздыл дары. Науӕд Йегъовӕйӕн дӕуӕй рахъаст кӕндзӕн+, ӕмӕ дын уыцы ми нымад ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдыл+.
16 Фыды йӕ сывӕллоны тыххӕй нӕй марӕн ӕмӕ сывӕллоны дӕр йӕ фыды тыххӕй нӕй марӕн+. Алчидӕр хъуамӕ амӕла йӕхи тӕригъӕды тыххӕй+.
17 Ӕрцӕуӕггаджы+ кӕнӕ сидзӕры+ хъуыддаг куы ’взарай, уӕд хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. Ӕмӕ идӕдзӕн йӕ дарӕс цъынды ма райс+.
18 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕ уырдыгӕй кӕй ссӕрибар кодта+. Адӕттӕ дӕр дын уый тыххӕй фӕдзӕхсын.
19 Дӕ хуым куы кӕрдай+ ӕмӕ дӕ дӕ хуымы куырис куы ферох уа, уӕд-иу фӕстӕмӕ йӕ рахӕссынмӕ ма аздӕх. Ныууадз ӕй ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн+, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Йегъовӕ дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕ кӕна+.
20 Дӕ оливӕбӕлас куы ныццӕгъдай, уӕд ын уый фӕстӕ йӕ къалиутӕм мауал ракӕс-бакӕс кӕн, исты ма сыл баззад, зӕгъгӕ. Бӕласыл ма цы баззайа, уыдон ныууадз ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн+.
21 Дӕ сӕнӕфсир куы ӕмбырд кӕнай, уӕд ма дӕ сӕнӕфсирыл цы баззайа, уыдон мауал ӕртон. Ныууадз сӕ ӕрцӕуӕггагӕн, сидзӕрӕн ӕмӕ идӕдзӕн.
22 Рох дӕ ма уӕд, дӕхӕдӕг дӕр Египеты цагъар кӕй уыдтӕ+. Адӕттӕ дӕр дын уый тыххӕй фӕдзӕхсын+.