Дзуттӕгтӕм 7:1—28

7  Уыцы Мелхиседек уыд Салимы паддзах, Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын+. Авраам паддзӕхты куы ныццагъта, уӕд уый йӕ размӕ рацыди ӕмӕ йын раарфӕ кодта+,  ӕмӕ йын Авраам радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй дӕсӕм хай+. Мелхиседек у «Рӕстдзинады паддзах»,– йӕ ном ын куы ратӕлмац кӕнай, уӕд афтӕ у йӕ нысаниуӕг,– стӕй ма у Салимы+ паддзах дӕр, ома «Фарны паддзах».  Бӕрӕг нӕу, Мелхиседекӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад чи сты, уый. Йӕ фыдӕлтӕ чи сты, йе та кӕд райгуырд+ ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕ Фырты+ хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ у сауджын ӕнустӕм+.  Ахъуыды-ма кӕнут, мыггаджы хистӕр Авраам, йӕ къухы цы мулк бафтыд, уымӕн йӕ хуыздӕрӕй дӕсӕм хай кӕмӕн радта+, уыцы адӕймаг куыд кадджын уыди.  Раст у, Левийы+ фырттӕй сауджынтӕ чи свӕййы, уыдон Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕй+, ома се ’фсымӕртӕй, исой дӕсӕм хай+, кӕд уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты, уӕддӕр+.  Фӕлӕ уыдоны мыггагӕй+ чи нӕ уыд, уый та дӕсӕм хай райста Авраамӕй+ ӕмӕ раарфӕ кодта, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕн+.  Ӕмӕ уый та алкӕддӕр афтӕ вӕййы: уӕлдӕр чи у, уый фӕарфӕ кӕны, дӕлдӕр чи у, уымӕн+.  Фыццаг уавӕры дӕсӕм хай дӕттынц, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн+, дыккаджы та – Фыстад афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы, уый цӕры, зӕгъгӕ, уымӕн+.  Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авраамы уылты дӕсӕм хай радта Леви дӕр, йӕхицӕн дӕсӕм хай кӕмӕн дӕттынц, уый, 10  уымӕн ӕмӕ уый уыд Авраамы байзӕддаг, кӕд, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд+, уӕд гуырд нӕма уыди*+, уӕддӕр. 11  Уӕдӕ Левийы фырттӕй сауджынтӕ+ чи уыдысты, уыдоны лӕггады фӕрцы,– уый та уыд Хуыцауы адӕмӕн лӕвӕрд Закъоны ахсджиаг фӕзилӕн+,– ӕцӕгдӕр куы уыдаид ӕххӕстдзинадмӕ+ ӕрцӕуӕн, уӕд ма ӕндӕр, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы+ хуызӕн чи у, ахӕм сауджын цӕмӕн хъуыди?+ 12  Ӕмӕ иугӕр сауджынты лӕггад ивд цӕуы+, уӕд ивинаг у закъон дӕр+, 13  уымӕн ӕмӕ адӕттӕ кӕй тыххӕй загъд сты, уыцы адӕймаг уыд ӕндӕр мыггагӕй+ – уыцы мыггагӕй нывондхӕссӕны раз ничи лӕггад кодта+. 14  Алчидӕр ӕй зоны, нӕ Хицау кӕй рацыд Иудӕйы мыггагӕй+, ӕмӕ уыцы мыггагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй та Моисей ницы загъта. 15  Ӕмӕ уый ноджы бӕлвырддӕр та уымӕй зыны, ӕмӕ кӕй фӕзынд ӕндӕр сауджын+ – Мелхиседекы хуызӕн сауджын+. 16  Уый сауджын сси, зӕххон хъуыддӕгтимӕ баст чи у, уыцы закъонмӕ+ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, фесафӕн кӕмӕн нӕй, уыцы цард ын цы тыхы фӕрцы ис+, уымӕ гӕсгӕ. 17  Уымӕн ӕмӕ Фыстад иу ран афтӕ зӕгъы: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм»+. 18  Уӕдӕ раздӕры закъон лӕмӕгъ кӕй разынд+ ӕмӕ дзы тых кӕй нӕ уыди+, уымӕ гӕсгӕ ивд ӕрцыд. 19  Уымӕн ӕмӕ Закъон алцӕмӕй ӕххӕст ницы скодта+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр ӕххӕст сси, хуыздӕр ныфс+ кӕй фӕзынд, уый фӕрцы – уыцы ныфс нӕ ӕввахс кӕны Хуыцаумӕ+. 20  Уыцы хъуыддаг дӕр ӕнӕ сомыйӕ нӕ уыди 21  (уымӕн ӕмӕ ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сауджынтӕ систы, Хуыцау уыдоны тыххӕй сомы нӕ ракодта, афтӕмӕй. Фӕлӕ ис ахӕм, ӕмӕ Хуыцау уый тыххӕй расомы кодта, афтӕ куы загъта: «Йегъовӕ расомы кодта+,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн: „Ды дӕ сауджын ӕнустӕм“»)+, 22  ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо дӕр сси, мыхуыр куыд сӕвӕрай, афтӕ, хуыздӕр бадзырд+ кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн. 23  Стӕй-иу сауджынтӕ бирӕтӕ систы, ӕмӕ-иу кӕрӕдзи ивтой+, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ мӕлӕт нӕ бауагъта+, цӕмӕй ӕдзухдӕр уыдаиккой сауджынтӕ. 24  Фӕлӕ уый та ӕнустӕм цӕры+, ӕмӕ йӕ бӕсты ӕндӕр сауджыны никуы бахъӕудзӕн ӕвӕрын. 25  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцаумӕ уый фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын+. 26  Ӕмӕ мах хъӕугӕ дӕр раст ахӕм хистӕр сауджын+ кӕны: иузӕрдион+, ӕнӕхин+, ӕнӕфау+, тӕригъӕдджынтимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис+ ӕмӕ уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр чи сси+. 27  Иннӕ хистӕр сауджынтау ӕй алы бон+ нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын, фыццаг йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй+, стӕй та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ уый уыцы хъуыддаг бакодта ӕрмӕстдӕр иу хатт+, йӕхи нывондӕн куы ’рхаста, уӕд+. 28  Закъон хистӕр сауджынтӕй+ ӕвӕры, лӕмӕгъдзинӕдтӕ+ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты. Закъоны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта+, уымӕ гӕсгӕ та хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд, ӕнустӕм алцӕмӕй ӕххӕст чи сси+, уыцы Фырт.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ фыды хуылфы уыди».