Дзуттӕгтӕм 13:1—25
13 Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут+.
2 Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый+. Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой+.
3 Уӕ зӕрдыл дарут, ахӕстоны чи ис, уыдоны+, цыма сымах дӕр семӕ ахст стут, афтӕ+. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдоны дӕр+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр нырма зӕххон буары мидӕг стут.
4 Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут+, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон+.
5 Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут+, цы уын ис+, уый фагыл нымайут+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн»+.
6 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй+ зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?»+
7 Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты+ ӕмӕ уын Хуыцауы ныхас чи дзырдта, уыдоны, ӕмӕ, сӕ цард цы хорз хъуыддӕгтӕм ӕркодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ сын сӕ уырнындзинад+ фӕзмут+.
8 Йесо Чырысти уыцы иухуызон у – знон дӕр, абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.
9 Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт+. Зӕрдӕ фидар кӕнын хъӕуы алыхуызон хӕринӕгтӕй+ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+, уымӕн ӕмӕ хӕринӕгтӕ ницы пайда ӕрхастой, чи сыл бафтыд, уыдонӕн.
10 Махӕн ис, цатыры чи лӕггад кӕны, уыдонӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн+.
11 Уымӕн ӕмӕ, хистӕр сауджын сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕды тыххӕй цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басудзынц адӕмы цӕрӕнбынаты ӕдде+.
12 Афтӕ Йесо дӕр, цӕмӕй адӕмы йӕхи тугӕй+ ссыгъдӕг кодтаид+, уый тыххӕй мӕлӕт бавзӕрста горӕты кулдуары ӕдде+.
13 Ӕмӕ йӕм уӕдӕ мах дӕр ацӕуӕм цӕрӕнбынаты ӕддӕмӕ ӕмӕ, уый цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый бавзарӕм нӕхиуыл+,
14 уымӕн ӕмӕ нын ам нӕй, ӕдзух чи уыдзӕн, ахӕм горӕт+, фӕлӕ зӕрдиагӕй тырнӕм фидӕны горӕтмӕ+.
15 Цӕй уӕдӕ уый уылты Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд+, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй+ адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм+.
16 Ма рох кӕнут хорздзинад аразын+ ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты+.
17 Разамынд уын чи дӕтты+, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн+. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут+, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу+.
18 Кувут+ мах тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын+.
19 Мах тыххӕй куват, уый уӕ уӕлдайдӕр та уымӕн курын, цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон+.
20 Уӕдӕ фарны Хуыцау+ – фыстӕн+ се стыр фыййауы,+ нӕ Хицау Йесойы, ӕнусон бадзырды+ тугимӕ мӕрдтӕй чи райгас кодта+,
21 уыцы Хуыцау – йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый нӕ мидӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы аразгӕйӕ, сымах схайджын кӕнӕд алы хорздзинадӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат+. Кад ын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен.
22 Ме ’фсымӕртӕ, курӕг уӕ дӕн, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм, афтӕ бирӕ дӕр уӕм куы нӕ ныффыстон+.
23 Уый дӕр ма уын зӕгъинаг дӕн, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейы+ рауагътой. Ӕмӕ кӕд тагъд зына, уӕд уӕм иумӕ ӕрцӕудзыстӕм.
24 Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут, разамынд уын чи дӕтты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр+ ӕмӕ иннӕ сыгъдӕджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Италийы+ чи ис, уыдон дӕр уын салӕмттӕ ӕрвитынц.
25 Уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ хайджын ут.