Дзуттӕгтӕм 1:1—14

1  Раджы заманты Хуыцау нӕ фыдӕлтимӕ бирӕ хӕттыты+ ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта пехуымпарты уылты+,  ацы бонты кӕрон+ та немӕ ныхас кодта йӕ Фырты+ уылты, ӕппӕт дӕр бынӕн кӕмӕн радта+ ӕмӕ, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый* кӕй фӕрцы скодта+, уый уылты.  Уый мидӕг зыны Хуыцауы кад+, уый у, Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм+. Уый ӕппӕтыл дӕр хӕцы йӕ тыхджын дзырдӕй+. Ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кодта+, уӕд уӕлӕрвты+ Цытджын Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт+.  Ӕмӕ сси зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр+, уымӕн ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд* зӕдты номӕй кадджындӕр ном+.  Зӕгъӕм, зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»?+ Науӕд: «Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд, уый та суыдзӕн мӕ фырт»?+  Фӕлӕ йӕ Фыццаггуырды+ ногӕй зӕхмӕ куы ’ркӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы зӕдтӕ+ иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауӕнт»+.  Стӕй зӕдты тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Йӕ зӕдты фестын кӕны хъомысджын тыхтӕ*, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты – пиллон арт»+.  Йӕ Фырты тыххӕй та зӕгъы: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг+ у рӕстдзинады лӕдзӕг+.  Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай+ Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста»+. 10  Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «О Хицау, райдианы зӕххӕн бындур ды сӕвӕрдтай, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон+. 11  Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Уыдон дарӕсау+ баихсидзысты, 12  ӕмӕ сӕ ды пӕлӕзау+ стухдзынӕ, дарӕсау ивд ӕрцӕудзысты. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты»+. 13  Зӕдтӕй та кӕд кӕмӕй загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»?+ 14  Зӕдтӕ+ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты?+ Чи хъуамӕ фервӕза*+, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «цардӕвӕрдтӕ». Грекъ. айо́нас.
Комк. «бынӕн райста».
Грекъ. пне́вмата. Кӕс Уӕлӕмх. 7. Кӕс 14 ст. дӕр.
Комк. «Ирвӕзындзинад бынӕн чи хъуамӕ райса».