Амос 4:1—13
4 «Байхъусут ацы ныхасмӕ, Васаны хъуццытӕ+, Самарийы хохыл чи ис, уыдон+. Сымах ӕххуысхъуаг адӕмы сайут+, мӕгуыр адӕмы ссӕндут ӕмӕ уӕ хицӕуттӕн дзурут: „Рахӕссут, ӕмӕ бануазӕм!“
2 Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ йӕ сыгъдӕгдзинадӕй сомы кӕны+: „Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ сисдзысты, дзидза цы ауындзӕнтыл ауыгъд вӕййы, уыдонӕй, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уыдоны та – кӕсагахсӕн ӕнгуыртӕй+.
3 Алчидӕр уӕ рахиздзӕн, йӕ тӕккӕ раз къул пырх+ кӕм у, ууылты, ӕмӕ Армонмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут“,– зӕгъы Йегъовӕ“.
4 „Ацӕут Вефилмӕ ӕмӕ дзы тӕригъӕдтӕ аразут+. Галгалы бирӕ тӕригъӕдтӕ саразут+ ӕмӕ райсомӕй ӕрхӕссут уӕ нывӕндтӕ ӕмӕ ӕртыккаг бон – уӕ дӕсӕм хӕйттӕ+.
5 Ӕнхъизӕн цӕуыл ис, уый арфӕйы нывондӕн басудзут+ ӕмӕ фехъусын кӕнут, уӕ зӕрдӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ кӕй хӕсдзыстут+. Фехъусын ӕй кӕнут, Израилы фырттӕ+, уымӕн ӕмӕ сымах афтӕтӕ уарзут“,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ.
6 „Афтӕ-иу уын бакодтон, ӕмӕ-иу ӕххормагӕй мардыстут*+ уе ’ппӕт горӕтты дӕр, хойраг-иу уӕм никуыуал уыди+, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
7 „Хуымгӕрдӕнтӕм ма-иу ӕртӕ мӕйы куы хъуыди, уӕд-иу уын къӕвда нал радтон+. Иу горӕтыл-иу рауагътон къӕвда, иннӕйыл та – нӕ. Иу хуымы-иу уарыд, иннӕ хуымыл та-иу къӕвда нӕ рауагътон, ӕмӕ-иу ныххус+.
8 Ӕмӕ-иу дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ горӕты адӕм дӕр иу горӕты ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу дон банызтаиккой+, ӕмӕ-иу сӕ дойны нӕ басастой, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
9 „Уӕ зайӕгойтыл уын-иу судзгӕ дымгӕ ӕмӕ низ бафтыдтон+. Уӕ дыргъдӕттӕ ӕмӕ уӕ сӕнӕфсирдӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой, фӕлӕ уын-иу уӕ легъуибӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ сойбӕлӕстӕ къуыдыркалм бахордта+, ӕмӕ мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
10 „Египеты цы фыдниз уыд, ахӕм фыдниз уыл-иу бафтыдтон+. Уӕ лӕппуты уын-иу хъамайӕ фӕцагътон+ ӕмӕ уын-иу уӕ бӕхты уацары акодтон+. Ӕз-иу афтӕ бакодтон, ӕмӕ-иу уӕ цатыртӕ кӕм ӕвӕрд уыдысты, уырдыгӕй-иу ахӕм смаг калд, ӕмӕ-иу уӕ фындзыхуынчъытӕ ӕхгӕдтой+, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
11 „Уӕ зӕххыл уын ницыуал ныууагътон, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы куыд ницыуал ныууагътон, афтӕ+. Сымах уыдыстут, артӕй цы ӕрдӕгсыгъд суг раскъӕфынц, уый хуызӕн+, фӕлӕ мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут“+,– зӕгъы Йегъовӕ.
12 Афтӕ дын бакӕндзынӕн, Израил. Ӕмӕ дын афтӕ кӕй бакӕндзынӕн, Израил, уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ+.
13 Уый у хӕхтӕ+ Скӕнӕг ӕмӕ дымгӕ+ Сфӕлдисӕг, зӕххон адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ чи дзуры+, сӕуӕхсид саудалынг чи фестын кӕны+ ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтыл чи фӕцӕуы, уый+. Йӕ ном у Йегъовӕ, ӕфсӕдты Хуыцау»+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Ӕз уын-иу радтон сыгъдӕг дӕндӕгтӕ».