Амос 1:1—15
1 Амосы ныхӕстӕ. Амос уыд, Фекойӕйы+ фыстӕ чи дардта, уыдонӕй сӕ иу. Ӕмӕ радзырдта, Израилы+ тыххӕй цӕстылуайӕны цы федта, уый. Уый уыд Иудӕйы паддзах Озийы+ рӕстӕджы ӕмӕ Израилы паддзах Иоасы+ фырт Йеровоамы+ рӕстӕджы, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр+.
2 Амос загъта:
«Йегъовӕ Сионӕй домбайау ныббогъ кӕндзӕн+, Иерусалимӕй ныхъхъӕр кӕндзӕн+, ӕмӕ, фыййӕуттӕ сӕ фос кӕм хизынц, уыцы сӕрвӕттӕ хъыг кӕндзысты ӕмӕ Кармилы цъупп бахус уыдзӕн»+.
3 «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Дамаск+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон Галаад+ ӕфсӕйнаг найгӕнӕн дзоныгътӕй най кодтой.
4 Ӕз Азаилы+ хӕдзарыл арт бафтаудзынӕн+, ӕмӕ уыцы арт Венадады цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн+.
5 Дамаскы+ кулдуары ӕхгӕнӕнтӕ ныссӕтдзынӕн, Бикаф-Авены цӕрджытӕй иу дӕр нал ныууадздзынӕн, стӕй, Беф-Едемы паддзахы лӕдзӕг кӕй къухы ис, уый дӕр амардзынӕн, ӕмӕ Сирийы адӕмы Кирмӕ уацары акӕндзысты“+,– зӕгъы Йегъовӕ“.
6 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Газӕ+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр сӕ зӕххӕй сыстын кодтой+ ӕмӕ сӕ Едомы къухмӕ радтой+.
7 Ӕз Газӕйы+ къултыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын уыцы арт йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн.
8 Азоты+ цӕрджыты ныццӕгъддзынӕн ӕмӕ, Аскалоны+ паддзахы лӕдзӕг кӕй къухы ис, уый дӕр амардзынӕн. Стӕй мӕ къух сисдзынӕн+ Екронмӕ+, ӕмӕ ма филистимӕгтӕй чи баззад, уыдон фесӕфдзысты“+,– зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ“.
9 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Тир+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр Едомы къухмӕ радтой ӕмӕ, се ’фсымӕртимӕ цы бадзырд скодтой, уый сӕ ферох+.
10 Ӕз Тиры къултыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын уыцы арт йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн“+.
11 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Едом+ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыд, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый йе ’фсымӕры фӕдыл хъамаимӕ зылд+, йӕ зӕрдӕ ныддур кодта+ ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ йӕ амӕттаджы ӕнӕрынцойӕ скъуыдтӕ кӕны. Йӕ судзгӕ маст йӕ абухынӕй не ’нцайы+.
12 Ӕз Феманыл+ арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Восоры+ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн“.
13 Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Аммоны+ фырттӕ ӕртӕ хатты, суанг цыппар хатты дӕр, ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн+. Цӕмӕй сӕ зӕххы арӕнтыл ахӕцыдаиккой, уый тыххӕй-иу Галаады сывӕрджын устыты акъӕртт кодтой+.
14 Ӕз Раввӕйы+ къултыл арт бафтаудзынӕн, ӕмӕ йын уыцы арт йӕ цӕрӕн мӕсгуытӕ аныхъуырдзӕн, тохы бон фӕдисы хъӕр куы хъуыса ӕмӕ тыхджын дымгӕйы рӕстӕг уад куы сыста, уӕд+.
15 Ӕмӕ сын сӕ паддзахы йӕ кънйӕзтимӕ уацары акӕндзысты“+,– зӕгъы Йегъовӕ“.