Авди 1:1—21

 Авдийы цӕстылуайӕн. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ Едомы+ тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ нын фӕхабар кодта, ӕмӕ адӕмтӕм хабархӕссӕг ӕрвыст ӕрцыд, цӕмӕй сын фехъусын кӕна: „Сыстут, ӕмӕ йемӕ схӕцӕм“»+.  «Ӕз афтӕ бакодтон, ӕмӕ адӕмты ’хсӕн зынгӕ дӕр нӕ кӕныс+, сӕ сӕрмӕ дӕ нӕ хӕссынц+.  Дӕ хъал зӕрдӕ дӕ фӕсайдта+. Къӕдзӕхты ’хсӕн+, хӕхты бӕрзӕндты цӕрыс ӕмӕ дӕхицӕн дзурыс: „Чи мӕ раппардзӕн зӕхмӕ?“  Цӕргӕсау бӕрзонд ран куы ’рцардаис кӕнӕ стъалыты ’хсӕн куы скодтаис дӕхицӕн ахстон, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр раппӕрстаин»+,– зӕгъы Йегъовӕ.  «Куыд дын фӕхастой дӕ фӕллӕйттӕ иууылдӕр! Давджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, абырджытӕ дӕм ӕхсӕвы куы ’рбацыдаиккой, уӕд, цас сӕ хъуыдаид, уыйбӕрц нӕ ахастаиккой?+ Кӕнӕ дӕм сӕнӕфсиртонджытӕ куы ’рбацыдаиккой, уӕд сӕ фӕстӕ иу цалдӕр цупалы уӕддӕр нӕ ныууагътаиккой?+  О, куыд бӕстон басгӕрстой Исавы байзӕддӕгты!+ Йе ’мбӕхст хӕзнатӕ йын иууылдӕр ссардтой!  Тӕккӕ арӕнтӕм дӕ рахӕццӕ кодтой. Бадзырд кӕимӕ скодтай, уыдон дыл сайдӕй рацыдысты+. Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕ, уыдон дыл фӕуӕлахиз сты+. Демӕ къӕбӕр чи хордта, уыдон дын дӕ разы хыз ӕрӕвӕрдзысты. Ды уыдзынӕ ӕнӕмбаргӕ адӕймаджы хуызӕн+.  Ацы хабар уыцы бон не ’рцӕудзӕн?» – зӕгъы Йегъовӕ. «Ӕмӕ ӕз Едомы зондджынты фесафдзынӕн+, Исавы хӕхбӕсты ӕмбаргӕ адӕймаг нал ныууадздзынӕн.  Феман+, дӕ тыхджын лӕгтӕн сӕ быны дон бацӕудзӕн+, уымӕн ӕмӕ сӕ Исавы хӕхбӕсты иу дӕр нал баззайдзӕн+, амардзысты сӕ+. 10  Де ’фсымӕр Иаковӕн цы фыдмитӕ фӕкодтай+, уый тыххӕй дӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн+, ӕмӕ ӕнустӕм сӕфт ӕрцӕудзынӕ+. 11  Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йе ’фсад уацары куы акодтой+, ӕндӕрбӕстӕгтӕ йын йӕ кулдуарыл куы бахызтысты+ ӕмӕ Иерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой+, ӕмӕ ды иуварс куы лӕууыдтӕ ӕмӕ дардӕй куы кастӕ, уӕд ды дӕр уыдонӕй уӕлдай нӕ уыдтӕ. 12  Нӕ дын ӕмбӕлд де ’фсымӕрмӕ йе ’намонды бон кӕсын+ ӕмӕ йыл худын. Нӕ дын ӕмбӕлд, Иудӕйы фырттӕ куы сӕфтысты, уыцы бон цин кӕнын+. Нӕ дын ӕмбӕлд сӕ тыхсты сахат стыр дзыхӕй дзурын. 13  Нӕ дын ӕмбӕлд, мӕ адӕмыл бӕллӕх цы бон ӕрцыд, уыцы бон сӕ кулдуарыл бахизын+. Нӕ дын ӕмбӕлд, бӕллӕх сыл цы бон ӕрцыд, уыцы бон сӕм ӕнцад кӕсын. Нӕ дын ӕмбӕлд, бӕллӕх сыл цы бон ӕрцыд, уыцы бон сын сӕ хъӕздыгдзинадмӕ бавналын+. 14  Нӕ дын ӕмбӕлд дыууӕ фӕндаджы астӕу лӕууын ӕмӕ сӕ чи аирвӕзт, уыдоны цӕгъдын+. Нӕ дын ӕмбӕлд, бӕллӕхы бон сӕ удӕгасӕй чи баззад, уыдоны се знӕгты къухмӕ дӕттын+. 15  Йегъовӕ ӕппӕт адӕмты ныхмӕ цы бон рацӕудзӕн, уыцы бон хӕстӕг у+. Ды куыд кодтай, афтӕ бакӕндзысты дӕуӕн дӕр+. Ды уыдонӕн цытӕ бакодтай, уыдон дӕхи сӕрыл ӕрцӕудзысты+. 16  Мӕ сыгъдӕг хохыл мын мӕ масты къус сымах куыд нызтат, афтӕ йӕ ӕнӕрлӕугӕйӕ нуаздзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+. Бануаздзысты йӕ, ницыуал дзы ныууадздзысты ӕмӕ ӕрбайсӕфдзысты, цыма никуы уыдысты, афтӕ. 17  Чи аирвӕза, уыдон уыдзысты Сионы хохыл+, ӕмӕ уыцы хох суыдзӕн сыгъдӕг хох+. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндаджы бауыдзӕн, цы йӕм ӕмбӕлы, уый+. 18  Иаковы хӕдзарвӕндаг фестдзӕн арт+, Иосифы хӕдзарвӕндаг – пиллон арт, Исавы хӕдзарвӕндаг та уыдзӕн хъӕмпы хуызӕн+. Ӕмӕ йыл уыдон арт бандзардзысты ӕмӕ йӕ аныхъуырдзысты. Исавы хӕдзарвӕндагӕй удӕгасӕй ничиуал баззайдзӕн+, уымӕн ӕмӕ уый загъта Йегъовӕ. 19  Негев ӕмӕ Исавы хӕхбӕстӕ+, стӕй Шефелӕ ӕмӕ филистимӕгты зӕхх дӕр уыдоны бауыдзысты+. Уыдоны бауыдзысты Ефремы+ зӕхх ӕмӕ Самарийы+ зӕхх дӕр, Галаад та бауыдзӕн Вениамины+. 20  Ацы сыджытӕй конд быруйы фӕстӕ чи цард+, ома Израилы фырттӕй уацары кӕй акодтой, уыдоны бауыдзӕн ханаайнӕгты+ зӕхх суанг Сарептӕйы+ онг. Негевы горӕттӕ та бауыдзысты, Иерусалимӕй Сефарадмӕ уацары кӕй акодтой, уыдоны+. 21  Ирвӕзынгӕнджытӕ+ Сионы хохмӕ+ ссӕудзысты, цӕмӕй Исавы+ хӕхбӕстӕн стӕрхон кӕной. Ӕмӕ паддзахад уыдзӕн Йегъовӕйы»+.

Фиппаинӕгтӕ