Тынг бирӕтӕ сӕхимӕ иунӕг кӕсынц. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхимӕ иунӕг ма кӕсай?
«Америкӕйы Иугонд Штатты адӕмӕн се ’мбисы бӕрц, сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕхимӕ иунӕг кӕсынц. Уыдонӕн сӕ фылдӕр сты, 18 азӕй 25 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ» («Our Epidemic of Loneliness and Isolation: The U.S. Surgeon General’s Advisory on the Healing Effects of Social Connection and Community», 2023 аз).
«[Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци]» фехъусын кодта, цалдӕр адӕймаджы кӕй снысан кодта, цӕмӕй баххуыс кӕной, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыдонӕн, уый ӕнӕниздзинадӕн тынг тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй; адӕмӕн бамбарын кӕной, ӕппӕты ахсджиагдӕр кӕй у, цӕмӕй иннӕтыл сӕхи бӕттой; фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр мадзӕлттӕ ссарой, йӕхимӕ иунӕг чи кӕсы, уыдоны дзӕбӕх кӕнынӕн цыфӕнды мӕгуыр бӕстӕты дӕр» (Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организаци, 2023 аз, 15 ноябрь).
Библийы ис хорз уынаффӕтӕ, иннӕтимӕ нӕ бон хӕларӕй цӕрын куыд у, уый фӕдыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕхимӕ иунӕг ма кӕсӕм.
Чи дын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ
Иннӕтимӕ дӕ дӕ рӕстӕг ӕрвитын чи хъыгдары, уыцы хъуыддӕгтыл къаддӕр рӕстӕг хардз кӕн. Уыцы хъуыддӕгтӕм хауы социалон сетьты ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ӕрвитын. Уый бӕсты дӕ рӕстӕг адӕмимӕ ӕнӕуи ӕрвит, ӕмӕ уӕд хорз ӕмбӕлттӕ ссардзынӕ.
Библийы уагӕвӕрд: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).
Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн. Иннӕтӕн хорз исты куы саразӕм, уӕд семӕ балымӕн вӕййӕм ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай амондджын дӕр вӕййӕм.
Библийы уагӕвӕрд: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
Нӕ сайты фылдӕр базонӕн ис, хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссарӕн ис, уый тыххӕй.