ӔХХУЫС БИНОНТӔН
Мӕ бон цы у саразын, мӕ сывӕллонӕй мын куы хынджылӕг кӕной, уӕд?
Дӕ сывӕллон дын дзуры, скъолайы дзы кӕй фӕхынджылӕг кӕнынц. Куыд кӕнгӕ дын у? Ахуыргӕнӕгӕн зӕгъдзынӕ, цӕмӕй ӕфхӕрӕгӕн бауайдзӕф кӕна? Дӕ сывӕллонӕн зӕгъдзынӕ, цӕмӕй-иу сӕм ӕнцад ма кӕса, фӕлӕ-иу сын уый дӕр исты зӕгъа кӕнӕ-иу сӕ ныццӕва? Куыд бакӕндзынӕ, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ уал цалдӕр хъуыддагмӕ ӕркӕс.
Хынджылӕг кӕныны тыххӕй цы хъуамӕ зонон?
Цы у хынджылӕг кӕнын? Хынджылӕг кӕнын у, ӕдзухдӕр ӕмӕ барӕй искӕй ныхасӕй ӕфхӕрын кӕнӕ йын фыдмитӕ кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ алы ӕфхӕрӕн ныхас кӕнӕ ми хынджылӕгыл нымайӕн нӕй.
Уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у? Иуӕй-иутӕ хынджылӕг хонынц, цыдӕриддӕр сӕм хъыг фӕкӕсы, уый, фӕнды гыццыл уа, фӕнды – стыр. Фӕлӕ-иу алы гыццыл хъуыддаг дӕр куы ныддиссаг кӕнат, ома бындзӕй пыл куы саразат, уӕд уӕ сывӕллон нӕ зондзӕн, ахӕм уавӕрты йӕ бон цы саразын у – уый та йӕ абон дӕр хъӕуы ӕмӕ куы сыстыр уа, уӕд дӕр.
Библийы уагӕвӕрд: «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у» (Екклесиаст 7:9).
Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иуӕй-иу уавӕрты уӕ хъӕудзӕн уӕ сывӕллоны сӕрыл дзурын, фӕлӕ иннӕ уавӕрты та уӕ сывӕллонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ иннӕтимӕ фидауын сахуыр уа (Колоссӕгтӕм 3:13).
Фӕлӕ уӕ сывӕллон афтӕ куы дзура, ӕмӕ дзы ӕппынӕдзух фӕхынджылӕг кӕнынц, уӕд та?
Мӕ бон куыд у мӕ сывӕллонӕн баххуыс кӕнын?
Фӕразонӕй-иу байхъус дӕ сывӕллонмӕ. Бацархай бамбарын: 1) цы рцыд ӕмӕ 2) иннӕтӕ дзы цӕмӕн хынджылӕг кӕнынц. Цалынмӕ алцы нӕ базонай, уӕдмӕ хатдзӕгтӕ ма кӕн. Ахъуыды кӕн: «Мыййаг, хъуыддаг ӕндӕр цӕйдӕр мидӕг ис?» Цӕмӕй хабӕрттӕ бӕстон базонай, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, бахъӕуа йӕ ахуыргӕнӕгимӕ кӕнӕ иннӕ сывӕллӕтты ныййарджытимӕ аныхас кӕнын.
Библийы уагӕвӕрд: «Адӕймагмӕ куы нӕ байхъусай, афтӕмӕй дзуапп куы раттай, уӕд уый у ӕнӕзонд ми ӕмӕ худинаг» (Ӕмбисӕндтӕ 18:13).
Кӕд дӕ сывӕллонӕй ӕцӕгдӕр фӕхынджылӕг кӕнынц, уӕд ын бамбарын кӕн, йӕ ныхӕстӕ кӕнӕ йӕ хъуыддӕгтӕй аразгӕ кӕй у, уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕви фӕфыддӕр. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы» (Ӕмбисӕндтӕ 15:1). Йӕ маст райсын ӕй куы фӕнда, уӕд, гӕнӕн ис, уавӕр фӕфыддӕр уа ӕмӕ дзы тынгдӕр хынджылӕг кӕной.
Библийы уагӕвӕрд: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут» (1 Петры 3:9).
Дӕ сывӕллонӕн бамбарын кӕн, йе ’фхӕрджытӕй йӕ маст куы нӕ иса, уӕд уый лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг кӕй нӕ уыдзӕн. Фӕлӕ бӕрӕг уыдзӕн, тыхджын кӕй у, уымӕн ӕмӕ иннӕты зондыл нӕ цӕуы. Ӕндӕр ныхасӕй, чи дзы хынджылӕг кӕны, ууыл ӕнӕ хылӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн.
Дӕ сывӕллон уый йӕ зӕрдыл уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ дара, интернеты дзы исчи куы хынджылӕг кӕна, уӕд. Интернеты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн дзуапп куы дӕтта, уӕд сын фадат ратдзӕн, цӕмӕй уыдон дӕр фыддӕр кӕной, ӕмӕ уыцы тохӕн кӕрон нӕ уыдзӕн. Стӕй ма базонын хъӕуы, мыййаг, дӕ сывӕллон йӕхӕдӕг фыццаг нӕ райдыдта иннӕты ӕфхӕрын. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр вӕййы, чи йӕ ’фхӕры, уыдонӕн дзуапп куы нӕ дӕтта. Афтӕмӕй бамбардзысты, сӕ фӕндӕй кӕй ницы рауад, ӕмӕ йӕ ныууадздзысты.
Библийы уагӕвӕрд: «Суг кӕм нӕй, уым арт ахуыссы» (Ӕмбисӕндтӕ 26:20).
Иуӕй-иу уавӕрты та дӕ сывӕллонӕн йӕ бон у, йе ’фхӕрджытыл кӕм фембӕлдзӕн, уыцы бынӕттӕй йӕхи хизын. Зӕгъӕм, куы зона, ахӕм адӕймаг кӕнӕ адӕм кӕм уыдзысты, уыцы бынӕттӕ, уӕд йӕ бон у ӕндӕр фӕндагыл ацӕуын.
Библийы уагӕвӕрд: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3).
УЫНАФФӔ. Уӕ сывӕллонимӕ ахъуыды кӕнут, уыцы уавӕры хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын кӕнӕ куыд хъуамӕ ма бакӕна. Зӕгъӕм:
Цы уыдзӕн, йе ’фхӕрӕджы куы ницӕмӕ дара, уӕд?
Цы уыдзӕн, йе ’фхӕрӕгӕн фидарӕй куы зӕгъа, цӕмӕй дзы мауал хынджылӕг кӕна?
Цы уыдзӕн, кӕй йӕ ӕфхӕрынц, уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнӕгӕн кӕнӕ директорӕн куы радзура?
Чи йӕ ӕфхӕры, уыимӕ фӕлмӕнӕй куы ныхас кӕна кӕнӕ йын йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ куы аздаха, уӕд ын уый нӕ баххуыс кӕндзӕн?
Адӕймаджы фӕнды лӕгӕй-лӕгмӕ ӕфхӕрой, фӕнды интернеты, уӕддӕр уавӕртӕ алыхуызӕттӕ вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, уӕ сывӕллонимӕ ахъуыды кӕнут, уӕ уавӕры уӕ бон цы у саразын. Уыцы уӕззау рӕстӕг ын ӕххуыс кӕнут.
Библийы уагӕвӕрд: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).