Цы аразын хъӕуы, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрай?
Дзуапп Библийӕ
Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый... цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). Дӕ бон куыд у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын?
Базон Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы тыххӕй. Йесо Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3). Куыд базонӕн ис Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы? Уый тыххӕй хъӕуы Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрын a. Библийы фыст сты не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы хъуыдытӕ (Хъуыддӕгтӕ 17:24, 25). Библи ма нын дзуры йӕ Фырт Чырыстийы тыххӕй дӕр, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ» кӕмӕ сты, уый тыххӕй (Иоанны 6:67–69).
Чырысти йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ууыл ӕууӕнд. Чырысти зӕхмӕ уый тыххӕй ӕрцыд, «цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кодтаид ӕмӕ йӕ уд раттаид бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмӕн фӕзынд зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны фадат b (Псалом 37:29). Чырысти загъта: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа» (Иоанны 3:16). Чырыстийыл ӕнӕуи ӕууӕндын фаг нӕу, хъуамӕ йын йӕ ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (Матфейы 7:21; Иаковы 2:17).
Архай, цӕмӕй Хуыцауы ӕввахс хӕлар суай. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суӕм (Иаковы 2:23; 4:8). Хуыцау алкӕддӕр уыдзӕн. Уый никуы амӕлдзӕн, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ дӕр ӕнустӕм цӕрой. Йӕ Ныхасы Хуыцау ӕмбарын кӕны, чи йӕ агуры, уыдонӕн ӕй цы фӕнды, уый: «Уӕ зӕрдӕтӕ цӕрӕнт ӕнустӕм» (Псалом 22:26).
Мӕнг ныхӕстӕ ӕнусон царды тыххӕй
Мӕнг ныхас. Адӕмӕн ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй дӕр сӕ бон суыдзӕн ӕнустӕм цӕрын.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Кӕд адӕмы уый ныфс ис, ӕмӕ медицинӕйы фӕрцы сӕ бон суыдзӕн фылдӕр цӕрын, уӕддӕр сӕ бон ницы бауыдзӕн саразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн у йӕ бон адӕмы ӕнусон цардӕй схайджын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уымӕ ис «царды суадон» (Псалом 36:9). Уый ныфс ӕвӕры, мӕлӕт ӕнустӕм кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн (Исай 25:8; 1 Иоанны 2:25).
Мӕнг ныхас. Ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр расӕтӕ цӕрдзысты ӕнустӕм.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Хуыцау никӕй хъулон кӕны. Фӕлӕ «алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдон цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды ӕгъдӕуттыл хӕст ма уой, уӕддӕр сӕ бон у ӕнустӕм цӕрын.
Мӕнг ныхас. Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд стыхсдзыстӕм.
Хабар ӕцӕгӕй куыд у. Ӕнустӕм цӕрыны ныфс нын Хуыцау дӕтты, уый нӕ уарзы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм (Иаковы 1:17; 1 Иоанны 4:8). Уый зоны, цӕмӕй амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ кӕй хъӕуы, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕна, ахӕм куыст (Екклесиаст 3:12). Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонӕн кӕй уыдзӕн, сӕ зӕрдӕмӕ чи цӕудзӕн, ахӕм куыст. Уыцы куыст пайда хӕсдзӕн сӕхицӕн дӕр ӕмӕ кӕй уарзынц, уыдонӕн дӕр (Исай 65:22, 23).
Уымӕй уӕлдай ма, ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдон бирӕ ног цыдӕртӕ базондзысты се Сфӕлдисӕджы тыххӕй ӕмӕ йе сконд хъуыддӕгты тыххӕй. Уый адӕмы афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй базонын. Фӕлӕ адӕм «кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:10, 11). Уӕдӕ ӕнустӕм чи цӕрдзӕн, уыдонӕн алкӕддӕр сӕ бон уыдзӕн ног цыдӕртӕ базонын ӕмӕ аразын.
a Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи лӕвар ахуыр кӕнынц. Уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис видеороликӕй «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?».
b Кӕс статья «Чырысти Ирвӕзынгӕнӕг цы хуызы у?».