«Царды чиныджы» кӕй нӕмттӕ сты фыст?
Дзуапп Библийӕ
«Царды чиныг» ма Библийы хуыйны «царды тыхтон» ӕмӕ «зӕрдылдарӕн чиныг» дӕр, ӕмӕ дзы фыст сты, ӕнусон цардӕй чи схайджын уыдзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ (Раргомад 3:5; 20:12; Малахи 3:16). Хуыцау уыцы чиныджы ныффыссы, иузӕрдион ыл чи у ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдоны нӕмттӕ (Иоанны 3:16; 1 Иоанны 5:3).
Хуыцауӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕты нӕмттӕ дӕр «дунейы [ома адӕмы] фӕзындӕй фӕстӕмӕ» йӕ хъуыдыйы сты, раст цыма сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст ӕрцыдысты, уыйау (Раргомад 17:8). Царды чиныджы фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд иузӕрдион адӕймаг Авелы ном (Дзуттӕгтӕм 11:4). Фӕлӕ уыцы чиныг ӕнӕуи нӕмтты хыгъд нӕу. Уыцы чиныг ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау у ӕмӕ «зоны йӕхиуӕтты», ома йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты (2 Тимофеймӕ 2:19; 1 Иоанны 4:8).
Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ уыцы нӕмттӕ «царды чиныгӕй» хӕлд ӕрцӕуой?
О, уый гӕнӕн ис. Хуыцау, рагон Израилы адӕмӕй ӕгоммӕгӕс чи уыд, уыдоны тыххӕй загъта: «Ӕз мӕ чиныгӕй сыхалдзынӕн, мӕ разы тӕригъӕд чи ракодта, уый ном» (Рацыд 32:33). Фӕлӕ Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нӕ нӕмттӕ «царды тыхтонӕй» хӕлд не ’рцӕудзысты (Раргомад 20:12).